Турк: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
ч r2.7.2+) (робот фæивта: cr:ᑐᕒᑭ
ч r2.6.4) (Робот бавæрдта: frp:Turquie, pms:Turchìa, su:Turki
Рæнхъ 294: Рæнхъ 294:
[[fo:Turkaland]]
[[fo:Turkaland]]
[[fr:Turquie]]
[[fr:Turquie]]
[[frp:Turquie]]
[[frr:Türkei]]
[[frr:Türkei]]
[[fy:Turkije]]
[[fy:Turkije]]
Рæнхъ 390: Рæнхъ 391:
[[pih:Turkii]]
[[pih:Turkii]]
[[pl:Turcja]]
[[pl:Turcja]]
[[pms:Turchìa]]
[[pnb:ترکی]]
[[pnb:ترکی]]
[[pnt:Τουρκία]]
[[pnt:Τουρκία]]
Рæнхъ 420: Рæнхъ 422:
[[ss:IThekhi]]
[[ss:IThekhi]]
[[stq:Turkäi]]
[[stq:Turkäi]]
[[su:Turki]]
[[sv:Turkiet]]
[[sv:Turkiet]]
[[sw:Uturuki]]
[[sw:Uturuki]]

Фæлтæр 19:26, 3 ноябры 2012

Турчы Республикæ
Türkiye Cumhuriyeti
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Девиз: «Yurtta Sulh, Cihanda Sulh
Сабырдзинад бæстæйы, сабырдзинад дунейы»)»
Гимн: «İstiklâl Marşı» (байхъус )
Фæзынд 1923-æм азы
Æвзаг туркаг
Сæйраг сахар Анкара
Стырдæр сахартæ Стамбул, Анкара, Измир, Бурсæ, Адана
Хицауиуæджы хуыз Республикæ
Президент
Премьер-министр
Абдулла Гюль
Реджеп Тайип Эрдоган
Фæзуат 783 562 км²
Доны процент 1,3
Цæрджытæ
• Бахыгъд (2010)
Æнгомад

77 804 122 ад.
{{{Æнгомад}}} ад./км²
ÆМП
• Æдæппæт (2009)
• Иу адæймагмæ
дунейы 17-æм
617,0 млрд. $
8 723 $
Валютæ Турчы лирæ
Интернет-домен .tr
Телефонон код +90
Сахатон таг +2; +3
Османты импери йæ тыхы (1680 онг)
Долмабахчейы дуæрттæ
Файл:MustafaKemalAtaturk.jpg
Мустафа Кемаль Ататюрк — Турчы республикæйы бындурæвæрæг æмæ фыццаг президент

Турк (тур. Türkiye) у Азийы паддзахад, Чысыл Азийы æрдæгсакъадахыл (хонынц ма йæ Анатоли кæнæ Анатолийы æрдæгсакъадах). Турк у НАТО-йы уæнг.

Нырыккон Турчы паддзахад, Турчы Республикæ (тур. Türkiye Cumhuriyeti [тюркие джумхуриети]), фæзындис 1923-æм азы райдайæны, Османты импери куы фехæлдис, уæд.

Турчы чысылдæр хай Европæйы у, æмæ уый тыххæй ацы паддзахад Европæйы Цæдисмæ кандидатон бæстæ у (2000-æм азæй). 1978-1979 азты Туркмæ рарвыстой хонæг ЕЦ-мæ Грекъимæ иумæ бацæуын, фæлæ уыцы бæстæйы уæды хицауад ууыл не сразы.

Туркимæ æмарæн сты: скæсæнырдыгæй — Гуырдзыстон, Сомих, Азербайджан æмæ Иран; хуссарырдыгæй — Ирак æмæ Сири; ныгуылæны — Грекъ æмæ Болгари. Турчы былгæрæттæ æхсынц цыппар денджызы дæттæ — Сау, Зæххастæуы, Эгейы æмæ Мрамæры денджызтæ.

Истори

Сæйраг уац: Турчы истори
Сæйраг уац: Анатолы истори
Сæйраг уац: Византийы истори
1935-æм азы æвзæрст парламенты депутатты ’хсæн уыдис 18 сылгоймаджы

