Куыдзетæ: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
чНет описания правки
Dziglo (ныхас | бавæрд)
Рæнхъ 36: Рæнхъ 36:
Уæлдæр кæй ранымадтон, уыдонæй Шаликъо хæсты æмбисонды тох самадта йе ’мбал хæстонтимæ немыцы ныхмæ. [[Тексел]]ы [[сакъадах]]ы ([[Нидерландтæ|Нидерландты]]) уацары уæвгæйæ, йе ’мбæлттимæ ныццагътой немыцæгты лагерь хъахъхъæнджыты æмæ сæхи ссæрибар кодтой уацарæй (уый тыххæй 50-æм азты фыста газет «[[Советон Ирыстон]]»). Шаликъо фæстаг рæстæг цардис Цæгат Ирыстоны æмæ аст азы размæ ахицæн йæ цардæй [[Октябрыхъæу|Октябрыхъæуы]]. Ис ын дыууæ лæппуйы æмæ дыууæ чызджы, цæрынц хицæн бинонтæй.
Уæлдæр кæй ранымадтон, уыдонæй Шаликъо хæсты æмбисонды тох самадта йе ’мбал хæстонтимæ немыцы ныхмæ. [[Тексел]]ы [[сакъадах]]ы ([[Нидерландтæ|Нидерландты]]) уацары уæвгæйæ, йе ’мбæлттимæ ныццагътой немыцæгты лагерь хъахъхъæнджыты æмæ сæхи ссæрибар кодтой уацарæй (уый тыххæй 50-æм азты фыста газет «[[Советон Ирыстон]]»). Шаликъо фæстаг рæстæг цардис Цæгат Ирыстоны æмæ аст азы размæ ахицæн йæ цардæй [[Октябрыхъæу|Октябрыхъæуы]]. Ис ын дыууæ лæппуйы æмæ дыууæ чызджы, цæрынц хицæн бинонтæй.


== Куыдзеты иртаст ==
== Куыдзеты иртæст ==
Хъыгагæн, Куыдзетæ тынг ныххæлиутæ сты алы рæтты æмæ бæлвырд зонæнтæ æрæмбырд кæнын зын у. Куыдзетæ ныртæккæ иууылдæр (Хуссар Ирæй дарддæр) цæрынц Цæгат Иры æмæ сæ мыггаг дæр фыссынц Куыдзиатæй.
Хъыгагæн, Куыдзетæ тынг ныххæлиутæ сты алы рæтты æмæ бæлвырд зонæнтæ æрæмбырд кæнын зын у. Куыдзетæ ныртæккæ иууылдæр (Хуссар Ирæй дарддæр) цæрынц Цæгат Иры æмæ сæ мыггаг дæр фыссынц Куыдзиатæй.



Фæлтæр 12:23, 11 мартъийы 2013

Куыдзетæн се ’рвадæлтæ сты Бибылтæ, Гуыдиатæ æмæ Хозитæ

Куыдзетæ кæнæ Къудзитæ (уырыс. Кудзиевы) сты ирон мыггаг Хуссар Ирыстонæй. Куыдзетæ Бибылтимæ, Гуыдиатимæ æмæ Хозитимæ кæнынц æрвадиуæг. Нырма абоны онг кæрæдзийæ чызг нæма ракуырдтой, хо æмæ æфсымæрдзинад афтæ тынг хъахъхъæнынц.

Куыдзетæм нæ уыдис инæлæрттæ, стыр ахуыргæндтæ. Ис сæм ахуыргæнджытæ, хъæууон хæдзарады специалисттæ, дохтыртæ. Куыдзеты Дзалийы фырт Баграт уыдис тæхæг.

Хъупта, Куыдзеты хъæу

Хъупта уыдис Куыдзеты хъæу. Уыцы бынат ис Цхинвалы районы. Цæмæй Цхинвалæй Хъуптамæ бацæуай, уый тыххæй фæндаг цæуы ахæм хъæутыл: Еред, Уанат, Белот, Зонкъар, Ацъырсхеу, Цъипор, Самбиат æмæ дарддæр бахæццæ уыдзынæ Хъуптамæ. Цхинвалæй Хъуптамæ фæндаг никуы ничи сбарста. Æмæ йын сбарæн дæр куыд ис, кæд æмæ Зонкъарæй мидæмæ къахвæндаджы йеддæмæ хуыздæр фæндаг нæй. Цыдысты дзы къахæй æмæ бæхтыл.

Архивты ницы зыны, Куыдзетæ Хъуптамæ кæцæй æрцыдысты, уыцы хабарыл. Куыдзетæ фыдæй фыртмæ куыд хъуыстой, афтæмæй ралыгъдысты Куырттаты комæй, Дзуарыхъæуы Куыдзиатæй. Æмæ уæдæ кæцæй фестадысты Куыдзетæй, кæд æмæ уыцы хъæуы ахæм мыггаг нæ уыд? Куыдзетæ равзæрдысты Куыдзиатæй, уымæн ис бæлвырд дæнцæгтæ. Цæгатæй Хуссармæ чи фæлыгъди, уыдонæй бирæ чидæртæ фендæрхуызон кодтой сæ мыггæгтæ, зæгъæм МамиатæМамитæ, ДудиатæДудайтæ, Куыдзиатæ — Куыдзетæ.

