Цæрукъаты Алыксандр: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
чНет описания правки
Dziglo (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Рæнхъ 2: Рæнхъ 2:
'''Цæрукъаты Ибрагимы фырт Алыксандр''' (райгуырдис [[1918-æм аз]]ы [[12 декабры]], [[Хъарман-Сындзыхъæу]]ы — амардис [[2000-æм аз]]ы [[12 декабры]]) уыдис [[ирон æвзаг|ирон]] поэт, тæлмацгæнæг, бирæ чингуыты редактор.
'''Цæрукъаты Ибрагимы фырт Алыксандр''' (райгуырдис [[1918-æм аз]]ы [[12 декабры]], [[Хъарман-Сындзыхъæу]]ы — амардис [[2000-æм аз]]ы [[12 декабры]]) уыдис [[ирон æвзаг|ирон]] поэт, тæлмацгæнæг, бирæ чингуыты редактор.


Цæрукъаты Алыксандр райгуырдиc 1918 азы Цæгат Ирыстоны Хъарман-Сындзыхъæуы хъæуы мæгуыр зæхкусæджы хæдзары. Йæ фыд æнувыдæй тох кодта ног социалистон цардарæзты сæрвæлтау, фæлæ йæ 30-æм азты æнаххосæй æрцахстой æмæ амардтой. Уыцы бæллæх арф фæд ныууагъта поэты зæрдæйы суанг йæ амæлæты онг.
Цæрукъаты Алыксандр райгуырдиc 1918 азы Цæгат Ирыстоны Хъарман-Сындзыхъæуы мæгуыр зæхкусæджы хæдзары. Йæ фыд æнувыдæй тох кодта ног социалистон цардарæзты сæрвæлтау, фæлæ йæ 30-æм азты æнаххосæй æрцахстой æмæ амардтой. Уыцы бæллæх арф фæд ныууагъта поэты зæрдæйы суанг йæ амæлæты онг.


Алыксандр бакасти хъæууон скъолайы, кусæг факультеты, ахуыргæнджыты институты, пединституты. [[1957-æм аз]]ы та каст фæци [[Мæскуы]]йы [[Горькийы номыл Литературон институт]]. Бирæ рæстæг фæкуыста ахуыргæнæгæй йæ райгуырæн хъæуы, фæстæдæр та — Цæгат Ирыстоны чиныгуадзæны.
Алыксандр бакасти хъæууон скъолайы, кусæг факультеты, ахуыргæнджыты институты, пединституты. [[1957-æм аз]]ы та каст фæци [[Мæскуы]]йы [[Горькийы номыл Литературон институт]]. Бирæ рæстæг фæкуыста ахуыргæнæгæй йæ райгуырæн хъæуы, фæстæдæр та — Цæгат Ирыстоны чиныгуадзæны.

Фæлтæр 12:57, 3 мартъийы 2011

Цæрукъаты Алыксандр

Цæрукъаты Ибрагимы фырт Алыксандр (райгуырдис 1918-æм азы 12 декабры, Хъарман-Сындзыхъæуы — амардис 2000-æм азы 12 декабры) уыдис ирон поэт, тæлмацгæнæг, бирæ чингуыты редактор.

Цæрукъаты Алыксандр райгуырдиc 1918 азы Цæгат Ирыстоны Хъарман-Сындзыхъæуы мæгуыр зæхкусæджы хæдзары. Йæ фыд æнувыдæй тох кодта ног социалистон цардарæзты сæрвæлтау, фæлæ йæ 30-æм азты æнаххосæй æрцахстой æмæ амардтой. Уыцы бæллæх арф фæд ныууагъта поэты зæрдæйы суанг йæ амæлæты онг.

Алыксандр бакасти хъæууон скъолайы, кусæг факультеты, ахуыргæнджыты институты, пединституты. 1957-æм азы та каст фæци Мæскуыйы Горькийы номыл Литературон институт. Бирæ рæстæг фæкуыста ахуыргæнæгæй йæ райгуырæн хъæуы, фæстæдæр та — Цæгат Ирыстоны чиныгуадзæны.