Политикон арæзт

Турчы стыр националон æмбырд

Закъондæттæг хицауиуæг ис иупалатон парламентмæ — Турчы стыр националон æмбырдмæ, арæзт у 550 æвзæрст лæгæй, равзарынц сæ 4 азмæ (2007 онг 5 азмæ) æппæтиумæйаг комкоммæйы хъæлæслæвæрдæй, пропорционалон минæвардæттыны систæмæмæ гæсгæ. Партиты минималон къæсæр у 10 %. Æххæстгæнæг хицауиуæг ис хицауады къухы, йæ сæргъы премьер-министр, фæлæ президентмæ дæр хауынц иуæй-иу æххæстбартæ (уырыс. полномочия). Æххæстгæнæг æмæ закъондæттæг хицауадмæ конституцион цæстдард кæны Турчы Конституцион Тæрхондон, арæзт у 11 иугæндзон æмæ 4 ивгæ уæнгæй, нысангонд вæййынц президентæй æмæ ныллæгдæр тæрхондоны уагдоны къордтæй вазыгджын æмæ арæх суйтæгонд баныхæсты, хъæлæслæвæрдты æмæ уынаффæты фæстæ. Конституцион Тæрхондоны сæрдар (2007 азы октябырæй) у Хашим Килич.[3][4]

2007-æм азы 21 октябры Турчы уыдис референдум архайгæ конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл. Ивддзинæдтæ аивтой президенты равзæрсты æмæ æххæстбарты æмгъуыды фæтк, æмæ парламенты ма æххæстбарты æмгъуыд. 1982-æм азы конституцимæ гæсгæ паддзахады сæргълæууæджы — президенты æвзары парламент. Президент æвзæрст цыдис 7 азмæ æмæ йын ногæй равзарыны бар нæ уыдис. Ивддзинæдтæм гæсгæ паддзахады сæргълæууæг æвзæрст цæудзæнис æппæтадæмон хъæлæслæвæрдæй 5 азмæ, иу хатт ма уый фæстæ йын ис фадат æвзæрстыты архайын. Æвзæрстытæ парламентмæ цæудзысты иу хатт 4 азы.

Ныр хицауиуæг кæны исламистон Рæстзинад æмæ рæзты парти.

Географион бæрæггæнæнтæ

Сæйраг уац: Турчы географи
Босфоры хид Стамбулы, иу кæны Европæ (галиуырдыгæй) æмæ Ази (рахизырдыгæй)

Турк æвæрд у ныгуылæйнаг æрдæгтымбылæджы. Йæ фæзуат (миддонуæттимæ) ахсы 779 452 кв. км. Турчы территорийы иу хай — 97 % — ис Азийы, 3 % — та Европæйы. турчы географион хицæндзинад — рагæй дæр Европæ æмæ Ази, сауденджызон бæстæтæ зæххастæуонтимæ чи бæтты, уыцы ахсджиаг фæндæгты алвæндагыл равæрд. Туркыл цæуынц соса æмæ æфсæнвæндаджы магистралтæ, бæттынц Европæ Азийы бæстæтæй бирæимæ.

Турчы арæнты максималон айтыгъд ныгуылæнæй скæсæнмæ — 1600 км, цæгатæй хуссармæ 600 км. Æппæты бæрзонддæр цъупп — Арараты хох (тур. Ağrı, 5 165 м). Стырдæр цад у содæджын Ваны цад, йæ фæзуат у 3 574 км².

Бæстæ æртæрдыгæй æхсад цæуы денджызтæй, цæгаты — Сау денджызæй, ныгуылæны — Эгейы денджызæй, хуссары Зæххастæуы денджызæй, Турчы европæйаг æмæ азиаг хæйттæ кæрæдзийæ хицæнгонд сты доны систæмæйæ, уыцы систæмæ аразы денджызон ахизæн Сау денджызæй Эгейагмæ æмæ йæ хæйттæ сты Мрамæрон денджыз, донкъубæлттæ Босфор æмæ Дарданеллæтæ. Босфоры æмæ донбакæлæн Сызгъæрин сыкъайы хуссайраг хайы æрбынат кодта дунейы тæккæ рæссугъддæр сахартæй иу æмæ Турчы тæккæ стырдæр сахар — Стамбул (раздæры Константинополь).

Пайдайаг къахинæгтæ

Турчы территорийыл ис пайдайаг къахинæгты 100 хуызæй фылдæр. Бæстæйы ис згъæрдуры бирæ хуызтæ, хæххон-химион æмæ артаг-энергион хомæгты равзæрæнтæ. Фыццаджы дæр хъæуы ской кæнын хромы, вольфрамы, æрхуыйы æрзæтты, боратты, мрамæры, æвзалыйы тыххæй. Туркмæ хауынц дунейы æвæрды 25 % джынасуйы.

