Митын фæранк: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
ч r2.6.4) (робот фæивта: pl:Irbis
HRoestBot (ныхас | бавæрд)
ч r2.6.5) (Робот бавæрдта: av:Ирбис
Рæнхъ 20: Рæнхъ 20:
[[af:Sneeuluiperd]]
[[af:Sneeuluiperd]]
[[ar:نمر الثلوج]]
[[ar:نمر الثلوج]]
[[av:Ирбис]]
[[az:Qar bəbiri]]
[[az:Qar bəbiri]]
[[ba:Барыс]]
[[ba:Барыс]]

Фæлтæр 01:17, 11 сентябры 2011

Фыранк хæргæ-хæрын
Фыранк Бронксы зоопарчы
Ныртæккæ фыранктæ кæм цæрынц

Фыранк, фæранк (франк), дыгуронау: фæланк (классификацимæ гæсгæ Uncia uncia кæнæ Panthera uncia) у æхсырæйхæсгæ цæрæгой, Астæуккаг Азийы хохы цæры. Кæд æмæ леопарды хуызæн у, афтæ хæстæг не сты, стæй фыранктæ чысылдæр вæййынц.

Фыранчы хъуынтæ сты фæныкхуыз, æд сау стъæлфытæ. Сау æмæ фæныкхуызы контрастæй афтæ зыны æмæ урс цæрæгой у.

Фыранчы буары дæргъ у 74—130 см, уыимæ абæрæн ис йæ къæдзил дæр (90 см бæрц). Уæхсчыты бæрзæнд у 60 см, уазæй вæййы 27—54 кг.

Фыранктæ кæддæр цардысты Кавказы дæр, фæлæ нал баззадысты. Кæм ма цæрынц, алы ран дæр сты хъахъхъæд стæм цæрæгой — æмæ 1960-æм азимæ абæргæйæ сæ нымæц фæфылдæр ис.

Фыранк у Ирыстоны ахсджиаг символ, ис Цæгат Ирыстон — Алани æмæ Хуссар Ирыстоны гербтыл.