Хабæты Риммæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Хабæты-Гæджынаты Риммæ у ирон поэт[1], зарджыты ныхæсты автор[2], Стыр Ныхасы Сылгоймæгты комитеты сæргълæууæджы хæдивæг, Цæгат Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг[1].

Кусы Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны ахуыргæнæг-методистæй[3], йæхæдæг уый тыххæй афтæ дзуры:

« ...уыцы галуаны ирондзинад гыццыл къуылымпы кодта. Концерттæм-иу куы бацыдтæн, галуаны концерттæм, æмæ дзы ирон ныхас куы нæ райхъуысти, уæд-иу мын афтæ зын уыди, æмæ сфæнд кодтон: цæй-ма, цы тыхтæ ма мын ис, цы зонындзинæдтæ ма мын ис, гъе уыдонæй бацæуон æмæ уым æрлæууон æмæ уыцы галуанæй ирон ныхас райхъусын кæнон. Æмæ мæнмæ гæсгæ мæ къухы бафтыди.[1] »

Афæдзы дæргъы цардис Турчы, Стамбулы сахары, амыдта дзы ирон æвзаг алы кары ахуырдзаутæн[1].

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]