Цоциты Герсан

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Цоциты Сардойы фырт Герсан (райгуырдис 1921-æм азы — амардис 1943-æм азы) у ирон поэт æмæ æфсæддон.

Цоциты Герсан райгуырдис 1921-æм азы Хуссар Ирыстоны Стыркомы хъæуы, ахуыр кодта Сталиниры педагогон скъолайы, фæлæ йæ ахуыр ныууагъта рынчын фæуыны аххосæй. Æрыгон поэты æмдзæвгæттæ мыхуыры цыдысыт газеттæ æмæ журналты.

1942-æм азы ацыдис æфсадмæ. Æфсæддон скъолайы фæстæ æрвыст æрцыдис фронтмæ æмæ дзы фæмард 1943-æм азы Краснодары цур.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Джебогъ æмæ сисæй. Сталинир, 1959.
  • Мах дуг. 2005 азы 5-6 иугонд номыр. Ф. 307-308.