Къубалты Алыксандр

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Къубалты Алыксандр
Райгуырды датæ 1871
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1937[1]
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт
Уацмысты æвзаг ирон

Къубалты Бызийы (Захары) фырт Алыксандр (райгуырдис 1871-æм азы, Бæтæхъойыхъæуы — амардис ахæстоны 1930-æм азты) уыдис ирон поэт æмæ фыссæг, йæ дæсныйадмæ гæсгæ юрист.

«Хорз ирон хæдзар уыдысты Къубалтæ», — зæгъы йæ цардфыссæг. Йæ фыд Бызи уыд ахуыргæнæг. Афтæмæй зæрдæргъæвд лæппу рæзт æмæ рахъомыл ис, ирон хæрзæгъдау æмæ ахуырады рухс кæм баиу сты, ахæм уавæрты. Ахуыр кодта хъæууон скъолайы, уый фæстæ Дзæуджыхъæуы гимназы. 1898 азы каст фæци Киевы университеты барадон хайад. Сси адвокат æмæ йæ цæргæбонты кодта уыцы куыст.

Алыксандр райста хорз ахуырад. Уыди сыгъдæг интеллигент, фæлмæнзæрдæ æмæ аудæг адæймаг. Йæ рæстæджы цард фæйлыдта знæт фурдау тохы тымыгътæй. Алыксандр никуы бацыди уыцы уылæнты, нæ абухта сæ фыцæны. Фæлæ иуварс нæ лæууыд культурон цардæй, йæхи нæ хызта рухсады куыстæй. Уыди æнувыд архайæг «Хæххон адæмы ахуырады æхсæнад»-ы (Общество распространения образования среди горцев). Æхсæнадæн хъуыдис фæрæзтæ, æмæ Алыксандр æвзыгъдæй арæзта литературон изæртæ, театрон æвдыстытæ. 1907 азы Дзæуджыхъæуы фæзынд чиныгуадзæн æхсæнад «Ир». Алыксандр уым дæр куыста зæрдиаг æмæ хъæппæрисджынæй. Йæ хæдзар ирон фæсивæдæн уыд культурон артдзæст, нæртон фысымуат. Поэт ахуыры фæндагыл арæзта иры кæстæрты, æххуыс æмæ сын ахъаз кодта æппæт мадзæлттæй.

Къубалы-фырт уыдис барадхъахъхъæнæг. Фæлæ йæ бон нæ баци йæхи бавæрын, рæстæджы фыдæхæй йæхи бахизын. Æртынæм азты бæстæйыл сыстад хæрамы рын, уæлдай тынгдæр фæзынд Ирыстоныл, бафтыд фысджытыл æмæ сæ кодта га-гадзагьд. Хахуырты азар басыгъта Алыксандры дæр. 1937 азы зæронд поэт бахауд ахæстонмæ æмæ бабын, нал разынд йæ царды фæд. Фæлæ ирдæй зыны, ирон поэзийы цы фæд ныууагьта, уый.

Сфæлдыстад[ивын | Бындур ивын]

Къубалты Алыксандрæн цыртдзæвæн Дзæуджыхъæуы

Алыксандр фыста æмдзæвгæтæ, балладæтæ, поэмæтæ, æмдзæвгæтæй ныффыста трагеди «Фæтæг Алгъуызы мæлæт», йæ тыхтæ фæлвæрдта аив прозæйы дæр. Поэт иттæг æнувыд уыдис адæмон сфæлдыстадыл. Æрæмбырд кодта Нарты кадджытæ, рацарæзта сæ æмдзæвгæтæй æмæ 1905 азы рауагьта чиныг «Нарты таурæгътæ». Уыцы рæстæджы сæ раивта уырыссаг æвзагмæ дæр: чиныг «Герои-Нарты» мыхуыры рацыд 1906 азы.

Поэт йæ лæппуйы бонтæ арвыста Бæтæхъойыхъæуы. Уым ис рæсугъд хигъæдон æрдз: хохæн хох у, быдырæн — быдыр. Фæлæ уымæй уæлдай уыцы зæхх у Ирыстоны арæн. Уæды заманы ма ир æмæ кæсæджы быцæутæ уыдысты æвзонг мысинæгтæ — зæрдæргьæвд лæппу сæ хъуыста канд зарджыты æмæ кадджыты нæ, фæлæ, чи сæ æрæййæфта, уыдоны ныхæсты дæр. Йæхæдæг æвдисæн уыд ир æмæ хъулгъайы хъаугъатæн, тыхми æмæ æхсары быцæутæн. Таурæгъон æрдз, хъайтарон цаутæ æмæ кады зарджытæ лæппуйы кодтой романтикæйы уацары. Скъолаты литературæйæ цы ахуыр кодта, уыдонæй йын, кæй зæгъын æй хъæуы, æхцондæр уыдысты, Кавказы цард æвдыст кæм цæуы, уыцы уацмыстæ.

