Дзаболаты Хазби: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
Dziglo (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Нет описания правки
Рæнхъ 1: Рæнхъ 1:
[[Ныв:Dzabolaty.jpg|200px|thumb|Дзаболаты Хазби]]
[[Ныв:Dzabolaty.jpg|200px|thumb|Дзаболаты Хазби]]
'''Дзаболаты Дударыхъойы фырт Хазби''' (1931 азы 16 апрелы, [[Цæгат Ирыстон]]ы [[Алагиры район]]ы [[Ногхъæу_(Алагиры_район,_быдыры)|Ногхъæу]] — амардис 1969 азы 28 январы) уыдис ирон поэт.
'''Дзаболаты Дударыхъойы фырт Хазби''' ([[1931-æм аз]]ы [[16 апрелы]], [[Цæгат Ирыстон]]ы [[Алагиры район]]ы [[Ногхъæу_(Алагиры_район,_быдыры)|Ногхъæу]] — амардис [[1969-æм аз]]ы [[28 январы]]) уыдис ирон поэт.


== Цардафыст ==
== Цардафыст ==
Каст фæцис йæ райгуырæн хъæуы астæуккаг скъола. 1951–1954 азты службæ кодта Советон Æфсады, демобилизацийы фæстæ 1956 азы онг куыста геологон-сгарæн къорды [[Садон]]ы, 1956-æм азæй 1960-æм азы онг та уыдис [[Бурон]]ы æрзæткъахæны шахтёр.
Каст фæцис йæ райгуырæн хъæуы астæуккаг скъола. 1951–1954 азты службæ кодта Советон Æфсады, демобилизацийы фæстæ [[1956-æм аз]]ы онг куыста геологон-сгарæн къорды [[Садон]]ы, 1956-æм азæй [[1960-æм аз]]ы онг та уыдис [[Бурон]]ы æрзæткъахæны шахтёр.


1960-æм азы Дзаболы-фырт бацыдис [[Горькийы номыл Литературон институт]]мæ. Каст æй фæцис 1965-æм азы.
1960-æм азы Дзаболы-фырт бацыдис [[Горькийы номыл Литературон институт]]мæ. Каст æй фæцис [[1965-æм аз]]ы.


Амардис Дзаболаты Хазби трагикон хуызы [[1969-æм аз]]ы 28 январы.
Амардис Дзаболаты Хазби трагикон хуызы [[1969-æм аз]]ы 28 январы.

Фæлтæр 08:04, 24 февралы 2010

Дзаболаты Хазби

Дзаболаты Дударыхъойы фырт Хазби (1931-æм азы 16 апрелы, Цæгат Ирыстоны Алагиры районы Ногхъæу — амардис 1969-æм азы 28 январы) уыдис ирон поэт.

Цардафыст

Каст фæцис йæ райгуырæн хъæуы астæуккаг скъола. 1951–1954 азты службæ кодта Советон Æфсады, демобилизацийы фæстæ 1956-æм азы онг куыста геологон-сгарæн къорды Садоны, 1956-æм азæй 1960-æм азы онг та уыдис Буроны æрзæткъахæны шахтёр.

1960-æм азы Дзаболы-фырт бацыдис Горькийы номыл Литературон институтмæ. Каст æй фæцис 1965-æм азы.

Амардис Дзаболаты Хазби трагикон хуызы 1969-æм азы 28 январы.

Сфæлдыстад

Поэты уацмысты фыццаг æмбырдгонд «Хæс» рацыдис 1960-æм азы. Дзаболаты Хазби литературæмæ куы æрбацыдис, уæдмæ йæм уыдис уæнгдыхæй фæллойгæнæджы стыр фæлтæрддзинад, æмæ уымæн йæ фыццаг чиныджы стыр бынат бацахста фæллойы темæ, æрзæткъахджытæ æмæ геологты куыст. Йæ дыккаг æмбырдгонд «Артдзæст» рацыдис 1963-æм азы. Йæ чиныджы сæйраг мотивтæ сты адæймаджы уды сыгъдæгдзинад, уарзт, хæс. 1967-æм азы мыхуырæй рацыдис поэты ног чиныг «Къахуынæр».

Фыссæг Хъодзаты Æхсар ахæм аргъ скодта Хазбийы сфæлдыстадæн[1]:

«

Хазби литературæйы фыццаг къахдзæфтæ кæнын куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ архайдта литературон штампæй йæхи хизыныл, уыд «хæдуæз, зæрдæйæ ист дзырды фарс». Зæрдæ цы зарæджы ис, æрмæстдæр уый ссардзæни фæндаг чиныгкæсæгмæ — ахæм хъуыдыйыл хæст уыди поэт. Хъуыды йæхæдæг ног нæу, фæлæ йæ Хазби æххæст кодта хъуыддагæй. Йæ поэзийы ахсджиагдæр миниуджытæй ма иу уый у, æмæ дзы мырты азæлдæн стыр нысаниуæг кæй ис. Дзаболы-фырт арæхстджынæй пайда кодта ирон дзырды парахат авналæнтæй, бауагъта дзы-иу ног тых, йæ уды цардцыбæл монцты руаджы-иу мард дзырдтæ раудæгас сты. «Нæ литературон фыдæлтæ... никуы кодтой цæстмæфыстытæ, цæстмæныхæстæ, сæ дзырды уыди стыр уæз, стыр фарн, адæмы æхсæн уыдысты нымаддæр лæгтæ», — фыста поэт. Æмæ йæхæдæг дæр йе ’рдзон курдиаты, йæ удуæлдай куысты руаджы æфтуан бакодта нæртон фыдæлты фарнмæ.

»

Хазби ма тæлмац кодта зындгонд уырыссаг æмæ советон поэтты æмдзæвгæтæ.

Хазбийы æмдзæвгæ

Сылгоймаг
Æрбахызт хъазты фæзмæ худгæ
Æмæ цырен хъæрахст фæдæлдзæх,
Æваст æмдзæгъдгæнæг лæппутæ
Къуыхцытæй райдыдтой мæнгæмдзæгъд...
Тырныдтой рохбаст риутæ размæ,
Дымстæй хъæрзыдта къаба рындзыл...
Къуызæгау усджын лæгтæ фарстой:
«Цымæ кæй чызг у уый... кæй чындз у?..»

Фиппаинæгтæ

  1. журнал «Мах дуг», 2005, №10