Хæбуз: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
MerlIwBot (ныхас | бавæрд)
ч Робот бавæрдта: ky:Чечек
JackieBot (ныхас | бавæрд)
ч r2.7.2) (Робот бавæрдта: yi:פאקן
Рæнхъ 90: Рæнхъ 90:
[[vi:Đậu mùa]]
[[vi:Đậu mùa]]
[[war:Pandok]]
[[war:Pandok]]
[[yi:פאקן]]
[[zh:天花]]
[[zh:天花]]
[[zh-min-nan:Thian-hoa]]
[[zh-min-nan:Thian-hoa]]

Фæлтæр 04:10, 5 февралы 2013

Хæбуз (лат. Variola, Variola vera) у, адæймагæн тынг тæссаг чи у, ахæй хæцгæ низ. Дунейы алы адæмæн дæр уыд стыр азары аххос, ирон адæм хæбузы хуыдтой дзуар дæр (уымæн хæстæг сты иуæй-иу æндæр адæмтæн хæбузы нæмттæ — зæгъæм, хуссар славяйнæгтæ хонынц æй богине, ома, усхуыцау).

Низ чи расайы, уыцы вирустæ вæййынц дыууæ хуызы: Variola major (уымæй чи фæрынчын, уыдонæй 20—90 % мæлынц) æмæ Variola minor (мæлынц 1—3 %). Хæбузæй чи рынчын уыди, уыцы адæймæгтæй бирæтæ куырм кæнынц, иууылдæрæн сæ цармыл баззæйынц ностæ.

Хæбузы ныхмæ æдасæй æфтауын фыццаг базыдта Эдуард Дженнер XVIII æнусы кæрон. Уый пайда кодта хъуджы хæбузы æрмæгæй. Уæдæй европæйаг бæстæты хæбузы ныхмæ æфтауын байдыдтой парахатæй, æмæ уыцы тæссаг низ баззад æрмæст Ази æмæ Африкæйы (уым XX æнусы дæргъы дæр хæбузæй амарди 300 милуан адæймаджы бæрц).

1980-æм азы официалонæй фехъусын чындæуыд, хæбуз кæй нал баззади дунейы, уый тыххæй.


Хуызæг:Link FA