Деххода, Али Акбар

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Али Акбар Деххода
перс. علی‌اکبر دهخدا
Райгуырды датæ 1879[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1959-æм азы 9 мартъийы(1959-03-09)[2]
Мæлæты бынат
Бæстæ
Зонады къабаз æвзагзонынад
Куысты бынат
Альма-матер
Ахуырадон къæпхæн зонæдты доктор[d]
Ахуыргæнинæгтæ Jafar Shahidi[d]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Али Акбар Деххода (перс. علیاکبر دهخدا — Ali Akbar Dehkhodâ), 1879–1959, 9 мартъи, Тæхраны) — ирайнаг лингвист, фыссæг æмæ политик. Ныффыста, милуан дзырдмæ ’ввахс кæм ис (æдæппæтæй 15 томы), персайнаг æвзаджы ахæм дзырдуат. У æмбисæндты чиныг саразæг (т. 1–4; рацыди 1929–1931 азты).

Цард æмæ æхсæнадон-политикон архайды афыст[ивын | Бындур ивын]

Райгуырдис сахар Казвинæй рацæуæг бинонты. Йæ фыд фæзиан, лæппуйыл 10 азы куы цыди, уæд. Деххода каст фæци колледж политологийы дæсныйадыл. Уым уæлдай æнтыстджынæй йæхи равдыста æвзæгтæ зоныны.

Активонæй архайдта политикон хъуыддæгты, уыди Меджлисы Тегеран æмæ Керманæй депутат Меджлисы. Фæстæдæр куыста Тегераны университеты цур Юридикон скъолайы сæргълæууæгæй. 1903-æм азы Деххода араст ис Балкантæм ирайнаг минæварады кусæгæй, фæлæ дыууæ азы фæстæ рацыди фæстæмæ Иранмæ æмæ бацархайдта Ираны конституцион революцийы.

1906-æм азы Деххода М. Дж. Ширази æмæ М. К. Тебризиимæ уагъта сатирикон журнал «Эсрафилы хæтæл». Уым фæсномыгæй мыхуыр кодта, фельетонтæ (ацы жанр уыди ног персайнаг литературæйы), сæ иумæйаг сæргонд уыди «Арвистон» («Всякая всячина»). Стæй ма журналы фыста, æнæраст æмæ æнæзакъондзинады ныхмæ арæзт чи уыди, ахæм сатирикон радзырдтæ æмæ æмдзæвгæтæ.

Ираны Деххода æмæ йæ тохæмбæлттæ Мирза Джахангир Хан æмæ Гасем Хан дыууæ азы дæргъы мæхуыры уагътой хи газет, цалынмæ йæ сих Мохаммад Али-сах нæ сæхгæдта, уæдмæ. Дехходайы бахъуыди йæ сæр бафснайын Европæйы. Уым уæвгæйæ уый дарддæр фыста йæ уацтæ. Фæстæмæ йæ райгуырæн бæстæм раздæхти 1911-æм азы, Али-сахы куы раппæрстой, уæд. Уыцы аз Деххода сси Меджлисы депутат.

Йæ публицистон æмæ политикон архайды уæлдай ма Деххода йæхицæн скодта ном францаг æвзагæй литературон тæлмацты фæрцы. Уыдоны ’хсæн Монтескьейы чиныг «Закъæтты моны тыххæй» («De l'esprit des lois») дæр.

Деххода 1933-æм азæй уыди Тæхраны профессор. 40-æм азты райдианы та сси Ираны æвзаг æмæ литературæйы академийы уæнг.

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]