Бенц, Карл

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Карл Бенц
нем. Carl Benz
Гуырæн ном нем. Karl Friedrich Michael Benz
Райгуырды датæ 1844-æм азы 25 ноябры(1844-11-25)[1][2][3][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1929-æм азы 4 апрелы(1929-04-04)[1][2][3][…] (84 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Архайды хуыз инженер, æрымысæг
Æмкъай Берта Рингер
Сывæллæттæ Рихард Бенц[d] æмæ Эуген Бенц[d]
Хорзæхтæ æмæ премитæ
Автограф Изображение автографа
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Карл Фри́дрих Михаэ́ль Бенц (нем. Carl[5][6][7][8][9] (Karl) Friedrich Michael Benz [kaɐ̯l ˈfʁiːdʁɪç ˈbɛnts], райгуырдис 1844-æм азы 25 ноябры, Мюльбурджы (Карлсруэ) — амардис 1929-æм азы 4 апрелы, Ладенбурджы) уыдис немыцаг инженер, мидсудзгæ змæлынгæнæгæй кусæг хæдтулгæ фыццаг чи æрхъуыды кодта, уыдонæй иу, автомобилон арæзтады фадыджы раздзæуæг.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Рагазтæ[ивын | Бындур ивын]

Карл Фридрих Бенц райгуырдис 1844-æм азы 25 ноябры сахар Мюльбурджы, Германы. Йæ фыд уыдис поезды машинист,æмæ иу хатт, поезды гом кабинæйы бадгæйæ, суазал ис, фæрынчын æмæ амардис. Йæ фыртыл уæд цыдис дыууæ азы. Йæ ныййарджыты фæндыд сæ сывæллонæн раттын хорз ахуырад. Карл Фридрих райдайæн скъола Карлсруэйы каст куы фæци, уæд, 1853-æм азы, бацыдис техникон лицеймæ (ныры Бисмаркы гимназ), уый фæстæ та, 1860-æм азы, политехникон университетмæ.

Æрыгон куы уыдис, уæд æй сцымыдис кодтой къамтæ исын æмæ къулыл ауындгæ сахæтты цалцæг кæныны куыст.[10].

1864-æм азы 9 июлы, 19-аздзыдæй каст фæцис Карлсруэйы университеты техникон механикæйы факультет. Уыдис Фердинанд Редтенбахеры ахуыргæнинаг.

Куыста машинæаразæн заводы сахар Карлсруэйы. Куыста дзы дыууæ азы.

Фондз азы дæргъы куыста инженер æмæ конструкторæй машинæаразæн заводты Мангеймы, Пфорцгеймы æмæ Венæйы.

1871-æм азы Август Риттеримæ иумæ байгом кодта механикон æрмадз Мангеймы. Æрмадз уагъта цæгджын дзауматæ æмæ згъæрæй конд арæзтадон æрмæджытæ, ифтонггæрзтæ. Тагъд рæстæджы Карл Бенц, йæ усаджы фыдæй райста æхца æмæ балхæдта йе ’мбалы хай. Карл æмæ йæ усаг Бертæ Рихтербаиу кодтой сæ цард 1872-æм азы 20 июлы. Рантыстис сын фондз сывæллоны.

Карьерæ[ивын | Бындур ивын]

1886-æм азы уагъд «Motorwagen»-ы реконструкци
Фыццаг хæдтулгæйы сæйрагдæр æлхынцъытæ

Йе ’рмадзы Карл Бенц райдыдта аразын ног мидсудзгæ змæлынгæнджытæ. 1878-æм азы 31 декабры райста патент дыууæтактон бензинæй кусæг змæлынгæнæг кæй æрхъуыды кодта.

Рæхджы Карл Бенцы къухы бафтыдис райсын патенттæ фидæны автомобилы æппæт ахсджиаг æлхынцъытæ æмæ системæты тыххæй: акселератор, ссудзæн цырагъ æмæ батарейæ кусæг ссудзæны системæ, карбюратор, æмхæстдзинад, алæвæрдтыты къопп æмæ донæй уазалгæнæн радиатор.

