Цъебойтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Цебоевы-æй æрвыст)

Цъебойтæ (уырыс. Цебоевы, Цебовы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Дыгургомы Цъебойты мыггаг куыд фæзынд, уый тыххæй ис дыууæ таурæгъы. Иу таурæгъмæ гæсгæ, Цъебойты мыггагæн йæ фыдæл уыд Астаны аст фыртæй иу. Цъебо, дам, райгуырд Мæхческы, Астанты хæдзары. Мæхческы хъæуæй (Къубусæй) ралыгъд Уæхъæцмæ, йæ мыггаг йæ номыл раивта — Цъебойтæ, зæгъгæ.

Дыккаг таурæгъмæ гæсгæ та, Цъебойты фыдæл Цъебо Дыгургоммæ æрбафтыд Гуырдзыйæ. Астан, Цъебо æмæ Джапар уыдысты гуырдзиаг кнйазы фырттæ. Уым фæтуджджын сты æмæ сæхи райстой Дыгургоммæ. Астан æрцард Махческы, Цъебо — Уæхъæцы, Джапар та Цъебомæ хæстæг Узунæгы кувæндонмæ хæстæг.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.