Перейти к содержанию

Агностицизм

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Агностицизм (рагон грекъ. ἄγνωστος — æнæфæсмæргæ, æнæбамбарæн) у философи, хаттæны теорийы æмæ теологийы терминологи, кæцымæ гæсгæ ницы хуызы ис айдагъ субъективон фæлтæрдæй объективон бæлвырдад базонæн, æмæ кæй нæй гæнæн цыфæнды кæронон æмæ абсолютон реалады бындуртæн бамбарæн. Афтæ ма дзы тигъгонд цæуынц сбæлвырд кæныны, кæнæ мæнгæй равдисыны фадат идейæтæн, йе та сæмæндзырдтæн, кæдон сты æнæхъæнæй дæр субъективон хъуыдытыл бындурамад. Хаттæй-хатт агностицизм æмбæрстгонд цæуы куыд философон ахуырад, кæцы йæ ныфсхастæй зæгъы æмæ нæ дунейы февзæрдæн æмæ куыстгъæдæн, цыфæнды ма уа, уæддæр никуыд ис рафæсмæрæн.

Томас Генри Гексли

Агностицизм фæзынди XIX æнусы кæрон, куыд антитеза метафизикон философийæн, кæцы активон архайд кодта дунейы иртасыныл метафизикон идейæты субективон æдхъуыдадыуылтыл, æмæ куыд арæхдæр, уыд æнæ обективон равдыст, кæнæ сбæлвырдæй.

Философон агностицизмы йеддæмæ ма вæййы теологон æмæ зонадон агностицизм.

Теологийы мидæг агностиктæ хицæн кæнынц дин æмæ религийæ культурон-этикон хай, кæцыйы хуымæтæджы нымайынц алы адæмыхаттыты æхсæнæдты миддзæсгом барæныл, аладæмон æгъдауыл, кæцы у иумæйаг не ’ппæтæн дæр, мистиконæй (хуыцæутты æмæ хæйрæджыты уæвынад, мæрдты бæстæ, религиозон фæтктæ) æмæ фæстагы уадиссаг ницæмæ дарынц.

Зонадон агностицизм уæвæг у куыд хаттæны теорийы принцип, кæцы æнхъæл у, æмæ кæд гоймагмæ, цæргæ-цæрын цы фæлтæрддзинад фæзыны, уый æнæмæнгæй дæр йæ лæдæрæнæй фæивы, уæд уыцы гоймаджы бон нæу дунейы хуыз æнæхъæнæй бамбарын æмæ айсын. Агностицизм нæу дунегъæд фæсмæрынвæнды ныхмæ, фæлæ амоны, ацы хъуыддаджы цыфæнды зонады аиппдзинадмæ æмæ кæй нæй цардæн æнæхъæнæй бамбарæн, уымæ.

Номæвæрд ыл скодта анлисаг зоолог, профессор Томас Генри Гексли 1869-æм азы, «Метафизикон æхсæнад» дзы куы ракуырдта, цæмæй-иу уый дæр сæ ныхасы хайад иса.

«Интеллектхъом куы сдæн æмæ куы райдыдтон фæрсын мæхи, чи дæн - атеист, теист æви пантеист; материалист æви идеалист; чырыстон æви хæдбархъуыдыгæнæг, — зæгъы Гексли, — æмæ йæ рахатыдтæн, цас фылдæр ахуыр кодтон æмæ мæм хъардта, уый ас æдзæттæдæр уыдис йæ дзуапп, цалынмæ уæддæр иу хъуыдымæ не ’рцыдтæн, æмæ мæм нæ сæ иутимæ уыд ницы иумæйагæй, нæ сæ иннæттимæ, фæстаджы йеддæмæ». Йæ хъуыдымæ гæсгæ, агностик у адæймаг, кæцы хуыцæутты уырнынады бастдзинадæй йæхи ссæрибар кæны, æмæ кæй уырны царды мидисы æнæфæсмæрад, уымæн æмæ гъо йын нæй базонæн.