1882-æм азы сарæзта акционерон куыстуат «Gasmotoren Fabrik Mannheim», фæлæ 1883-æм азы йæ ахицæн кодта. 1883-æм азы велосипедты æрмадзы бындурыл сарæзта компани «Benz & Company Rhenische Gasmotoren-Fabrik», ноджы зындгонддæр уыд куыд «Benz & Cie». Компани райдыдта бензины змæлынгæнджытæ аразын æмæ уæй кæнын. Ам Бенц сарæзта йæ фыццаг хæдтулгæ.

Бенцы хæдтулгæйæн уыдис æртæ згъæрæй гонд цалхы: æрымысæгæн йæ бон нæ уыдис йæ дыууæ раззаг цалхы æмрæстæджы сзилдух кæнын. Змæлгæ кодта цыппартактон бензинон змæлынгæнæй, йæ дыууæ фæстаг цалхы æстау чи уыдис, ахæмæй. Рæхысы руаджы зилæн цыдис фæстаг сæмæнмæ. Хæдтулгæйæн уыдис стъæлфæнæй кусæг ссудзæны системæ цырагъимæ, дифференциал, æмхæстдзинад æмæ дыууæ адæттæны — нейтралон æмæ раззаг. Змæлынгæнæг йæхи донæй уазал кодта, терморегуляци та æххæст цыдис змæлынгæнæджы цилиндрæй доны сысынадæй.

1885-æм азы автомобиль æрцæттæ уыд æмæ йæ схуыдтой «Motorwagen». 1886-æм азы январы патент йыл райстой, й' архайд бафæлвардтой, æмæ 1887-æм азы фенын æй кодтой йæ Парижы равдысты.

1888-æм азы райдыдта йæ хæдтулгæтæ уæй кæнын. Рæхджы байгом кодта ног уæйгæнæн филиал Парижы.

1888-æм азы Берта Бенц, йæ лæгæн ницы дзургæйæ, хæдтулгæ райста æмæ йыл араст Мангеймæй Пфорцгейммæ, йæ мады басгарынмæ. Иу боны дæргъы автомобилисттæ 106 километры дæрддзæг фæцыдысты. Фæндагыл уæвгæйæ цалдæр хатты балхæдтой бензин аптекæты, сыгъдæггæнæн хосау йæ кæм уæй кодтой, уым.[11][12]

1886-1893 æзты ауæй кодта 25 «Motorwagen» моделы хæдтулгæты.

1889-æм азы Бенцы минæвæр Францы равдыста йæ хæдтулгæ автомобилон æппæтдунеон равдысты Парижы. Æмрæстæджы дзы æвдыстой немыцаг компани Daimler-ы хæдтулгæтæ дæр. Фæлæ равдыст хорз уæйтæ не ’рхаста. Афтæ уыд 1890-æм азы онг, немыцаг компанитæн Бенцы хæдтулгæтæ аразын цалынмæ нæ бафæндыд, уалынмæ. Бындур сæвæрдтой ног фирмæйæн, æрмæстдæр Бенцы хæдтулгæтæ чи аразта, ахæмæн. Уый фæстæ Бенц æнæсцухæй куыста йæ ног проекттыл æмæ хæдтулгæты тестон азгъордтыл дæр.

1893-æм азы арæзтæуыд асламдæр дыууæбынатон хæдтулгæ Victoria, æртæ бæхы тыхы бæрц змæлынгæнæгæй кусæг æмæ фыппар цалхы кæмæн уыдис, ахæм. Йæ тагъдад уыдис 17-20 км/сах. Фыццаг азы 45 ахæм хæдтулгæты ауæй кодта.

1894-æм азы уадзын райдыдтой хæдтулгæтæ Velo. Velo-хæдтулгæ хайад иста фыццаг автомобилон ерысæй дугъы, Париж—Руаны.

1895-æм азы арæзтæуыд фыццаг уæзласæн, æмæ ма историйы фыццаг автобустæ.