Куыд зонæм, афтæмæй Цæгатæй Хуссармæ хæхты сæрты ис дыууæ фæндаджы: Арвыкомы æмæ Ручъы æфцæгыл. Ацы дард фæндæгтæй искæуыл куы рацыдаиккой, уæд хæхты цъасмæ афтæ мидæгау нæ бацыдаиккой — Хъуптамæ, быдырмæ ’ввахс искуы ссардтаиккой цæрæн бынат. Уымæ гæсгæ дызæрдыггаг нæу, Куыдзиатæ бæстæагурæг кæй рахызтысты Куырттаты комæй, Кавказы хæхты сæрты комкоммæ Хъуптамæ къахæй æмæ бæхтыл. Куырттаты комы Фыййагдон æмæ Хъупта сты кæрæдзийы комкоммæ хæхты дыууæ фарс, Цæгат æмæ Хуссары ’рдыгæй.

Хъупта у сыгъдæг хæхбæстæ, нæй дзы фæзтæ. Цæрджытæн сæ сæйраг куыст уыдис фосы куыст. Алы хæдзары дæр уыдис бирæ фос, хъом, алкæмæ дæр 8-10 хъуджы, кусæг фос. Зæххы куыст кодтой тынг чысыл. Уалдзæг-иу дыгай хæдзæрттæй сæ галтæ иумæ баифтыгътой æмæ дзывыр-гутонæй хуым кодтой. Сæ хуымтæ уыдысты иууылдæр къул рæтты. Хъацæнтæ баласæн сæм нæ уыдис, æмæ азæй-азмæ мæгуыр кодта хуымзæхх. Таугæ та кодтой æрмæст хъæбæрхор æмæ картоф. Халсартæ сæм нæ зади. Хизæнуæттæ æмæ уыгæрдæнтæ сын уыдис тынг бирæ. Хойрагæй сын цы нæ фаг кодта, уый æлхæдтой урсагæй, цыхт æмæ царвæй. Сабаты, сихормæ ’ввахс, дæ бæхыл бавæр уаргъ, урсæгтæ æмæ араст у Цхинвалы базармæ. Ныххæццæ уыдзынæ хуыцаубоны базары афонмæ. Ауæй кæн дæ уæййæгтæ, балхæн, цы дæ хъæуы, уыдон, уыимæ, æнæмæнг, бæхыуаргъ хойраг (къада куырæйттæ сæхимæ уыдис) æмæ та фæстæмæ дæ фæд-фæд къуырисæры райсомæй уæхимæ уыдзынæ. Фос дæр афтæ кодтой уæймæ. Нæ сæм уыдис дыргъдæттæ дæр, фæлæ хуссарвæрсты хъæд уыдис æмыдзаг алыхуызон хъæддаг дыргътæй.

Куыдзетæн сæ дарддæры хъысмæт фæлидзынмæ æрцыдис Хъуптайæ, цæрыны уавæртæ дзы тынг уæззау кæй уыдысты, уымæ гæсгæ. Абон дæр Цхинвалы æмæ Ленингоры районты ис æрмæст Куыдзетæй хъæутæ. Уыдонæй сæ иу — Горет. Уым ма иу-фынддæс азы размæ цардис 70 хæдзары. Хъуптайæ уал ралыгъдысты Накалакмæ, Хынцæгты хъæуы фарсмæ, уырдыгæй та фæстæдæр ныры Горетмæ. Хъуптайæ кæд ралыгъдысты, уый бæлвырдæй ничи зоны. Горетæй хуссарырдæм иу хох æддæдæр уыдис иу хъæу, хуындис Члиана, уым дæр цардысты Куыдзетæ, æрмæст сæрмагондæй Куыдзеты хъæу нæ уыдис, цардис ма дзы æндæр мыггæгтæ дæр. Уыцы хъæуы Куыдзетæй цардис æвддæс хæдзары. Абон ма дзы цæры æрмæстдæр Димо.

Гореты хъæуæй бирæ азты дæргъы алы рæттæм фæлыгъдысты цæрджытæ. Цхинвалы æмæ Ленингоры районы хъæуты дзы фембæлæн уыд дыгай-фæндзгай хæдзæрттыл, афтæ — Гуырдзыстоны хъæуты æмæ горæтты дæр.

Ленингоры районы — Цхилон. Уым цæры æртындæс хæдзары. Хъуптайæн скæсæны ’рдыгæй, иу хох æддæдæр, æндæр комы, хуыдтой йæ Цхлебыком, уым дæр цардысты Куыдзетæй дыууæ хæдзары, æфсымæртæ Хуыти æмæ Уано. 1930-æм азты уыдон дæр ралыгъдысты æмæ æрцардысты Цхинвалы районы Громы хъæуы, колхозмæ бацыдысты.

