Хацырты Сергей

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хацырты Сергей
Райгуырды датæ 1918-æм азы 1 мартъийы(1918-03-01)[1]
Райгуырæны бынат Дæллаг Цъубен
Мæлæты бон 2007-æм азы 15 октябры(2007-10-15) (89 азы)
Мæлæты бынат
Архайды хуыз поэт

Хацырты Сергей (райгуырдис 1918 азы 1 мартъийы Дæллаг Цъубены хъæуы, амардис 2007 азы 15 октябры) у ирон поэт, прозаик æмæ драматург, бирæ популярон зарджыты текстты автор.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Хацырты Сергей райгуырд Чысангомы, Дæллаг Цъубены хъæуы. Сергейыл æххæст 2 азы дæр нæма цыд, афтæ амард йæ мад æмæ йæ хъомыл кодта йæ мады мад.

Азтæ цыдысты æмæ сидзæр лæппу рæзт, ахуыр кодта, фæцис педтехникум, райста уæлдæр ахуырад, ноджы йæм уый фаг нæ фæкаст æмæ ма йæ ахуыр адарддæр кодта æмæ каст фæцис Цæгат Ирыстоны пединституты аспирантурæ дæр.

Царды къæпхæнтыл уæлæмæ хизгæйæ, куыста бæрнон бынæтты: астæуккаг скъолайы директорæй, стæй газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы.

1955 азы Сергей æрцыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ йæ йæ къах нал ахаста, Цхинвалы баззад. Куыста рауагъдад «Ирыстон»-ы редакторæй, фæстæдæр куыста Хуссар Ирыстоны радиоредакцийы литературон-музыкалон хайады редакторæй, стæй та журнал «Фидиуæг»-ы прозæйы хайады хистæрæй. Ацы бынатæй Сергей ацыд пенсийы.

Сфæлдыстад[ивын | Бындур ивын]

Сергей тынг популярон уыд куыд Цæгаты, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр. Йе ’мдзæвгæты æмбырдгонд «Фæндаджы фарн» мыхуыры рацыд 1988 азы. Уæды онг Хацырты Сергей уыд цалдæр прозаикон æмæ драмон чингуыты автор, фæлæ цæмæндæр, Сергейæн уæлдай æхсызгондæр уыдис йе ’мдзæвгæты æмбырдгонды фæзынд. Ацы æмбырдгонды мыхуыр сты, йæ зæрдæ иууыл тынгдæр кæуыл дардта, йæ уыцы æмдзæвгæты хуыздæртæ, сæрмагондæй та йын йæ лирикон зарджытæ æрхастой стыр æхцондзинад.

Сергей æрдзæй рахаста диссаджы рæсугъд курдиат: литературæйы нæ баззад иунæг къабаз дæр, уый йæ тыхтæ кæм нæ бафæлвæрдта. Уæдæ прозæйæ зæгъай, драматургийы, публицистикæйы, тынг арæхст аивадон уацмыстæн сæ мидис, се ’взаг, царды фæзындтæн лæмбынæгæй анализ кæнынмæ.

Йæ драматикон уацмыстæ «Æрдхæрттæ» (1948 аз), «Дудар æмæ йæ хæлæрттæ» (1952 аз), «Æхсарджынты кадæг» (1963 аз), «Ичъи» (1964 аз), «Гæбулы рæдыд» (1956 аз) сæ фылдæр фыст сты стихтæй, ома, поэзийы æвзагæй.

Сергей кæйдæртау йæ уацмыстæ мыхуыр кæныныл нæ тагъд кодта. Йæ пьесæтæй æрмæст дыууæ — «Æрдхæрттæ» æмæ «Гæбулы рæдыд» рацыдысты хицæн чиныгæй, уый уыд 1956 азы «Ирон пьесæтæ», — зæгъгæ, ахæм номимæ.

Цæй мидæг ис Хацырты Сергейы йæ драмон уацмысты се ’нтысты аххосаг? Æппæты фыццаг уал уымæй æмæ Сергейы драмæтæн сæ сю-жеттæ ист сты цардæй. Цард та ахæм у æмæ æрымысгæ, авторы фантазийы продукт нæ, фæлæ сты реалон, мæнæ, цыма, царды алы нывтæ дæр авторæн йæ цæстыты раз цæуынц, ахæм æнкъарæн æвзæрын кæнынц, чи сæ фæкæсы, уымæ. Уый та уымæн афтæ у æмæ Сергей хорз зыдта, адæм цæмæй цæрынц, цæмæй улæфынц æппæт уыцы лыстæг фæзилæнтæ æмæ сæ арæхстгай пайда кодта.

Прозæйы жанры дæр Сергей тынг курдиатджынæй равдыста йæхи. Йæ фыццаг роман «Хæзна»-йы ныффыста, Хуссар Ирыстонмæ куы æрцыдис, уæд. Роман «Хæзна»-йы автор равдыста Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ азты Фарны районæй колхозтæ «Уæлахиз» æмæ «Размæ»-йы хæдзарадтæ куыд æндидзыдтой, æппæт уыцы хабæрттæ. Дыууæ колхоз басастой ног зæххытæ, бахуым сæ кодтой, байтыдтой сæ, дон сæм рауагътой. Æмæ дыууæ колхоз дæр райстой хъæздыг тыллæг. Романы ном «Хæзна» дæр уырдыгæй цæуы.

Фæстæдæр Сергей ныффыста роман æртæ чиныгæй «Хæхты фæдисон». Ацы романы архайд цæуы 1905-1907 азты Ирыстоны зæххыл, фыст у сæрибары сæрыл тохы цаутыл. Романы сæйраг архайджытæ сты Хацырты Олгъа æмæ Хуыбиаты Уасо, реалон адæймæгтæ. Романы архайджытæ цæттæ сты сæрибары сæрыл сæ удтæ нывондæн æрхæссынмæ.

Роман «Хæхты фæдисон»-ыл ирон чиныгкæсæг сæмбæлд тынг æхсызгонæй. Уый цыд къухæй-къухмæ. Уый фенгæйæ, Сергей бацархайдта æмæ роман 1985 азы мыхуыры рацыд Мæскуыйы стыр тиражæй, уырыссаг æвзагыл «Тревога», зæгъгæ. Уый та дзурæг у фыссæджы стыр сфæлдыстадон æнтыстыл.

Чиныгкæсджытæ зæрдиагæй сæмбæлдысты Сергейы уацау «Алæмæт»-ыл дæр. Автор æй уацау рахуыдта, фæлæ йæ гуырахстмæ гæсгæ романы домæнтæн дæр дзуапп дæтты. Романы сæйраг хъайтартæ Алæмæт æмæ Азæмæт сты царды дидинджытæ, сæ базонгæйы саха-тæй суанг кæронмæ ацы дыууæ æвзонг уды зарæг зæлланг кæны чиныгкæсæджы зæрдæйы. Æндæр уацмысты дæр куыд нæ, фæлæ ам Хацырты Сергейы лирикон зæрдæйы комулæфт тынг разынд.

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]