Хуыбецтæ
Внешний вид
Хуыбецтæ | |
---|---|
Æндæр вариант | Хуыбежтæ |
Æрвадæлтæ | Гаджитæ, Къоратæ[1] |
Кæм цардысты | Сахсат, Сынтбадæн, Лет, Хъемулта |
Хуыбецтæ[1] кæнæ Хуыбежтæ[1] (уырыс. Хубецовы, Хубежовы, гуырдз. ხუბეჟაშვილი) сты ирон мыггаг.
Равзæрд
[ивын | Бындур ивын]Хуыбежты фыдæлтæ Хуссар Ирмæ æрбафтыдысты Цæгат Ирæй Уæлладжыры комæй, Нары хъæуæй. Æрбынат кодтой Дзауы районы Сынтбадæны. Фæстæдæр уырдыгæй дыууæ æфсымæрæй Росе æмæ Шупл ралыгъдысты Знауыры районмæ, æрцардысты Къуыдары. Гуырдзы ацы хъæу хонынц Саджваре. Хуыбежтæ Къуыдаргомæй кæй ралыгъдысты, уымæ гæсгæ сæ хъæуыл сæвæрдтой «Къуыдар». Абон дæр ма дзы бирæ цæры Хуыбежтæй.[1]
Хуыбежтæ ралыгъдысты Сахсаты хъæуæй æмæ æрбынат кодтой Сынтбадæны.[1]
Мыггаджы зындгонд минæвæрттæ
[ивын | Бындур ивын]- Хуыбецты Къахабер[2] — хъæбысхæцæг
- Хуыбецты Раисæ (1922—2002) — драматург
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 1,2 1,3 1,4 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
- ↑ „Ерысты фæстаг бон ма бронзæ майдан рамбылдта Хуыбецты Къахабер дæр“