Хъороты Хъазыбег
Хъороты Алыксандры фырт Хъазыбег (райгуырдис 1908-æм азы Ерманы хъæуы — амардис 1964-æм азы) у ирон фыссæг.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Хъороты Хъазыбег райгуырд 1908 азы Урстуалты Ерманы хъæуы. Уым арвыста йæ сабибонтæ. 1919 азы баззад сидзæрæй æмæ гуыбыны хардзыл цыд фыййау. Хъороты Хазыбег Хуссар Ирыстоны лигъдæттимæ рахызт Цæгат Ирыстонмæ. Ам хъомыл кодта сидзæрдоны. Бацыд фæскомцæдисы рæнхъытæм. 1923 азы Дзæуджыхъæуæй афтыд Калакмæ æмæ кусын райдыдта типографийы чингуыты цъæрттæгæнæн цехы.
1926 азы Хъазыбеджы равзæрстой Гуырдзыстоны паддзахадон рауагъдады типографийы фæскомцæдисон организацийы разамонæгæй. Дыууæ азы фæстæ йæ айстой Коммунистон партийы рæнхъытæм æмæ ахуырмæ бацыд коммунистон изæрон уæлдæр скъоламæ. 1929 азы Гуырдзыстоны Компартийы ЦК Хъоройы фырты сæвæрдта Цхинвалы типографийы директорæй. Цалдæр азы фæстæ та йæ равзæрстой Хуссар Ирыстоны фæскомцæдисы обкомы секретарæй. 1937 азмæ та уыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон рауагъдады директор. Кусæг къласы ’хсæн ссардта йæ амонд æмæ йын схæлар кодта йæ курдиат, кусæг тематикæйыл фыст йæ фыццаг æмдзæвгæтæ мыхуыры фæзындысты 1930 азы.
Фыста уацмыстæ сывæллæттæн дæр. 1935 азы сын рауагъта чиныг «Ног хъæлæс», ирон æвзагмæ раивта зындгонд уацмыс «Мюнхаузены хабæрттæ». Цалдæр хатты рацыд мыхуыры.
1937 азы Хъороты Хъазыбеджы ахаста фыд рæстæджы уылæн. Зынты, стыр зынты дзы бахаудта, фæлæ уæддæр йæ зæрдæйы хæрамдзинад нæ сæвзæрд, уарзон ын уыд йæ Райгуырæн бæстæ æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг дард Сыбыры ахæстоны дæр фыста патриотон æмдзæвгæтæ. Уыдон чиныгкæсæгмæ фæхæццæ сты, фæндзайæм азты йæ куы сраст кодтой, Ирыстонмæ куы æрыздæхт æмæ йæ хуыздæр уацмыстæ 1958 азы куы рацыдысты, уæд.
Хъоройы фырт та кусын райдыдта Цхинвалы типографийы директорæй, кодта сфæлдыстадон куыст, фæлæ йæ уæззау зæрдæниз бирæ цæрын нал бауагъта — йæ уарзон адæмæй фæхъуыд 1964 азы.[1]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Цгъойты Хазби. Цæвæг марæджы не ’взæрста — Цхинвал: Рауагъдад «Ирыстон», 1996