Хъоды

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Хъæудзырд-æй æрвыст)

Хъоды (кæнæ хъæудзырд) иу кодтой тынг чи фæрæдыд, ахæм адæймагыл. Дæнцæгæн: хистæры бафхæрдта, адавта æви æндæр æнæгъдау ми бакодта. Хъодыгонды-иу нæ уагътой хъæугуывдтæм, адæмон æмбырдтæм, чындзæхсæвтæм, зиантæм, йæ фос нæ хызти хъæуы фосимæ. Не ’мбæлыд йемæ ныхас кæнын дæр.

Адæмæн сæ бон уыд сисын сæ тæрхон хъодыгондæй цасдæр рæстæджы фæстæ (рæдыдмæ гæсгæ). Арæх уыдис ахæм хабæрттæ æмæ хъоды кæуыл скодтой, уый-иу лидзæг фæци йæ райгуырæн хъæубæстæй, суанг Ирыстонæй дæр.

Хъоды у ирон адæмы æгъдæуттæй иу. Ныры рæстæджы йын нал баззадис бынат. Æгъдау баивта паддзахад, полицæ, ахæстон.