Хъæрæсейаг-балхъайраг æвзаг
Внешний вид
(Хъæрæсейаг æвзаг-æй æрвыст)
Хъæрæсейаг-балхъайраг æвзаг | |
---|---|
Хином | къарачай-малкъар тил, таулу тил |
Бæстæтæ | Уæрæсе |
Официалон статус | Хъæрæсе-Черкес, Кæсæг-Балхъар |
Дзурджыты нымæц | 302 748 (2002) |
Классификаци | |
Категори | Евразийы æвзæгтæ |
Фыссынад | кириллицæ |
Æвзаджы кодтæ | |
ISO 639-1 | — |
ISO 639-2 | krc |
ISO 639-3 | krc |
ГОСТ 7.75–97 | као 280 |
WALS | krc |
Atlas of the World’s Languages in Danger | 1075 |
Ethnologue | krc |
IETF | krc |
Glottolog | kara1465 |
Википеди ацы æвзагыл |
Хъæрæсейаг-балхъайраг æвзаг (къарачай-малкъар тил, таулу тил) у тюркаг æвзæгты кыпчакаг къорды иу, хъæрæсейæгты æмæ балхъайрæгты æвзаг. 2002-æм азы Уæрæсейы адæмы сфыстмæ гæсгæ хъæрæсейаг-балхъайраг æвзагыл дзурынц 302,7 мин адæймаджы, сæ фылдæр цæрынц Хъæрæсе-Черкес æмæ Кæсæг-Балхъары республикæты.
Хъæрæсе-балхъайарагау уагъд цæуынц дыууæ газеты: «Къарачай» æмæ «Заман».
Зындгонддæр балхъайраг поэтты ’хсæн сты Казим Мечиев (1859—1945) æмæ Хъайсын Кулиев (1917—1985). Кулиевы æмдзæвгæтæ ирон тæлмацы цыдысты мыхуырæй.