Арубæ: различия между версиями
Luckas-bot (ныхас | бавæрд) ч r2.7.1) (Робот баххæст кодта: te:అరుబా |
ч Робот баххæст кодта: rue:Аруба |
||
Рæнхъ 122: | Рæнхъ 122: | ||
[[ro:Aruba]] |
[[ro:Aruba]] |
||
[[ru:Аруба]] |
[[ru:Аруба]] |
||
[[rue:Аруба]] |
|||
[[rw:Aruba]] |
[[rw:Aruba]] |
||
[[sah:Аруба]] |
[[sah:Аруба]] |
Фæлтæр 04:36, 26 январы 2011
| |||||
Гимн: «Aruba Dushi Tera» | |||||
Хæдбар сси | 1 январы 1986 азы | ||||
Æвзаг | нидерландаг папьяменто | ||||
Сæйраг сахар | Ораньестад | ||||
Стырдæр сахартæ | Ораньестад Синт-Николас Ноорд | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Конституцион монархи | ||||
Фæзуат | 193 км² | ||||
Цæрджытæ • Бахыгъд (2007) • Æнгомад |
105 000 ад. {{{Æнгомад}}} ад./км² | ||||
Валютæ | Арубæйы флорин | ||||
Интернет-домен | .aw | ||||
Телефонон код | +297 | ||||
Сахатон таг | -4 |
Арубæ (нидерл. æмæ папьям. Aruba) у сакъадахон бæстæ Карибы денджызы хуссары, Венесуэлæйы былгæронмæ хæстæг (29 км). Арубæйæн ис сæрмагонд статус Нидерландты къаролады сконды. Бæстæйы фæзуат у 193 км², цæрынц дзы 105 мин адæймаджы — ома 544 цæрæджы алы квадратон километрæн. Бæстæйæн ис йæхи валютæ (арубæйаг флорин) æмæ интернеты домен (.aw).
Экономикæйы бындурон къабæзтæ сты æртæ: туризм, нефты ракуыст æмæ алоэ рæзынкæнынад.
Туристтæй фылдæр æрбацæуынц АИШ æмæ Канадæйæ. Америкаг туристты нымæц фæкъаддæр и, 2005 азы майы Арубæйы æрыгон Натали Энн Холлоуэй куы фесæфти, уæдæй. Уæд Алабамæйы хицауад (чызг уырдыгон уыд) АИШ-ы цæрджыты разæнгард кодта Арубæмæ нал цæуын. Ныры онг дæр чызджы не ссардтой. Натали сакъадахы йæ фæллад уагъта скъола каст фæуыны фæстæ, æмæ, дам, æмкъласонтæ тынг бирæ кæрз нозт фæнызтой[1]. Æндæр ратæдзæнтæм гæсгæ, чызджы фæндыди йæ ныййарджыты хæдзарæй алидзын[2].
Арубæйы цæрджытæ дзурынц нидерландаг æвзагыл æмæ сæхи бынæттон æвзагыл — папьяментойыл. Папьяменто у креолаг æвзаг, йæ бындуры ис испайнаг æмæ нидерландаг æвзæгтæ. Папьяментойыл цæуынц бынæттон газеттæ, ис ыл Википедийы хайад дæр.
Фиппаинæгтæ
- ↑ "Natalee Holloway: New Clues". CBS News. 2006-03-25
- ↑ "The other side of the Holloway-case: ‘Police Aruba hindered by FBI’". Amigoe. 2007-07-03.