Хъæдæрс
Внешний вид
Хъæдæрс у хъæдты бардуаг. Хъæддзаутæ йыл сæхи фæдзæхстой, хъæдæрмæг æмæ суг ласынмæ цæугæйæ. Рæдауæй сыл куыд сæмбæла, хъæды хуыздæр къохмæ сæ куыд бакæна, куыд дзы нæ фæдзæгъæл уой, зынцæуæн фæндæгтыл дзы куыд никæй цалх асæтта, мæсчъы дзы куыд никæй бæхтæ, галтæ ныссæдзой, ныоцани уой. Хъæддзаутæм, стæй хъæды астæу фæндæгтыл цæуæг адæммæ афтæ фæкæсы, цыма Хъæдæрс æдзухдæр сæ фæдыл, сæ архайдмæ кæцыдæр бæласы фæсте кæсы, йæ хъæд хъахъхъæны фыдгæндæй, артæй. Хъæдæрсæй нымд кæнгæйæ хъæды йæ фæстæ æнæфснайдæй ничи уагъта, зынгæй йæ хъахъхъæдтой, æнæхъæугæ дзы къалиу дæр ничи саста. Тæрсгæ дзы нæ кодтой, фæлæ – аргъуц.[1]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.