Хъуылаты Созырыхъо
Хъуылаты Созырыхъо | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1900 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1938 |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | фыссæг, поэт |
Уацмысты æвзаг | ирон æмæ уырыссаг |
Хъуылаты Садуллæйы фырт Созырыхъо (Сикъо[1]) (райгуырдис 1900-æм азы Згъуыбиры — амардис 1937-æм азы) уыдис ирон фыссæг.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Созырыхъо райгуырдис Хуссар Ирыстоны Згъуыбиры хъæуы мæгуыр зæхкусæджы хæдзары. Созырыхъо ахуыр кодта Уанелы скъолайы[1], фæстæдæр Гуры гимназы, фæлæ йæ каст нæ фæциc.
Хæрз æрыгонæй фæцалх ис революцион куыстыл. Меньшевикты хицауады дзырдæй йæ дыууæ хатты æрцахстой, фæлæ та-иу ралыгъдис. Фæстагмæ баиу большевиктимæ æмæ рафтыдис Цæгат Кавказмæ. Уыдиc Сырх Æфсады эскадроны политразамонæг, урсгвардионты ныхмæ хæцыдиc Бургъустаны. 1923–1928 азты ахуыр кодта Мæскуыйы Тимирязевы номыл хъæууонхæдзарадон академийы. Уый фæстæ куыста алы рæтты: журнал «Фидиуæджы» редакторæй, Гуырдзыстоны К(б) П-йы ЦК-йы хъæууонхæдзарады хайады инспекторæй, Фæскавказы пролетарон фысджыты ассоциацийы президиумы сæрдары хæдивæгæй, Хуссар Ирыстоны рухсады адæмон комиссарæй.
1937-æм азы йæ æрцахстой, сæвæрдтой йыл адæмы знаджы ном æмæ йæ амардтой.
Сфæлдыстад
[ивын | Бындур ивын]Литературон куыст кæнын райдыдта 1916-æм азы. Уыдис дæсны прозаик, фыста æмдзæвгæтæ дæр, уыимæ, адæмон сфæлдыстады бындурыл чи æнцадис, ахæмтæ.
Фыссæджы литературон бынты тæккæ æххæстдæр æмбырдгонд рацыди 1957-æм азы Цхинвалы.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 Плиты Г. Г. Мæлæм! Уæд лæугæйæ! — Цхинвал, 2020.