Стамбул: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
Xqbot (ныхас | бавæрд)
ч r2.7.3) (бот изменил: fr:Istanbul на fr:İstanbul
Gerakibot (ныхас | бавæрд)
ч r2.6.6) (бот изменил: fr:İstanbul на fr:Istanbul
Рæнхъ 261: Рæнхъ 261:
[[fiu-vro:Istanbul]]
[[fiu-vro:Istanbul]]
[[fo:Istanbul]]
[[fo:Istanbul]]
[[fr:İstanbul]]
[[fr:Istanbul]]
[[frp:Istanbul]]
[[frp:Istanbul]]
[[fy:Istanbûl]]
[[fy:Istanbûl]]

Фæлтæр 12:40, 22 февралы 2013

Сахар
Стамбул
тур. İstanbul
гр. Κωνσταντινούπολη
41°00′36″ с. ш. 28°57′37″ в. д.HGЯO
Паддзахад Турк Турк
Ил Стамбул
Район Стамбул
Мэр Кадир Топбаш
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1453-æм азы 29 майы
Фæзуат 2 106 км²
Сахатон таг UTC+2:00, сæрды UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 13 120 596 адæймаджы (2010)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код 212, 216
Посты индекс 34000–34990

ibb.gov.tr
Стамбул (Турк)
Стамбул (Мармæр денджызы регион)
Стамбул (Стамбул)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Стамбул (тур. İstanbul; зындгонд у куыд Константинополь дæр) у Турчы тæккæ дынджырдæр сахар, Византи æмæ Османты империйы кæддæры сæйраг сахар. Цæрынц дзы 16 милуан адæймаджы бæрц, уымæй у Европæйы стырдæр сахартæй иу. Стамбул лæууы Босфоры былтыл æмæ у дунейы ахсджиагдæр порттæй иу.

Турчы кæддæры сæйраг сахар, 1923-æм азæй фæстæмæ сси хуымæтæджы сахар (ныр бæстæйы сæйраг сахар у Анкара). Ныры ном (İstanbul) йын официалон æгъдауæй радтой 1930-æм азы.

Стамбулы историон районтæ æмæ сыхтæ

Европæ:

Ази:

Зонад æмæ ахуырад

Стамбул у Турчы зонадон центр. Сахары мидаг ис цалдæр паддзахадон университеты, уыдоны ’хсæн сты: Стамбулы университет, Стамбулы техникон университет, Мармара æмæ Богазичийы университет. Стæй ма Стамбулы ис Стамбулы экономикæйы академи, Уæлдæр техникон скъола, Аивады академи, Стамбулы консерватори æмæ æндæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæ.

Сахары архайынц цалдæр наукон æхсæнады: Турчы медицинон æхсæнад, Турчы биологон æхсæнад, Турчы химион æхсæнад. Сахары стырдæр библиотекæтæ сты Стамбулы университеты библиотекæ æмæ Стамбулы техникон университеты библиотекæ, Сулейманиейы библиотекæ, Баязиды библиотекæ.

Культурæ

Музейтæ

Сахары сæйрагдæр музейтæ: Æрвхуыз мæзджыт, Сулейманиейы мæзджыт, Сыгъдæг Софияйы Аргъуаны Музей, Стамбулы археологон музей, Нывкæнынад æмæ скульптурæйы музей, Топкапыйы галуаны музей, Мозаикæйы музей, Туркаг æмæ пысылмон культурæйы музей æмæ æндæртæ.

Экономикæ

Стамбул у Турчы экономикон центр æмæ сæйраг индустрион сахар. Паддзахады стырдæр банктæ, фæсарæйнаг æхсæнæдтæ æмæ агенстæдтæ сты Стамбулы.

Цæрджытæ

Стамбул у Европæйы дыккаг стырдæр сахар (Мæскуыйы фæстæ). Сахары цæрынц 13 млн. адæймаджы.

Цæрджыты нымæцы динамикæ
Аз Цæрджытæ Аз Цæрджытæ
330 40 000 1914 909 978
400 200 000 1927 680 857
530 550 000 1935 741 148
545 350 000 1940 793 949
715 300 000 1945 860 558
950 400 000 1950 983 041
1200 250 000 1955 1 268 771
1453 36 000 1960 1 466 535
1477 70 000 1965 1 742 978
1566 600 000 1970 2 132 407
1690 750 000-800 000 1975 2 547 364
1817 500 000 1980 2 772 708
1860 715 000 1985 5 475 982
1885 873 570 1990 6 629 431
1890 874 000 2000 8 803 468
1897 1 059 000 2007 11 372 613
1901 942 900 2010 13 120 596

Транспорт

Стамбул у Турчы стырдæр транспортон æлхынцъ. Ис дзы дыууæ æхсæнадæмон аэропорты — Ататюрчы аэропорт (IST) (Atatürk International Airport) æмæ Сабиха Гёкчены номыл аэропорт (SAW) (Sabiha Gökçen International Airport).

Стамбулы кусы метрополитен.

Метрополитены станцæ


Хуызæг:Дунейы дыууæ хайы чи сты, ахæм сахартæ

Хуызæг:Link FA Хуызæг:Link FA ak:Istanbul