Къутугæнæн: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Xyccap (ныхас | бавæрд)
Дзывырмæ æвитæн..
ч Къутугӕнæн хаст æрцыд Къутугæнæн, зæгъгæ, ахæм фарсмæ
(хицæндзинæдтæ нæй)

Фæлтæр 05:30, 22 сентябры 2010

Ирон адӕмы уалдзыгон бӕрӕгбонтӕм хауы Къутугӕнӕн дӕр. Уыцы бон-иу сцӕттӕ кодтой хӕрд-нозт, скодтой-иу ритуалон гуылтӕ, сӕ формӕ къутуйы хуызӕн.

Къутутæ-иу куыд скодтой

Кӕрдзыны къутутӕ (хордон) дӕр уымӕн кодтой. Къутутӕ кодтой хъӕбӕрхоры кӕнӕ мӕнӕуы ссадӕй. Къутуты-иу куы сфыхтой, уӕд-иу сӕ хорӕй (мӕнӕуӕй, хъӕбӕрхорӕй кӕнӕ сысджыйӕ) байдзаг кодтой, афтӕ йедзаг, зӕгъгӕ, кӕнӕнт ацы аз нӕ хордонтӕ хорӕй. Къутутӕ-иу цас фылдӕр скодтой, уыйас-иу хуыздӕр уыд, уӕд, дам, хъӕздыг тыллӕг ӕрзайдзӕн.

Ритуалон хай

Хӕдзары хистӕр-иу бацыдис къӕбицмӕ, ӕмӕ-иу хордоны — къутуйы фарс бакъуырц-къуырц кодта кувгӕ-кувын ӕмӕ-иу загъта: нӕ хордон дзаг уӕд хорӕй. Уыйфӕстӕ ӕвзонг фӕсивӕд ерыс кодтой милмӕ ӕхсынӕй. Къутуты ӕрӕвӕрдтой бӕрӕг ран ӕмӕ сӕ ӕхстой мысанмӕ. Къутуйы фыццаг чи фӕцӕф кодтаид, уый дзы хъуамӕ акомдзаг кодтаид йӕ фесгуыхты нысанӕн. Къутутӕй-иу фылдӕр чи рамбылдта, уымӕн, дам, Уацилла йӕ хортӕ хорз ӕрзайын кӕндзӕн уыцы аз. Ахӕм хъӕлдзӕг хъӕзтытӕ арӕхдӕр арӕзтой, хъӕуӕй уыцы ӕввахс бонты чындзӕхсӕв чи скодта кӕнӕ-иу лӕппу кӕмӕн райгуырд, уыдон хӕдзары.


Куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Къутугӕнӕны стырбон хауы аграрон культы бӕрӕгбонты къордмӕ. Йӕ динон нысан уыдис: хъӕздыг тыллӕг ӕрзайын кӕнын, къутутӕ-хордонтӕ хорӕй йедзаг кӕнынмӕ тырнындзинад. Ацы хабар афтӕ кӕй уыд, ууыл ма дзуры, Ирыстоны бирӕ рӕтты ацы стырбоны къутутӕй уӕлдай хыссӕйӕ дзывыры хӕйтты фигурӕтӕ дӕр кӕй кодтой, уыцы фӕтк. Сывӕллӕттӕй-иу ацы нывгонд гуылтӕй кӕй фӕци, уый-иу йӕхи нымадта амондджыныл.

Литературæ

Æрвитæнтæ