«Æфхæрдты Хæсанæ»[ивын | Бындур ивын]

1897 азы хицæн чиныгæй рацыд кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ». Уыцы хъуыддаг уыд ахъаззаг æхсæнадон æмæ культурон фæзынд ирон царды. Уый тыххæй Байаты Гаппо фыста уæл монцæй: «Сызгъæрин сахат! Рох дын нæй. Нæ хохы æмæ быдыры зæдтыл-дауджытыл ног зæд бафтыд — Ирон литературæйы зæд!» (Газет «Ног цард», 1920, № 7).

Алы чиныгæн дæр ис хъысмæт æмæ истори. Рухс у «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы хъысмæт, хъæздыг æмæ мидисджын у йæ истори. Фарны уацау кадæг уайтагьд æрзылд Ирыстоныл Мæздæгæй Гудзаретмæ, айхъуыст хъæуæй хъæумæ, адæм æй зарæгау айстой сæ зæрдæмæ. Кадæг сси адæмон.

Гаппо йæ уацы сидт, зæгъгæ, адæм хъуамæ зоной, не ’взаг нын чи бацыргь кодта, нæ литературæйы зæрæстон хуымы сау кусæг чи уыд, уый. Æмæ чи уыд уый? Чи сфæлдыста алæмæты кадæг? Къубалты Бызийы фырт Алыксандр. Фæрныг æмæ цæрæццаг сты, йæ разагъды лæгты чи зоны, сæ ныхас йæ зæрдыл чи дары, уыцы адæм.

Адæмон æви Къубалы-фырты кадæг[ивын | Бындур ивын]

«Æфхæрдты Хæсанæ» æмткæй нæу фольклорон кадæджы хуызæн. Фольклорон традицитæ дзы бæлвырд-бæрæг кæй зынынц, уый историон фæтк у. Алы адæмты поэзи дæр сæвзæрд æмæ рæзыд адæмон сфæлдыстады бындурыл, литературæ йæ рæзты фыццаг къæпхæнтыл парахатæй пайда кæны фольклор æмæ йæ традицитæй. Афтæ уыд Алыксандры куыст дæр. Фæткы сæрты æрмæст Къостайы гени ахызти, фæлæ уый, æмбал кæмæн нæй, ахæм фæзынд у.

«Æфхæрдты Хæсанæ» амад у, карст дуртау, нывыл æмдзæвгæтæй, уыдонæн ис иугъæдон бæлвырд ритмикон нывæст, йæ рæнхъытæ дæстæгтæй сты æмбæрц æмæвæрдтæ. Ахæм стихамад нæ зыны фольклорон кадджыты нæ, фæлæ зæронд историон зарджыты дæр. Адæмон кадæджы цаутæ цæуынц фæд-фæдыл, рæстæгмæ гæсгæ. Хæсанæйы кадæджы бирæ цаутæ базонæм, куы ’рцæуынц, уый фæстæ. Зæгъæм, Солæманы хабæрттæ фехъусæм æрæджиау Госæмайы хъарæгæй; фæсбайдиан базонæм, фаззæттæ сидзæрæй куыд рæзыдысты, уый.

Фольклорон кадæджы сюжет нæ зоны æмæ нæ быхсы лирикон фæзилæнтæ. «Æфхæрдты Хæсанæ»-йæн поэтикон фидауц дæттынц лирикон фæзилæнтæ: Госæмайы мысинæгтæ, Саукуыдзы уавæр, Косерханы тыхстытæ.

Æппынфæстаг, уацмысы æвзаджы зынынц, ирон фольклорæн хицон чи нæ у, уырыссаг æндæвдадæй чи фæзынд, ахæм синтаксисон æууæлтæ: «Сымах фæцардыстут ысхойгæ къæбæрæй, кæцы уын æппæрста уæ фыды налат ус»; «даргъхъуырджын сау æвгтæ дæ сæрыл хойдзынæ, цалынмæ асæттой...»; «кæмæ ма цæудзынæн цырагъы рухсимæ, боныцъæх афоныл давæггаг ласгæйæ!» æмæ а.д.

