Хангылы бон

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
«Хунмин джæным»-ы тексты хай корейаг дамгъæтæй æмæ китайаг иероглифтæй

Хангылы бон (한글날) у сæрмагонд бæрæгбон, кæцы цыт кæны корейаг алфавитæн. Корейаг фыссынад кæддæр уыдис китайаг иероглифты бындурыл, фæлæ 1446-æм азы паддзах Седжон байхъусын кодта ног фыссынады проект — «Хунмин джæным» («Раст мыртæ адæмы ахуыр кæнынæн»).

Хангылы бон бæрæг кæнынц 9 октябры Хуссар Корейы æмæ 15 январы Цæгат Корейы. Хуссар Корейы Хангылы бон 1991-æм азы агъоммæ уыд æнцойбон, фæлæ амалхъом адæмы фæндонмæ гæсгæ уыцы бæрæгбон æнцойбон нал у, корейæгтæ дзы кусынц.