Бæстыхъæд

Сæйраг уац: Турчы бæстыхъæд

Турк фылдæр хæххон бæстæ у. Уымæ гæсгæ йæ бæстыхъæд хæссы æхсæнæй хæххон уавæр æмæ Континенталон бæстыхъæды æууæлтæ. Сæрд Турчы кæмдæриддæр вæййы тæвд æмæ хус. Зымæг митджын æмæ уазал. Эгейы æмæ Зæххастæуы денджызты Зæххастæуон бæстыхъæд фæлмæндæр зымæгимæ, æнæцудгæ митæй æмбæрзт нæ вæййы. Эгейы денджызы климæт у ромыл-денджызон, характерон хъарм сæрдимæ æмæ уазал зымæгимæ. Температурæ зымæджы (январы) вæййы +5 °C æввахс, сæрды (июлы) +22 °C æввахс. Дæлдзырæттæ (уырыс. осадки) æруарынц азмæ 1000-2500 мм.

Экономикæ

Сæйраг уац: Турчы экономикæ

Уæлидзинæдтæ: 1990-æм æзты цырд рæзт экономикæйы либерализацийы фæстæ. Хъæууон хæдзарад зæгъæн ис æмæ æххæстæй бæстæ хойрагæй ифтонг кæны. Конкурентоспособон сты текстилон, фæлгосæн (уырыс. перерабатывающая) æмæ арæзтадон хайæдтæ. Хорз ахъаз дæтты туризм. Дзæбæх райтынг кæны приватон экономикæ. Ис таможнæйы цæдис ЕЦ-имæ.

Лæмæгъ бынæттæ: уæллоз инфляци (2004 азы 54,4 %). Тæссонд æхсæнадон финансон сектор. Паддзахадон бæрократи. Æнæмсæр приватизаци. Лæмæгъ банчыты сектор. Ахадгæ организацигонд æвзæрдзинад. Зынаргъ хæстон операцитæ курдаг сепаратистты ныхмæ.

Левент — финансон район Стамбулы

Турчы экономикæ 1980-ты реформæгонд æрцыдис æмæ ныры рæстæджы æвдыст цæуы приватон секторы дзæвгар архайдæй æмæ базарадон ахæстыты уæлиуæгдзинадæй. Т. Эродганы хицауад дарддæр кæны экономикæйы либерализаци, приватизацигонд цæуынц паддзахадон концернтæ æмæ мидбазарад гомгонд цæуы фæсарæйнаг инвестортæн.

Индустрийы хай бæстæйы экономикæйы у 28 % æввахс, хæууон хæдзарады — 15 %, арæзтады — 6 %, лæггæдты — 51 %. Индустриалон кондады иумæйаг бæрцуаты иуылстырдæр бынат ахсы фæлгосæн индустри (84 %, арæзтадимæ). Тынг кæнынц текстилон, цæрмгæнæн, хойрагон, химикон, фармацæвтикон хайæдтæ, энергетикæ, метталурги, науаразæн, хæдтулæгаразæн æмæ электроцардон гæрзджыты товарты арæзтад. Ныры рæстæджы Скæсæйнаг Азийы бæстæты рдыгæй стыр конкуренцийы тыххæй Турчы текстилон хайад зын рæстæг æвзары. Тынг парахатгонд цæуы туризм.

Цæрджытæ

Сæйраг уац: Турчы цæрджытæ

Бæстæйы цæрджыты фылдæр хай сты туркæгтæ. Хъæуы ацы фарстайы фæбæрæг кæнын, Турчы Республикæйы сæвзæрды размæ, 1923-æм азы размæ хином уыдис османтæ. Мустафа Кемаль разæрæвæрдта ном «турк», республикæйы ном та «Туркаг» уымæн æмæ уыцы ном тюркагæвзагон адæмыхæттыты æнгомдзинадæн фæпайда уыдаид. Турчы Республикæйы равзæрды рæстæджы йæ адæмы нымæц бæрæггонд уыдис куыд 12532 мин адæймаджы. Æппæтæй бæстæйы арæзт уыдис адæмы 12 сфысты. 1927-æм азæй Турчы цæрджыты нымæц фæфылдæр ис 4,4 хатты, уыимæ афтиддæр 1950-æм азæй 1985-æм азмæ — 2,5 хатты. Цæрджыты тагъд рæзт (2005-æм азы фæуæлдæр сты 70 милуанæй) у бæстæйы ахсджиаг проблемæ.

Цæрджыты райуæрст Турчы территорийыл у тынг æнæмбæрц. Бæстæйы тæккæ адæмарæхдæр регионтæ сты Мрамæрон æмæ Сау денджызты былгæрæттæ, æмæ, Эгейы денджызмæ цы районтæ æввахс сты, уыдон дæр. Тæккæ фылдæрнымæцджын сахар цæрджытæм гæсгæ у Стамбул, тæккæ æдзæрæгдæр район — Хаккяри.

