Трог

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Цад Кёнигсзее; æвæрд у трогон дæлвæзы. Рæбынæй зыны ауындзгæ дæлвæз-фæрсагдон, характерон (U-фæлгонцджын) цæхгæрмæ профилимæ

Трог кæнæ трогон дæлвæз (нем. Trog «бæлæгъ») — дæлвæз, цъитион кæнæ рагонцъитион бæстæйы, бæлæгъхуыз (U-фæлгонцджын) цæхгæрмæ профилимæ, фæтæн бынимæ æмæ уырдыг мидтаст былтимæ, баст сты цъититы экзарациимæ.

Типикон трогон дæлвæзты былтæ уæлейы аивынц къулаив ихæй зылд хайтыл, хонынц сæ троджы уæхсчытæ. Иуæй-иу трогтæн вæййы иу нæ, фæлæ дыууæ кæнæ æртæ уæхсчыты къайы. Ахæм æвæрд трогтæ арæх æмбарын кæнынц афтæ, æмæ ногдæр дæлвæзтæ нынныхстысты зæронддæр дæлвæзты быны.

Дæргъмæ профилы трогон дæлвæзтæ арæхдæр æвдисынц къæпхæнджын формæ, уым кæрæдзийы ивынц арвгонд хæйттæ æмæ уæлæмæхæцт къæдзæхджын къæпхæнтæ (ригелтæ). Бассейнтæ арæх дзаг сты цадтæй кæнæ дойнаг бынтæй, ригелтæ та фылдæрхатт гом вæййынц, æмбæрзт фыры ныхтæй æмæ хаххтæгонд сты цъитион лыстæг хæххытæй.

Трогон дæлвæзты характерон æууæлтæ сты ауындзгæ дæлвæз-фæрсагдæттæ. Сæ бынтæ æвæрд сты уæлдæр 150-200 м сæйраг трогон дæлвæзы бынæй, æмæ дзы дих кæны донæфтæны къæпхæнæй. Афтæ рауад уый тыххæй æмæ сæйраг дæлвæз цы цъити байдзаг кодта уый бæрæг тынгдæр ныллыг кодта йæ фæндаг йæ лыстæг фæрссагимæ абаргæйæ.

Тæккæ егъаудæр трогты дæргъ хæццæ кæны цалдæр дæсой, кæнæ сæдæ километры. Трогтæ уæрæх хæлиугонд сты сурзæххы хæххон-цъитион районты. Цъититæ кæм хæццæ кодтой деджызы æмвæзадмæ, уым трогон дæлвæзты дарддæр аивынц фьордтæ.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Гляциологический словарь / Под ред. В. М. Котлякова. — Л.: Гидрометеоиздат, 1984. — 527 с.