Фольклор æмæ æмткæй ирон æвзагæн æцæгæлон уыдысты инверсион дзырдбæстытæ: «Нал уыныс арвы цъæх, нал уыныс зæххы сау». Бибо йæхи тыххæй йæ зарæджы цы дзырдта, уыдон Алыксандр уырыссаг æвзагмæ раивта, ирон æвзаджы домæнтæм гæсгæ: «Чтоб не видеть мне синего неба (цъæх арв), ни зелени наших полей» (нæ быдырты цъæх кæрдæг).

Ацы æвдисæнтæй зыны, уацмысы поэты сфæлдыстадон æрмдзæф бæрæг кæй дары, уый.

Кадæджы авторы фарст æндæр хуызы æвзæрста профессор Æлборты Барысби. Уый æрцыд ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, Алыксандры размæ Хæсанæйы тыххæй нæ уыд нæдæр кадæг, нæдæр историон зарæг, уацмыс сæрысуангæй у поэты сконд, уый иры дзыллæйæн ахæм адджын фæци, æмæ йæ мотивмæ гæсгæ скодтой хъайтарон зарæг («Фидиуæг», 1961, № 1).

Æцæгдзинад, æвæццæгæн, ис дыууæ цæстæнгасæн сæ астæу. Уацмыс у Алыксандры сæрмагонд сфæлдыстад, фæлæ йæ поэт снывæста адæмон поэзийы бындурыл, йæ куыст цыдис фольклорон традициты ссадвæдыл, сæйраг фæрæз ын уыд кадæджы поэтикæ, уыимæ йыл бæлвырд-бæрæгæй æндæвта европæйаг романтизм дæр.

Кадæг романтизмы уæлдæфæй кæй улæфы, ууыл дзуры Къостайы ахаст дæр. Къостайæн хъыг уыд, Байаты Гаппо «Къубалы-фырты чиныг» сахъат орфографийыл кæй рауагьта, уый (фыстæг Цæлыккаты Юлианæмæ, 1899, 5 июль). Æндæр фыстæджы Къоста хъазгæмхасæн фыссы, зæгъгæ, хастæй куы суæгъд уон, уæд мыл Дзæуджыхъæуы кæндзысты цинтæ, Витя мын хъæрæй кæсдзæн «Æфхæрдты Хæсанæ», Сеня та мын азардзæн Марсельезæ (фыстæг Цæлыккаты Аннæмæ, 1899, 12 августы). Фæлæ Къоста Алыксандры тыххæй загъта карз ныхас дæр: «Къубалы-фырты, хъыгагæн, нæ зонын, федтон æй æрмæст иу-дыууæ хатты. Йæ кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ»-мæ гæсгæ йын куы аргъ кæнæм, уæд мæм афтæ кæсы, цыма бæстон æмæ арф нæ хъуыды кæны цард æмæ поэзийæн сæ мидис æмæ сæ нысаныл» (фыстæг Цæлыккаты Аннæмæ, 1899, 7 сентябры).

Бæлвырд у иу хъуыддаг: Къостайæн гуырысхойаг нæ уыд, кадæг Алыксандры сфæлдыст кæй у, уый. Фæлæ уæд уыди цардивæн рæстæг, карз уыдысты социалон быцæутæ. Уавæр афтæ уыд аивады дæр. Поэзийы згæйау æвдæрзтой декадентон методтæ. Романтизмы дуг аивгъуыдта. Къоста тох кодта реалистон аивадыл, «Æфхæрдты Хæсанæ» та романтизмы æвзар уыд. Сфæлдыстадон методтæ материализм æмæ идеализмау кæрæдзи нæ быхсынц. Классицисттæ реалисттæ Лопе де Вега æмæ Шекспиры драматургтыл нæ нымадтой, романтиктæ Стендаль æмæ Гюго дур дурыл нал ныууагьтой классицистты принциптæй. Дон æмæ артау иумæ нæ фидауынц реализм æмæ символизм.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Джыккайты Шамил. Æхсар æмæ намысы кадæггæнæг. // «Мах дуг», 11/2001. Ф. 97. (ацы уацы бындур)
  • Къубалты А. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу: Ир, 2013 - 287 ф.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Swartz A. Aleksandr Kubalov // Open Library (англ.) — 2007.