Зилахаргæнæг дервиштæ

Бæстæйы никуы цыдис адæмы сфыст национ скондмæ гæсгæ, уый йеддæмæ ма фылдæр цæрджытæ, сæ равзæрдмæ нæкæсгæйæ, фыццаджыдæр нымайынц сæхи туркæгтыл, уый фæстæ та æрхъуыды кæнынц сæ равзæрд. Афтæ курдæгты фылдæр хай сæхи схонынц «догулу» — адæймаг бæстæйы скæсæнæй, фæлæ сæ мадæлон æвзаг та схонынц курдаг. Этносты нымæц, æввахсæй дæр тынг зын нымайын у. Бæрæггæнæнтæ сты тынг алыхуызон, фæлæ, æвæццæгæн, ис зæгъæн æмæ курдæгтæ бæстæйы сты 20 милуаны бæрц æмæ цæрынц йæ территорийы алы рæтты, æрмæст скæсæны, куыд раздæр, афтæ нæ.

Стыр у Турчы Цæгат Кавказæй рацæуджыты нымæц, хонынц сæ иумæйаг номæй «черкестæ». Сæ æрдæгæй фылдæр сты адыгæгтæ, ноджы ма ис ирæттæ абхазæгтæ, цæцæйнæгтæ, хъæрæсейæгтæ, абазæгтæ. Сæ иумæйаг нымæц алыхуызон бæрæггæнæнтæм гæсгæ æнкъуысы 3-4 милуан адæймаджы астæу.

Бæстæйы хуссар-ныгуылæны æнгомцард кæнынц 500 мин араббæгтæ. Егъау сахарты, уæлдайдæр Стамбулы, цæры бирæ сомихæгтæ (40 мины) æмæ ассириæгтæ. Лазтæ æмæ хемшилтæ (пысылмон дин райсæг сомихæгтæ) 0,5 милуаны, цæрынц сæйрагдæр Сау денджызы скæсæйнаг донбылтыл, ныры рæстæгмæ систы туркæгты этнографион дæлкъордтæ. Семæ ма ахæм дæлкъордтæ сты цæугæ цардгæнæг йорюктæ æмæ тахтаджтæ. Турчы дзуттæгтæ, кæдон бæстæйы адæмæй сты 0,1 % бæрц, сæхи нымайынц иудаизмыл хæст туркæгтыл. бердзенæгтæ, албайнæгтæ, гуырдзиæгтæ, азербайджайнæгтæ æмæ бирæ æндæр адæмыхæттыты минæвæрттæ цæрынц æнæхъæн бæстæйы, сæйрагдæр та егъау сахарты Стамбулы, Измиры, Анкарайы.

Уый йеддæмæ ма бирæ туркаг адæм ралыгъдысты Туркмæ Болгарийæ, кæддæры Югославийæ, Румынийæ æмæ раздæры Советон Цæдисæй, æмæ æрцардысты сæйрагдæр Антальяйы æмæ Измиры курортон тæгты, къаннæгдæр хай та — Бурсæйы æмæ Стамбулы.

Динмæ гæсгæ туркæгтæ сты пысылмæттæ (фылдæр хай сунниттæ, гыццылдæр шииттæ, Турчы сæ хонынц «алевиттæ»).

Паддзахадон æвзаг — туркаг.

Турчы ирæттæ

Сæйраг уац: Турчы ирæттæ

Турчы Республикæйы цæрынц цалдæр мин ироны.

Дин

Сæйраг уац: Дин Турчы
Айя-София, рухсгонд талынджы

Турчы дин закъонмæ гæсгæ хицæнгонд у паддзахадæй æмæ уырныны сæрибардзинад æвджидгонд у бæстæйы алы цæрæгæн дæр. Паддзахады цæрджыты фылдæр хай пысылмон диныл хæст сты. Кусынц бирæнымæцон мæзджыттæ — 70000. Уый йеддæмæ регистрацигонд æрцыдысты 321 алыхуызон здæхтыты чырыстон æхсæнады, 36 иудейаг синагогæйы.[5]

Православон динмæ дæр, иннæ динты хуызæн, ис æмсæрон статус. Турчы æрбынат кодта динон æмæ административон центр фыццаджы намысмæ гæсгæ бынæттон православон еклезиКонстантинополы партиархады, йæ хистæры — Константинополы патриархы резиденци ис Стамбулы. Патриархады дæлбар сты Турчы православон приходтæй бирæтæ, æмæ кæцыдæртæ æмарæн бæстæты.

