Къухамындтыты æвзаг: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
ч r2.7.2) (Робот бавæрдта: is:Táknmál
MerlIwBot (ныхас | бавæрд)
ч Робот бавæрдта: bg:Жестомимичен език
Рæнхъ 13: Рæнхъ 13:


[[ar:لغة إشارة]]
[[ar:لغة إشارة]]
[[bg:Жестомимичен език]]
[[bjn:Utau]]
[[bjn:Utau]]
[[bn:প্রতীকী ভাষা]]
[[bn:প্রতীকী ভাষা]]

Фæлтæр 14:30, 13 июлы 2012

Францаг къухамындтыты æвзаджы демостраци, мивдисæг «фæрсын». Фразæтæ «Фæрсын дæ», «Фæрсыс мæ», «Фæрсы сæ».

Къухамындтыты æвзаг кæнæ Жестты æвзаг у, къуырма адæм цы ’взагæй пайда кæнынц, уый. Зæлты æвзæгты хуызæн, къухамындтыты æвзаджы дæр ис, хицæн нысаниуæг кæмæн нæй, ахæм чысылдæр элементтæ (фонемæты хуызæн сæ схуыдтой херемæтæ, бердзенаг дзырдæй χείρ «арм»). Уыцы элементты ’хсæн канд къухамындтытæ (жесттæ) не сты, фæлæ цæсгомы æнгас дæр и.

Къухамындтыты æвзæгтæ зæлты æвзæгтимæ баст не сты. Зæгъæм, Герман æмæ Австрийы дзурынц иумæйаг немыцаг æвзагыл, фæлæ дзы ис дыууæ фæйнæхуызон къухамындтыты æвзаджы. Уыимæ уырыссаг къухамындтыты æвзаг францаг æмæ америкаг къухамындтыты æвзæгтæм хæстæг у, ис сæм иумæйаг уидаг — аббат де л’Эпейы (Abbé de l’Epée) къухамындтыты системæ.

Къухамындтыты æвзæгтæ къуырма сывæлæттæн ахуыр кæнынц сæрмагонд ахуыргæндæтты. Къуырма адæймаг, æндæр къуырматимæ куы нæ дзуры, уæд, гæнæн ис, æмæ бынтон æгомыг байрæзы. Уый тыххæй ахæм адæймæгтæн тынг ахсджиаг у, сæ хуызæн зонгæтæ сæм куыд уой æмæ сæхицæн сæрмагонд ахуырад куыд райсой, уый.

XX æнусы Сандинистты революцийы фæстæ Никарагуæйы цалдæр азы дæргъы фæзынд æмæ стыхджын ног къухамындтыты æвзаг — Никарагуæйы къухамындтыты æвзаг. Уый иртасынц дунейы лингвисттæ, æвзаг куыд фæзыны, уый базонынæн.