Цхлебы коммæ уæлейæ хæхты цъуппытæй цыдис бирæ суадоны дæттæ æмæ комы æмбырд кодтой. Уыцы суадæттæ уыдысты дыууадæс.

Гореты Куыдзетæм уыдис, бирæ чи фæцард, ахæм адæймæгтæ. Уыдонæй иу — Закара, цыдис ыл 120 азы (рухсаг уæд). Уый дæр бæлвырдæй ницы зыдта, кæд æрцардысты Гореты, уымæн.

Хъуптайы Куыдзетæ фæцардысты 1930-æм азтæм. Ныр ма цæрынц, уым чи райгуырд, ахæм адæймæгтæ. Уæд ма дзы цардис дæс хæдзары. Уыцы азты Хуссар Ирыстоны дæр цыдысты колхозты арæзтæдтæ æмæ чи куыд арæхсти, афтæ быдыры колхозтæм тырныдта.

1935 азы Агор, быдыры колхозмæ лидздзæни, уый зонгæйæ рагацау йæхицæн сарæзта уæрдон. Уый йе ’фсымæртæ Естъа, Росе æмæ Гиуæримæ уыдысты зæрингуырдтæ. Хъæдæрмæгæй цынæ дзаума æмæ хæдзары мигæнæнтæ арæзтой, ахæм нæ уыд, уыдонимæ нывæфтыд тъахтинтæ. Сæ къухахастыл-иу сын адæм дис кодтой. Афтæмæй Агор йæ дзаумæттæ баппæрста æмæ ахæцыд Дидахойы колхозмæ. Уыцы колхозмæ йемæ афæндараст сты Къани, Исмел, Сандро æмæ Къола. Мæ фыд Ерди та — 1936 азы — Кæрчиты колхозмæ. Ацы дыууæ колхозы уыдысты Цхинвалы районы Арцеуы хъæусоветы. Æфсымæртæ Естъа æмæ Гиуæр та Ленингоры районы Хслебы колхозмæ бацыдысты, Росе ацыдис 1929 азы комкоммæ Цæгат Ирмæ, æмæ йæ цот абон цæрынц Змейкæйы. Къолайы æфсымæр Уасо та ацыд Гурмæ.

1950 азты, куыд æндæр рæтты, афтæ Хуссар Иры дæр æвадат рæтты цæрджыты лидзын кодтой мæхъхъæлы зæххытæм цæрынмæ. Æмæ уæд Куыдзетæй уырдæм алыгъдысты Къола æмæ Сандройы цот. Уым сæ хъуыддæгтæ нæ фæрæстмæ сты паддзахады аххосæй, æмæ та сæ лидзын бахъуыд æндæр рæттæм. Ныртæккæ Къолайы цот цæрынц Зилгæйы хъæуы. Сандройы цот та — Елхоты æмæ Беслæны.

Хъупта ныр у æдзæрæг. Советон дуг ма куы уыдис, уæд дзы Хуссар Ирыстоны колхозтæ сæ фермæты хъомвос хызтой сæрдыгон, ныр ничиуал.

Фыдыбæстæйы Стыр хæст

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Куыдзетæ дæр архайдтой. Тохы быдырæй Хъуптайы фæстаг цæрджытæй Естъайы фырттæй дыууæйæ Миша æмæ Лекси нал сыздæхтысты, афтæ Сандройы фырттæ Гыдзыл, Виктор æмæ Къолайы фырт Дата дæр.

Уæлдæр кæй ранымадтон, уыдонæй Шаликъо хæсты æмбисонды тох самадта йе ’мбал хæстонтимæ немыцы ныхмæ. Текселы сакъадахы (Нидерландты) уацары уæвгæйæ, йе ’мбæлттимæ ныццагътой немыцæгты лагерь хъахъхъæнджыты æмæ сæхи ссæрибар кодтой уацарæй (уый тыххæй 50-æм азты фыста газет «Советон Ирыстон»). Шаликъо фæстаг рæстæг цардис Цæгат Ирыстоны æмæ аст азы размæ ахицæн йæ цардæй Октябрыхъæуы. Ис ын дыууæ лæппуйы æмæ дыууæ чызджы, цæрынц хицæн бинонтæй.

Куыдзеты иртæст

Хъыгагæн, Куыдзетæ тынг ныххæлиутæ сты алы рæтты æмæ бæлвырд зонæнтæ æрæмбырд кæнын зын у. Куыдзетæ ныртæккæ иууылдæр (Хуссар Ирæй дарддæр) цæрынц Цæгат Иры æмæ сæ мыггаг дæр фыссынц Куыдзиатæй.

Куыдзеты мыггаджы равзæрдыл бирæ иртасæн куыст фæкодта Куыдзеты Арчил.

Æддаг æрмæг