Махъоты Алихан: различия между версиями
Нет описания правки |
ч Bot: Migrating 1 interwiki links, now provided by Wikidata on d:Q4275953 |
||
Рæнхъ 51: | Рæнхъ 51: | ||
[[Категори:Ирæттæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты]] |
[[Категори:Ирæттæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты]] |
||
[[Категори:Цыколайы чи райгуырдис, уыдон]] |
[[Категори:Цыколайы чи райгуырдис, уыдон]] |
||
[[ru:Макоев, Алихан Амурханович]] |
Фæлтæр 19:40, 16 апрелы 2013
Махъоты Амурханы фырт Алихан (уырыс. Макоев Алихан Амурханович) (райгуырдис 1922-æм азы 17 июлы – амардис 1981-æм азы 27 мартъийы) — Советон Цæдисы хъæбатыр . 295-æм æхсæг дивизийы 1042-æм ( раздæр 885-æм ) Сырхтырысаджын æхсæг полчы батальоны командир. Дæлбулкъон.
Биографи
Махъоты Алихан райгуырдис 1922-æм азы 17 июлы Цыколайы Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы . 1941-æм азы январы ацыдис Сырх Æфсадмæ. Каст фæцис Дзæуджыхъæуы дыккаг фистæгæфсæддон училище . Сси кæстæр лейтенант, уырдыгæй 1942-æм азы январы ацыд фронтмæ куыд пулемётон взводы командир. 1942-æм азы майы - лейтенант, пулемётон ротæйы командиры хæдивæг . 1942-æм азы августы - ротæйы командир. 1942-æм азы декабры - хистæр лейтенант. 1943-æм азы июны - батальоны штабы хистæр. 1943-æм азы ноябры - батальоны командир. 1944-æм азы июны - капитан. 1944-æм азы декабры - майор. Стыр Уæлахизы бон æрыййæфта Берлины.
Махъоты хæсты авд хатты цæф фæцис.
1946-æм азы 15 майы ССР Цæдисы сæйраг Советы Президиумы указмæ гæсгæ тохы быдыры командæгæнджыты хæстон бардзырдтæ цæсгомджынæй æххæст кæнын æмæ немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ стыр арæхст æмæ хъайтардзинад равдисыны тыххæй Махъоты Амурханы фырт Алиханæн лæвæрд æрцыдис Советон Цæдисы Хъæбатыры ном.
Æфсадæй рацыд 1956-æм азы дæлбулкъоны цины. Цардис Октябрыхъæуы Цæгат Ирыстоны Горæтгæроны районы. Амардис 1981-æм азы 27 мартъийы. Ныгæд æрцыдис Цыколайы мемориалон уæлмæрдты.
Хæрзиуджытæ
- Советон Цæдисы хъæбатыр
- Ленины дыууæ орденæй (1944),(1946)
- Фыдыбæстæйы хæсты фыццаг къæпхæны орден (1944)
- Сырх Тырысайы орден (1943)
- Александр Невскийы орден (1945)
- «Кавказ бахъахъхъæныны тыххæй» майдан
- «1941-1945 азты Германы фæуæлахизы тыххæй» майдан æмæ æндæр хорзæхтæй
Хъæбатыры ном мысгæйæ
Махъоты ном хæссы Цыколайы уынг.
Ирыстоны ис Махъоты номыл турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй.