Æмбалты Цоцко: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
Dziglo (ныхас | бавæрд)
Dziglo (ныхас | бавæрд)
Рæнхъ 13: Рæнхъ 13:
==Æрвитæнтæ==
==Æрвитæнтæ==


* [http://www.iriston.com/nogbon/?f=21 Цоцкоимæ баст æрмæджытæ (Сайт iriston.com)]
* [http://www.iriston.com/nogbon/news.php?newsid=1008 Цоцкоимæ баст æрмæджытæ (Сайт iriston.com)]
* [http://www.allingvo.ru/PERSON/Ambalty_Cocko.htm Цоцкоимæ баст æрмæджытæ (Сайт allingvo.ru)]
* [http://www.allingvo.ru/PERSON/Ambalty_Cocko.htm Цоцкоимæ баст æрмæджытæ (Сайт allingvo.ru)]
* [http://allingvo.ru/FAIRY%20TALES/zvezda.htm Викентий Вересаевы радзырд «Звезда» (Цоцкойы тæлмац)]
* [http://allingvo.ru/FAIRY%20TALES/zvezda.htm Викентий Вересаевы радзырд «Звезда» (Цоцкойы тæлмац)]

Фæлтæр 18:21, 13 мартъийы 2011

Æмбалты Цоцко (рахизырдыгæй) æмæ йæ ахуыргæнæг Саламты Никъала

Æмбалты Бицойы фырт Цоцко (аргъуыды ном — Увар) (1871–1937) педагог, рухстауæг, этнограф, адæмон сфæлдыстад æмбырдгæнæг, æвзагиртасæг æмæ тæлмацгæнæг.

Цардафыст

Цоцко райгуырдис 1871 азы Æрыдоны. Каст фæцис дины семинар 1891 азы. Семинар каст чи фæцис, уымæн уыдис бар ахуыргæнæджы кæнæ сауджыны куыст кæнын. Цоцко равзæрста рухсады куыст.

Ахуыргæнæджы æмæ æхсæнадон куыстæй уæлдай Цоцко архайдта адæмон сфæлдыстад æмбырд кæныныл, уырыссаг æмæ немыцаг æвзагæй зындгонддæр фысджыты уацмыстæ тæлмац кæныныл («Вильгельм Телль», Шиллер, «Макары фын» — Короленко æмæ а.д.).

Цоцкойы зæрдæмæ тынг цыдысты фыссæг Андерсены аргъæуттæ. Уыдонæй дæр цалдæр ратæлмац кодта ирон æвзагмæ («Фыдуынд бабызы цъиу» «Булæмæргъ»).

Цоцко стыр аргъ кодта Къостайæн. Йæ амæлæтæй йæхи бабыны онг фæдардта сау Хетæджы-фырты зианы фæдыл, нал адаста йæхи.

Æрвитæнтæ