Культурæ

Сæйраг уац: Турчы культурæ

Æддаг политикæ

Турк æмæ Евроцæдис

Ныры рæстæджы Турк кæны баныхæстæ Европæйы Цæдисмæ, цæмæй ацы политикон-экономикон сырæзтмæ бахиза.

1963-æм азы Турк бафыста ЕЦ-йы развæдгæнæг Европæйы экономикон æмбæладимæ бадзырд, кæцымæ гæсгæ Туркæн ныхас лæвæрд цыдис ацы цæдисмæ бацæуыны тыххæй.

19781979 Турчы æрбахуыдтой бацæуын ЕЭЦ-мæ Грекъимæ, фæлæ не сразы.

1980-æм азы хæстон фæфæлдæхты фæстæ Европæ йæ æмахæстытæ Анкараимæ фæцыбырдæр кодта, баныхæстæ ногæй райдыдтой афтиддæр 1983-æм азы фæстæ. 1987-æм азы Европæ не сразы Турчы нымайын ЕЦ-мæ кандидатæй, ахæм бар фæстæмæ райста афтиддæр 2000-æм азы, домæнтимæ, цæмæй адæймаджы барты хъахъхæды закъондæттынад реформæгонд æрцæуа.

2002-æм азы августы реформæты программæ сфидар кодта Турчы парламент æмæ 2004-æм азы Еврококъамис рекомендаци ратта цæмæй Турчы бахызты фæдыл ЕЦ-мæ райдайой бадзырдтæ.

Турк æмæ Европæйы æмахæстытæ зынвадат кæны Турчы æнæфæндон банымайын Кипры Республикæ, уый 2004-æм азы майы бахызтис ЕЦ-мæ. 1974-æм азы Турк сакъадахы цæгатаг хай бацахста, уæдæй Турчы хицауад нæ нымайы хуссайраг — грекъаг хайы хицауады.

Турк райдыта бадзырдтæ ЕЦ-мæ бацæуынæн 2005 азы

Иннæ 'рдыгæй Турк ЕЦ-йы мидбазарад фæуæрæхдæр кæндзæнис, æмæ ратдзæнис квалификацигонд кусæн тыхтæ европæйаг компанитæн, кæдон тыхсынц цæрджыты тагъд зæрондæй. 2014-æм азмæ иртæстытæм гæсгæ Турчы цыппæрæм хай уыдзæнис 14 азæй кæстæр.

Парад Стамбулы

Турк æмæ Уæрæсе

Уырыссаг-туркаг æмахæстытæ фидаргонд æрцыдысты 1701-æм азы, уæд Константинополы байгом ис Уæрæсейы Империйы минæварад. Фæлæ дывæрсыг æмпаддзахадон бастдзинæдтыл цæуы фондз æнусæй фылдæр — историктæ нымæц райдайынц 1492-æм азы 30 августы æрвыст минæвардзырдæй денджызон базарады фарстатыл кнъийаз Иван III османты султан Баязет II-мæ.

Гæрзифтонг тыхтæ

Турчы гæрзифтонг тыхтæ (тур. Türk Silahlı Kuvvetleri) — Турчы Республикæйы æфсæдты æмдзыгуыр, нысангонд сты сæрибардзинад, хæдбардзинад æмæ территориалон æнгомдзинады хъахъхъæнынмæ.

Галерей

Фиппаинæгтæ

  1. Primera Cronica General. Estoria de España. Tomo I. - Madrid, Bailly-Bailliere e hijos, 1906, стр. 60
  2. 24 апреля
  3. Constitutional Court president has 'clear conscience' over DTP ban(англ.)
  4. Турчы Конституцион Тæрхондоны сæрдары сæрмагонд фарс(турк.)
  5. Чырыстон æхсæнæдтæ æргæвынц православон грекъæгты Константинополы патриархады 90 приходы (75 — Стамбулы, 8 — сакъадах Гёкчеадæйы, 6 — Хатайы илы, 1 — сакъадах Бозджаадæйы), 55 сомихаг-григорион æхсæнады (45 — Стамбулы, 7 — сахар Хатайы æмæ иугæйттæ — сахарты Мардин, Диярбакыр, Кайсери), 60 æхсæнады ассириаг-несторианты, православон болгайрæгты, араббæгты æмæ католикон сомихæгты, 52 æхсæнады алыхуызон протестантон здæхтытимæ. Уый йеддæмæ ма бæстæйы скæсæны курдæгты иу хай зæрдæргом кæнынц сикретикон дин æмæ сæ хонынц езидтæ.

Литературæ

Кæс ноджы

Æрвитæнтæ

Хуызæг:Link FA Хуызæг:Link FA Хуызæг:Link FA Хуызæг:Link FA ak:Turki