Фареры сакъадæхтæ: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
Xqbot (ныхас | бавæрд)
ч Робот баххæст кодта: bi:Faroe aelan
Almabot (ныхас | бавæрд)
ч Робот Аиуварс: sr:Фарска Острва
Рæнхъ 314: Рæнхъ 314:
[[sl:Ferski otoki]]
[[sl:Ferski otoki]]
[[sq:Ishujt Faroe]]
[[sq:Ishujt Faroe]]
[[sr:Фарска острва]]
[[sr:Фарска Острва]]
[[sv:Färöarna]]
[[sv:Färöarna]]
[[sw:Visiwa vya Faroe]]
[[sw:Visiwa vya Faroe]]

Фæлтæр 01:51, 16 июлы 2010

Фареры сакъадæхтæ
Føroyar
Færøerne
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Гимн: «Tú alfagra land mítt»
«Ды, мæ æппæты рæсугъддæр бæстæ»
Æвзаг фарераг, даниаг
Сæйраг сахар Торсхавн
Стырдæр сахартæ Торсхавн, Клаксвуйк
Хицауиуæджы хуыз Данийы автономон регион
Паддзах
Премьер-министр
Къаролы ус Маргрете II
Кай Лео Йоханнесен
Фæзуат 1 399 км²
Цæрджытæ
• Бахыгъд (2007)
Æнгомад

48 500 ад.
{{{Æнгомад}}} ад./км²
Валютæ Даниаг кронæ
Интернет-домен .fo
Телефонон код +298
Сахатон таг +1
Фарераг хъæу

Фареры сакъадæхтæ (Фарертæ) (фар. Føroyar, Фёрьяр, «Фысы сакъадæхтæ»; дан. Færøerne) у Цæгат Атлантикæйы 18 сакъадахы къорд, Норвеги, Исланди æмæ Стыр Британийы ’хсæн. Фарертæ сты Данийы автономон регион. Хиуынаффæйад 1948 азæй. Фарерты сæйраг сахар у Торсхавн. Архипелаг ис æнгом традицион бастдзинад Исланди, Норвеги, Шетланды сакъадæхтæ, Оркнейы сакъадæхтæ æмæ Гренландимæ.

Истори

Фареры сакъадæхты рагон истори

Ирландийы моладзæнтæ зыдтой Фареры сакъадæхты тыххæй 500-æм азмæ æввахс[кæцæй ист у?]. 700 æмæ 800 азты астæу Шотландийæ рацæуæггæгтæ арцардысты сакъадæхты[кæцæй ист у?]. Викингтæ куы бахæццæ сты Фареры сакъадахтæм IX æнусы райдайæны, уæд шотландиæгтæ сакъадæхтæй ацыдысты.

Дани æмæ Норвеги

XIV æнусы кæронмæ Фареры сакъадæхтæ уыдысты Норвегийы провинци. Стæй Фарертæ систы Данийы æмæ Норвегийы иумæйаг паддзахады территори, стæй 1815 азы Дани сси Фарерты иунæгон бардарæг. Сакъадæхты цæрджытæ сты скандинаваг адæм; фарераг æвзаг у рагон норвегаг æвзаджы байзæддаг.

Фарертæ Дыккаг дунеон хæсты. Бритайнаг оккупаци

1940 азы 11 апрелы Стыр Британийы сæйраг министр Уинстон Черчилль алыг кодта Торсхавны порты æрæвæрын крейсер. Стыр Британи сси Фарерты æфсады бардарæг 1940 азы апрелы, Данимæ Германы интервенцийы фæстæ. Бритайнаг оккупаци фæци 1945 азы сентябры. 8 мин бритайнаг салдаттæй фылдæр хайад истой Фарерты оккупацийы.

Хæсты фæстæ

1946 азы сентябры сусæг хъæлæслæвæрды фæстæ Фареры сакъадæхты парламент расидти, сакъадæхтæ Данийы скондæй кæй рацæуынц, уый. Уыцы уынаффæ бафидар кодта парламент (12 хъæлæсы разы, 11 нæразы). Сакъадæхтæй иу — Суурой, æппæты хуссардæр æмæ фæзуатмæ гæсгæ æртыккаг — фехъусын кодта, уый Даниимæ кæй баззайдзæн, уый. Данийы хицауад хъæлæслæвæрд схуыдта æнæхъомыс æмæ фарераг парламенты куыст рæстæгмæ бауромын кодта.

Фæстæдæр адæмы ног æрфарст сбарæг кодта, Данийы сконды кæй баззайын фæнды, ахæм цæрджыты æмбисæй чысыл фылдæр уыд. Парламенты делегаци ацыд Копенгагенмæ ныхас кæнынмæ. 1948 азы бадзырдмæ гæсгæ Фареры сакъадæхтæ райстой арæнгонд суверенитет, йæ æддаг политикæ у Данийы бар.

