Перейти к содержанию

Хъайырты Владимир

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъайырты Владимир
Райгуырды датæ 1913-æм азы 13 июлы(1913-07-13)
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 2004
Бæстæ
Архайды хуыз актёр, драматург, театралон режиссёр
Ахуырад
Хорзæхтæ æмæ премитæ

Хъайырты Зауырбеджы фырт Владимир (райгуырдис 1913-æм азы Æрыдоны) у ирон актёр, драматург, режиссёр, Гуырдзыстоны ССР-ы аивæдты сгуыхт архайæг, Хуссар Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг, Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры сæйраг режиссёр.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Хъайырты Владимир райгуырдис 1913-æм азы Æрыдоны.

1936 азы Хъайырты Владимир ахуырмæ ацыд Ленинграды Островскийы номыл театралон институтмæ æмæ йæ иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци 1941 азы. Уыцы аз æрыздæхтæмæ кусын райдыдта Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры артистæй. Фæстæдæр, 1957 азы, Хъайырты Владимир каст фæцис, уæлдæр кæйжой ракодтам, уыцы институты режиссёрон факультет æмæ уæдæй фæстæмæ кæны режиссёры куыст.

Хъайырты Владимир Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры сценæйыл фыццаг хатт сæвæрдта Мольеры комеди «Скапены митæ» 1942 азы, уæдæй нырмæ сценæйыл цы спектакльтæ сæцæрдта, уыдонæй сæ тæккæ тыхджындæртæ сты: «Мастисджытæ», «Сæниат», «Хæтæнхауæг фырт», «Кремлы куранттæ», «Уарзондзинады кадæг», «Бæсты фарн», «Мады зæрдæ», Биноиты хъæлæба», «Дыууæ хойы», «Дыууæ хицауы лæггадгæнæг» æмæ æндæртæ.

Хъайырты Владимир кæны литературон куыст дæр. Ныффыста æмæ сценæйыл æвæрд æрцыд ирон драматургийы хуыздæр пьесæтæй сæ иу — «Бæтæйы фырттæ», куклæты театрæн та — ирон таурæгъты бындурыл — «Ацæмæз».[1]

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Гаглойты Вл., Мулдарты Т. Хуссар Ирыстоны театр. Хуссар Ирыстоны чингуыты рауагъдад — Цхинвал, 1968.