Хъæдох

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Хъæдарæхснаг-æй æрвыст)

Хъæдох, варианттæ сты: Хъæд-сур[1], Хъæды хицау[1], Хъæдус барæгджын[1], дыгур. Хъæдарæхснаг, Гъæдæрæхснæг[1] у хъæдты цæрæг хæйрæг ирон мифологийы. Дыгурон мифологион зарæг «Комиай фирти зар»-мæ гæсгæ ис дыууæ хъæды хæйрæджы: тызмæг, мæстыгæр, хонынц æй хъæды сайтан, кæцыйы æвдисынц, йæ дзыхæй пиллон арт чи уадзы, ахæм æвирхъау цæрæгойы хуызы; зæрдæхæлар — хъæдсæр, æвдисынц æй рæсугъд нæлгоймаджы хуызы, цæры тæрс бæласы сæр.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 1,2 1,3 Дзиццойты Юри. Ирон филологийы фарстытæ. Том I. / Тыбылты А. номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет. — Цхинвал: Республика, 2017. — 464 ф.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.