Бургасы облæст: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
Luckas-bot (ныхас | бавæрд)
ч r2.7.1) (Робот баххæст кодта: sq:Burgasi (rajon)
Louperibot (ныхас | бавæрд)
ч r2.5.2) (Робот Аиуварс: ka:ბურგასის ოლქი
Рæнхъ 113: Рæнхъ 113:
[[it:Regione di Burgas]]
[[it:Regione di Burgas]]
[[ja:ブルガス州]]
[[ja:ブルガス州]]
[[ka:ბურგასი (ოლქი)]]
[[ka:ბურგასის ოლქი]]
[[lt:Burgaso sritis]]
[[lt:Burgaso sritis]]
[[mk:Бургаска област]]
[[mk:Бургаска област]]

Фæлтæр 23:39, 10 майы 2011

Облæст
Бургасы облæст
болг. Област Бургас
Герб
Герб
42°30′ с. ш. 27°15′ в. д.HGЯO
Паддзахад Болгари
Кæй сконды у Хуссар-Скæсæйнаг регион
Йæ дæлхæйттæ 13 хъæубæстæйы
Админ. центр Бургас
Облӕсты разамонӕг Константин Гребенаров
Истори æмæ географи
Бындурæвæрды датæ 1999-æм азы 8 январы
Фæзуат

7 748,1 км²

  • (1-æм бынат)
Сахатон таг DAZD[d]
Цæрджытæ
Цæрджытæ

422 458 ад.

  • (4-æм бынат)
Цифрон идентификатортæ
Код ISO 3166-2 BG-02
Автомобилон код A

Официалон сайт
Бургасы облæст картæйыл
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Бургасы облæст (болг. Област Бургас) у Болгарийы Хуссар-Скæсæйнаг регионы денджызгæрон облæст, у бæстæйы тæккæ стырдæр (7 748,1 км²). Цæрынц дзы 422 458 адæймаджы.

Скæсæны облæсты арæн у Сау денджызы былгæрон, ныгуылæны сыхаг у Сливены æмæ Ямболы облæстытæ, цæгаты — Варнæйы æмæ Шумены облæстытæ, хуссары та — Турчимæ паддзахадон арæн.

Афæдзы рæстæмбис температурæ у 13 °C.

Бургасы облæсты экономикæ размæцыдыл нымад у, уымæ хауы æппæт Болгарийы ÆМП-ы 5,22%[1]. Бургасы ис порты комплекс — уыимæ нефты æмæ кæсæгахсджыты наулæууæнтæ — уыцы портмæ ласынц бæстæйы импорт æмæ экспорты 74%[2].

Æхсæнадæмон аэропорт Бургасмæ æрбатæхынц туристтæ сæ фæллад уадзынмæ. Облæсты денджызгæрон лæууынц бирæ курорттæ, сæ фылдæр змисджын пляжтимæ. Уыдонæй тæккæ зындгонддæр у егъау комплекс Хурджын был (болг. Слънчев бряг). 2008 азы, фæллад уадзынмæ Бургасы облæстмæ чи ’рбацыдысты, ахæм уæрæсейæгты нымæцмæ 38% бафтыд; æдæппæт уыдысты 40 мин адæймаджы бæрц[3].

Облæсты экономикæйы сконды канд туризм æмæ транспорт рæзмæцыд не сты, фæлæ индустри дæр. Нефтехими æмæ нефты ракуыст промышленнон кондады ахсынц 70%. Æндæр къабæзтæ сты хæринаг æмæ сæн уадзæн индустри, текстилуафæн кондад.

Бургасы облæсты хъæубæстæтæ

Бургасы облæсты хъæубæстæтæ
  1. Айтос (хъæубæстæ)
  2. Бургас (хъæубæстæ)
  3. Камено (хъæубæстæ)
  4. Карнобат (хъæубæстæ)
  5. Малко-Тырново (хъæубæстæ)
  6. Несебыр (хъæубæстæ)
  7. Поморие (хъæубæстæ)
  8. Приморско (хъæубæстæ)
  9. Руен (хъæубæстæ)
  10. Созопол (хъæубæстæ)
  11. Средец (хъæубæстæ)
  12. Сунгурларе (хъæубæстæ)
  13. Царево (хъæубæстæ)


Бургасы сæйраг фистæгон уынг, Александровскæ. Уазæгдон «Болгари»-йы уæлейæ конд къам


Æддаг æрмæг


Фиппаинæгтæ

  1. Икономика (болг.)
  2. ОБЛАСТ БУРГАС - СТАТИСТИЧЕСКИ ДАННИ
  3. Gazeta.bg: „Надо искать новые рынки...” (интервью с главой Бургасской туристической палаты) (уырыс.)