1984 азы Фарертæ фехъусын кодтой сæ æнæядерон статус. Æнæуи сакъадæхтыл ис Данийы æфсæддон базæ æмæ НАТО-йы радиолокацион комплекс.

Фарертæ сты Шенгены бадзырды уæнг. Уырдæм бацæуынæн Уæрæсейы граждæнты хъæуы даниаг минæварады визæ исын.

Географи

Фареры сакъадæхтæ

Архипелаг 18 сакъадæхтæй у:

Цæрджытæ

Фарераг адæмон кафджытæ националон дарæсы

Сакъадахты цæрынц 48 500 адæймаджы. Уыдонæй:

Цæрджыты рæзт (1327-2004)

Аз Цæрджытæ
1327 4 000
1350 2 000
1769 4 773
1801 5 255
1834 6 928
1840 7 314
1845 7 782
1850 8 137
1855 8 651
1880 11 220
1900 15 230
1911 18 800
1925 22 835
1950 31 781
Аз Цæрджытæ
1970 38 000
1975 40 441
1985 45 749
1989 47 787
1995 43 358
1996 43 784
1997 44 262
1998 44,817
1999 45 409
2000 46 196
2001 46 996
2002 47 704
2003 48 214
2004 48 353

Транспорт

Фарерты раны фæрцы архипеладжы сæйраг транспорт у денджызон. Паддзахады иунæг аэропорт у Воар сакъадахы. Фарерты сæйраг уæлдæфон ласæг у Авиакомпани Atlantic Airways. Æнæсцух рейстæ: Ставангер, Осло (Норвеги), Копенгаген, Ольборг, Биллунн (Дани), Рейкьявик (Исланди), Абердин, Шетландаг сакъадæхтæ (Шотланди) æмæ Лондонмæ.

Зайæгойтæ

Архипелаг ис кадавар зайæгхал: арктикон зайæгойтæ, хъæддаг дидинджытæ, кæрдæджытæ, хъуына æмæ хъуынабын.

Бæстыхъæд

Фареры сакъадæхты бæстыхъæд у ромыл денджызон (сатæг зымæг æмæ сатæг сæрд). Архипелагыл ис 260 къæвдаджын бонты афæдзы дæргъы.

Бæрæгбæттæ

Сыгъдæг Олавы бон — Ólavsøka (Оулавсёкæ) 28 июлы
  • Ногбон, 1-æм январь
  • Стыр Цыппæрæм
  • Стыр Майрæмбон
  • Куадзæн
  • уырыс. Поливальный понедельник
  • Тырысайы бон, 25-æм апрель
  • Стыр Куывды бон (Store Bededag), цыппæрæм майрæмбон Куадзæны фæстæ
  • Зæрдæвæрæн (уырыс. Вознесение)
  • Сыгъдæг Æртæиууоны бон (уырыс. День Святой Троицы), 4-æм июнь
  • Сыгъдæг Уды Бон, 5-æм июнь
  • Конституцийы бон, 5-æм июнь
  • Сыгъдæг Олавы агъоммæ, 28-æм июль
  • Сыгъдæг Олавы бон, 29-æм июль
  • Цыппурсы агъоммæ (уырыс. Сочельник), 24-æм декабрь
  • Цыппурс, 25-æм декабрь
  • Лæвæртты бон, 26-æм декабрь
  • Ногбоны агъоммæ, 31-æм декабрь

Традицитæ

Мард дельфинтæ Фареры наулæууæн Хвальбæйы, сакъадах Суурой. 2006 аз

Фареры сакъадæхтæ ма хъуыстгонд сты китдзуаны традицийæ. Урсфарс дельфинтæ æмæ æндæр киттæ марынц сæ дзидза æмæ сæ сойы тыххæй, афæдзы дæргъы 950 гриндæйы (Globicephala melaena) бæрц марынц, сæ фылдæр сæрды. Фарерæгтæ куыд бамбарын кæнынц, китдзуан у сæ традицион царды ахсджиаг хай, цæрæгойты хъахъхъæнджытæ та уыцы традици критикæ кæнынц куыд тугдзых æмæ нæхъæугæ[1][2].

Хæринæгтæ

Фарерты традицион хæринæгты бындур у фысыфыд, картоф, кæсаг æмæ киты дзидза. Фысыфыд у фарераг адæмы уарзондæр хæринæгтæй иу. Фарерты ис иунæг бæгæныхсидæн Föroya Bjór (уый кусы 1888 азæй).

Æддаг æрмæг

Фиппаинæгтæ

  1. Whales and whaling in the Faroe Islands. Faroese Government. Датæ: 2006-æм азы 5 декабры.
  2. Why do whales and dolphins strand?. WDCS. Датæ: 2006-æм азы 5 декабры.



Хуызæг:Link FA Хуызæг:Link FA Хуызæг:Link FA Хуызæг:Link FA Хуызæг:Link FA Хуызæг:Link FA