Уый фыссын райдыдта 1930 азты, фæлæ йе сфæлдыстад йæ хуыз скалдта æнусы дыккаг æмбисы. Поэтæн йæ зындгонддæр чиныг у «Арвæрдын» (1959). Уыцы чиныджы тыххæй Джыккайты Шамил афтæ загъта:

«

Достоевский дзырдта йæ фæлтæры номæй: «Мах не ’ппæт дæр рацыдыстæм Гоголы „Цинел“-æй». Мæ бон у фидарæй зæгъын: мæ фæлтæр рацыдысты „Арвæрдын“-æй. Уый фæрцы поэзи басаста риторикæ, философон хъуыды фæуæлахиз догмæтыл, поэтикон дзырды бацыд уд æмæ цард.

»

1960-æм азты ирон литературæмæ цы фæсивæд æрбакъахдзæф кодта, уыдонæн Алыксандры æмдзæвгæты чиныг «Арвырдын» (джиппы йæ рауагътой 1959 азы Дзæуджыхъæуы) стыр хæрзты бацыдиc — цы йæ тæмæнкалгæ, нывджын æвзаг, цы йе ’нæнцой цырен хъуыдытæ, цы йæ арф мидсагъæстæ-риссæгтæ... Уыйразмæйы рифмæбыд хус лозунгтæй, тутт ныхæстæй-сидтытæй зæрдæцъæх чи фæциc, уъщы рæзгæ литературон фæлтæрæн Алыксандры «Арвырдын»-ы хуызтæ сæ зæрдæтæ сбазырджын кодтой, тæхыны монц сын радтой.

Мæнæ куыд фыссы Хъодзаты Æхсар Алыксандры сфæлдыстады тыххæй[1]:

«

Алыксандры мад Агъниан уыди курдиатджын сылгоймаг, иттæг хорз зыдта адæмон кадджытæ, таурæгътæ, аргъæуттæ, æмдзæвгæтæ, æмбисæндтæ, баззад ын, йæхæдæг кæй æрхъуыды кодта, ахæм уацмыстæ дæр. Мады фарн мæрдтæм нæ ацыд Алыксандрмæ дæр дзы æнæмæнг фæхæццæ. Лæппуйы стыр æрдзон курдиаты уидæгтæй иу, ай-гъай, мады фарн уыд. Иннæ уидаг та, æвæццæгæн, баст у, поэт цы ран райгуырд, уыимæ. Цæвиттон, Хъарманы фарсмæ ма ноджы æртæ хъæуы ис — Сындзыхъæу, Къора æмæ Урсдон. Се ’хсæн бæрæг арæнтæ нæй, иу хъæуы хуызæн сты Сæ цæрджытæ сæйраджыдæр Уæлладжыргом æмæ Дыгурæй ралыгъдысты Æрыдон æмæ Æрæф куыд баиу вæййынц, афтæ ацы хъæуты цæрджытæн дæр иумæйаг систы дыгурон æмæ ирон æвзæгтæ. Ацы хъуыддат хорзырдæм фæзынд Алыксандры поэзийыл: арæх дзы æмбæлæм дыгурон дзырдтыл — уыдон ын дзæвгар хъæздыгдæр кæныщйæ лексикæ, йæ аивадон фæрæзтæ, йæ эмоционалон тыхыл ын æфтауынц. Поэт дыгурон æвзаджы æфтауцуатæй пайда кæны арæхсгæ, æрдзон уатыл, æнæ тыхмийæ.

»


