Коцты Бега

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Коцты Бега
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1830-æм азы 27 июлы(1830-07-27)
Мæлæты бынат

Коцты Бега (? — 1830-æм азы 27 июлы Хъолайы) — ирон адæмон хъæбатыр, Чеселты уырысы æфсады ныхмæ растады сæргълæуæг.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

1830-æм азы сусæны мæйы, уырысы æфсад, инæлар Рыныкъæфы разамындæй ныббырста Хуссар Ирыстоны Чеселтгоммæ. Уыцы ахъаззаг цæфæй хъуамæ ныммынæг уыдаид ирон адæмы сарибаруазаг зонд, хъуамæ басастаиккой паддзахы минæвæрттæн æмæ се ’вæрд бынæттон хицауадæн. Бирæ хъæуты ирæттæ хъæбатырæй æрлæууыдысты æфсады ныхмæ. Тохы мидæг мæлæт ссарын кæддæриддæр уыд кадджындæр знагæн басæттынæй. Чеселты 30 лæджы, сæ сæргъы Коцты Бега, афтæмæй сæ фыдæлты мæсыгæй дыууæ боны дæргъы ураттой мин æмæ æрдæг æфсæддоны. Сæхиуыл дуæрттæ ныхгæттой æмæ хæстæг бацæуын никæйы уагътой. Ренненкампф куы бамбæрста, ницы сын у йæ бон бакæнын, уæд мæсыгыл бандзарын кодта. Ирæттæ уæддæр нæ састысты, сæ тох дарддæр кодтой, мæлæтыл разы уæвгæйæ.

Фæстагмæ, мæсыджы цар куы басыгъди æмæ куы ныккалди, уæд Бега æмæ ма ноджы фараст лæджы сæхи бæндæнтыл дæлæмæ рауагътой, хъаматимæ сæхи æфсæддонтыл андзæрстой. Фарасты дзы салдæттæ сæ джебогътыл хæрдмæ систой. Бега ма йæхицæн фæндаг бæргæ айгæрста, фæлæ фæстæдæр уый дæр æрцахстой. Иннæ тохгæнджытæ басыгъдысты мæсыджы мидæг.

Цалдæр азы фæстæма æфсæддон историк Василий Потто фыста: «Абон ма æрмæстдæр мæсыджы сыгъд къултæ бацамондзысты фæндаггонæн уыцы бынат, дæс æмæ ссæдз ирон лæджы спартайнаг фидардзинадимæ мин æмæ 'рдæг уырыссаг æвсæддоны ныхмæ кæм тох кодтой, уый».