1897-æм азы сфæлдыста горизонталон авæрдимæ дыууæцилиндрон змæлынгæнæг, «контрæ-змæлынгæнæг» кæй хонынц, уый. Рæхджы та, «Benz»-æн йæ хæдтулгæтæ стыр æнтыстдзинæдтæ спортивон архæдты кæй æвдыстой, уый тыххæй систы популярон æмæ зындгонд æлхæнджыты æхсæн. Бирæ æнæнтыст азты фæстæ Карл Бенцы хъуыддаг æнтысджын сси.

1906-æм азы Карл Бенц, Берта Бенц æмæ сæ фырт Евгений æрцардысты Ладенбурджы. 1914-æм азы 25 ноябры Карлсруэйы техникон университет Карл Бенцæн цытджын докторы ном радта.

Фыццаг дунеон хæсты фæстæ Германы цы финансон кризис уыд, уый бирæ хайæдтæн зиан æрхасста, се ’хсæн хæдтулгæты арæзтад дæр уыдис. Уæззау экономикон ситуацийæ цæмæй фервазой, уый тыххæй 1926-æм азы 28 июны Карл Бенцы компани «Benz & Cie» æмæ Готлиб Даймлеры «DMG» сæхи баиу кодтой, æмæ ног концерн «Daimler-Benz» самадтой, абоны бон Daimler AG чи хуыйны, уый, æмæ сæ хæдтулгæтæн сæ нæмттæ «Mercedes-Benz»-ыл фæивдтой, DMG-йы æппæты хуыздæр модел "Mercedes 35 PS"-йы номæн. Хæдтулгæ «Mercedes» йæ ном райста Мерседес Еллинекы номæй, Даймлеры партнёр Эмиль Еллинекæн, ног хæдтулгæйы спецификацитæ сæ сæвæрдта, уымæн йæ чызг чи уыд. Ног фирмæйы логотип сси Даймлеры æрæтигъон стъалы («змæлынгæнæнтæ зæххæн, уæлдæфæн æмæ донæн»), йæ алфамбылай та ис Бенцы эмблемæйæ ист лавры къалиу.

Мæлæт[ивын | Бындур ивын]

Карл Бенц йæ цардæй ахицæн 1929-æм азы 4 апрелы Ландебурджы, рæуджыты судзагы фæстæ. Берта Бенц та амардис бирæ рæстæг фæстæдæр, 1944-æм азы 5 майы.

Карл Бенцы номыл схуыдтой футболон клуб Вальдхофы стадион — Карл-Бенц-Стадион, æмæ ма Бенц-Пасс — хæххон æфцæг Антарктидæйы.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Benz, Carl. Lebensfahrt eines deutschen Erfinders : meine Erinnerungen / Karl Benz(нем.). — München: Koehler und Amelang, 2001. — ISBN 3-7338-0302-7.
  • Benz, Carl Friedrich. Lebensfahrt eines deutschen erfinders; erinnerungen eines achtzigjahrigen(нем.). — Leipzig: Koehler & Amelang, c. 1925.
  • Elis, Angela: Mein Traum ist länger als die Nacht. Wie Bertha Benz ihren Mann zu Weltruhm fuhr. Hoffmann und Campe, Hamburg 2010, ISBN 978-3-455-50146-9
  • Seherr-Thoss, Hans Christoph, Graf von. Zwei Männer – ein Stern : Gottlieb Daimler und Karl Benz in Bildern, Daten und Dokumenten(нем.). — Düsseldorf: VDI-Verlag, 1988. — ISBN 3-18-400851-7.
  • Seidel, Winfried A. Carl Benz : eine badische Geschichte ; die Vision vom "pferdelosen Wagen" verändert die Welt(нем.). — Weinheim: Ed. Diesbach, 2005. — ISBN 3-936468-29-X.
  • Siebertz, Paul. Karl Benz : Ein Pionier der Motorisierung(нем.). — Stuttgart: Reclam, 1950.

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]