Алыксандры æмдзæвгæ

Цъæрукъаты Алыксандры чиныг «Сагъæс»-ы цъар
Мæнмæ ис иу бæллиц
Адзалыл, чи зоны, æмбæлон...
Куы ’рцъынд уа а зæххыл мæ цæст,
Кæнæ та дард бæсты куы мæлон,—
Мæнмæ ис иу бæллиц æрмæст...
Мæнмæ ис иу бæллиц: уæлмæрдæн
Æз райсин сау хæхты лæгæт,—
Куы ’рцæуин уарзондæр æмгæрттæн
Сæ къухæй айнæгыл ныгæд...
Цæмæй йæ хай æз бауон æрдзæн,
Йæхирдæм байса мæн нæ хох...
Мæ сæрмæ — урсдзыкку æхсæрдзæн,
Мæ бынмæ — сатæг хъæды къох...
Цæмæй-иу хурзæрины скастæй
Мæ фарсмæ ссудза стыр мæсыг,
Хæххон зымтæн сæ сæууон уасты
Æнкъарон цинад æмæ хъыг.
Æврæгътæн се скъуыдты уæлиау,
Æмбæхсдзæн арвæйгуырд цæргæс...
Куы зара хуссарварсæй фыййау,—
Мæн уа йæ уадындзы хъæлæс.
Цæмæй дзæбидыртæ мæ цурты
Кæной сыкъакъæрцгæнгæ дугъ,
Æвзила дымгæ сау къæйдурты,
Мæ уæлæ згьора уады ’фсургъ.
Цæмæй мын дидинджытæн къулæй
Сæ улæфт рог уддзæф хæсса,
Цæмæй мæм бæрз бæлас сæркъулæй,
Йæ налхъуыт згъалгæйæ, кæса...
Нæ рæгътæ — ме ’руад буар, нæ дæттæ —
Мæ туджы байсысинаг цъыртт.
Мæ ингæн фестæнт-иу нæ кæмттæ,
Нæ хæхтæ фестæнт-иу мæ цырт!
1957

Тæлмацы куыст

Цæрукъаты Алыксандр ирон æвзагмæ раивта Дж. Родари, А. Барто, К. Чуковскийы æмдзæвгæтæ, тæлмац ма кодта советон республикæты æмæ социалистон бæстæты поэтты уацмыстæ.

Уацмыстæ

  • Æмдзæвгæтæ. Дзæуджыхъæу, 1947;
  • Сæууон зарджытæ. Æмдзæвгæтæ. Дзæуджыхъæу, 1952;
  • Песнь о тебе принес я. Стихи. Перевод с осетинского. М., «Молодая гвардия», 1958;
  • Арвæрдын. Æмдзæвгæтæ. Орджоникидзе, 1959;
  • Дада, чызг æмæ хосгæнæг. Æмдзæвгæтæ сывæллæттæн. Орджоникидзе, 1962;
  • Мыстачье-усгур. Æмдзæвгæ-аргъау. Орджоникидзе, 1963;
  • Лæг æмæ хæйрæг. Æмдзæвгæ-аргъау. Орджоникидзе, 1967;
  • Æзынма дæ æцæг зонын. Радзырдтæ. Орджоникидзе, 1967;
  • Цыма лæууын æз кувæндоны раз. Æмдзæвгæтæ. Орджоникидзе, 1968;
  • Между жизнью и смертью. Рассказ для старшего школьного возраста. Перевод с осетинского.
  • Сагъæс. Дзæуджыхъæу, «Ир», 1994.

Литературæ

  • Александр Царукаев. В кн.: Писатели Северной Осетии. Орджоникидзе, 1960;
  • Гаджиты Г. Лирæ æмæ базырджын азтæ. Орджоникидзе, 1963;
  • Ардасенты X. Нæ прозæйы сæйраг темæ ссис абоны цард. Изв. СОНИИ. Т. XXVI, 1966;
  • Джыккайты Ш. Хъуыдыты поэзи. «Рæстдзинад», 1966, 11 январь;
  • Дзуццаты X. Дыууæ ныхасы ме ’мбалы тыххæй. «Фидиуæг», 1968, № 12;
  • Малиты В. Цыма лæууын æз кувæндоны раз. «Мах дуг», 1969, № 1;
  • Царукаев Александр. В кн.: Писатели Северной Осетии. Орджоникидзе, 1973;
  • Малиты В. Дыууæ ныхасы чиныджы тыххæй. Ацы чиныджы: Цæрукъаты Алыксандр. Лирикæ, 1974; Разныхас;
  • Дзуццаты Х.-М. Цæрукъаты Алыксандры поэзийы тыххæй. Ацы чиныджы: Дзуццаты Х.-М. Бæрндзырд. Цхинвал, 1976;
  • Джикаев Ш. Адресовано современности. «Социалистическая Осетия, 1978, 23 ноября;
  • Суменова З. Тема искусства в лирике Александра Царукаева. Краткое содержание докладов на научной конференции по итогам научно-исследовательской работы СОНИИ за 1986 г.

Æрвитæнтæ

Фиппаинæгтæ

  1. журнал «Мах дуг», 2004, №11