Буаробер, Франсуа де

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Франсуа де Буаробер
фр. François Le Métel de Boisrobert
Райгуырды датæ 1592-æм азы 1 августы(1592-08-01)[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1662-æм азы 30 мартъийы(1662-03-30)[2][1] (69 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт, драматург, фыссæг, политик
Уацмысты æвзаг францаг[3][4]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Франсуа Лё Мете́ль де Буаробе́р (фр. François Le Métel de Boisrobert, райгуырдис 1592 азы 1 августы, Каны — 1662 азы 30 мартъи, Парижы) уыди францаг поэт æмæ драматург.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Франсуа райгуырдис Каны, Руаны хъалонты палатæйы (фр. La cour des aides) прокуроры бинонты ’хсæн.

Йæ ахуыры сæр уыдис барад, суанг ма цасдæр рæстæг уыдис Руаны адвокатты коллигийы уæнг. 1622-æм азы уый æрцардис Парижы. Уым Буаробер ссис, Антуан де Сент-Аман æмæ Теофиль де Вио цы сæрибарзонд поэтты къорд сарæзтой, уый уæнг. Фæлæ де Виойыл дæнцон тæрхондоны процесс куы сарæзтæуыд (тæрхонмæ гæсгæ хъуамæ адæмы раз æрфæсмон кодтаид, уый фæстæ йæ хъуамæ басыгъдаиккой, фæлæ басыгъд ын фæстæдæр баивтой æнусмæ хасты ран уæвынæй), уæд Буаробер хи бангом кодта Франсуа де Малерабы фæдонтæм. Уый фæрцы фæхæстæгдæр ис къаролы кæртмæ, æмæ афтæмæ иннæ азы уый архайдта «Вакханали чи æвдыста, къаролы уыцы балеты» (1623-æм азы февралы, Лувры). Уыцы аз Буаробер райста католикон дин æмæ йын лæвæрд æрцыдис аббаты бынат Шатийон-сюр-Сены.

1625-æм азы уый уыдис Лондонмæ чи ацыдис, уыцы минæварады делегацийы уæнгтæй иу, 1630-æм азы та ацыдис Роммæ. Уым Буаробер, Ромы папæ Урбан VIII-æм æм хорз зæрдæ кæй дардта, уый фæрцы райста Руаны приоры æмæ каноничы чин.

1623-æм азы, йæ зонд, йæ сатирикон курдиат æмæ йæ дзырдарæхсты руаджы Буаробермæ хорз зæрдæйы ахаст дарын райдыдта кардинал Решелье. 1627-æм уый ссис кардиналы литературон нымæрдар. Буаробер уыдис, Ришельёйы идейæтæ драмон уацмысты хуызы чи æвдыста, уыцы фондз авторæй иу; иннæ цыппар уыдысты — Пьер Корнель, Клод де Летуаль, Гийом Кольте æмæ Жан Ротру. Буаробер ма уыдис, Валентэн Конрары хæдзары кæй арæзтой, уыцы литературон æмбырдты архайæг, æмæ дзы рæгъмæ рахаста уыцы æмбырдæй æхсæнадон бынат скæныны фæндон. Афтæмæй æрæвæрдæуыд, Буаробер йæ активондæр уæнгтæй иу кæмæн уыдис, уыцы Францы академийы бындур. Равзæрстой йæ уырдæм 1634-æм азы (йæ къæлæтджыны номыр — 6).

Француа де Буаробер, Решильейы аудындзинады фæрцы йын цы стыр мулк уыдис, уый хицау уæвгæйæ, рæдауæй æххуыс кодта фысджытæн.

Йæ царды фæткæй йын-иу арæх спайда кодтой йе знæгтæ. Иу æмæ дыууæ хатты-иу Буаробер не ссардта фыдæх, фæлæ-иу ахæм фыдахаст бирæ нæ ахаста, æниу фæстаг азтæ йæ бахъуыдис фылдæр æргом аздахын йæ сауджыны хæстæм.

Ришельёйы амарды фæстæ Буаробер хи баиу кодта, Фрондæйы афон лæггад кæмæн кодта, уыцы Мазариниимæ.

Уацмыстæ[ивын | Бындур ивын]

Буаробер ныффыста 18 пьесæйы. Уыдонæй 9 сты трагикомедитæ. Йæ комедитæй иу — «Хъастуарзаг хæрзрæсугъд ус» (уырыс. Прекрасная сутяжница) у уæлдай ахъуыдыйаг, уымæн æмæ ацы уацмыс сразæнгард кодта Мольеры йæ комеди «Чъынды лæг» ныффыссынмæ.

Буаробер ма у бирæ æмдзæвгæты автор. Уый ма мыхуыры рауагъта Теофиль де Виойы уацмыстæ (1627) æмæ дыууæтомон чиныг «Къаролы Парнас, кæнæ Людовик XIII æмæ Ришельёйы кадæн фыст алыхуызон æмдзæвгæтæ» (1635). Бернар де Ла Маннуайы хъуыдымæ гæсгæ, Буаробер у, йе ’фсымæр Антуана Лё Метель д'Увилы номæй кæй рауагта, уыцы æнæфсарм аргъæутты автор.

Театрæн фыст уацмыстæ[ивын | Бындур ивын]

  • Пирандр и Лизимена, или Счастливый обман, трагикомеди, 1633
  • Друзья-соперники, 1639
  • Два Алкандра, 1640
  • Прекрасная Палена, 1642
  • Коронация Дария, 1642
  • Правдивая история о Дидоне, или Целомудренная Дидона, трагеди, 1643
  • Ревность к самой себе, 1650
  • Три Оронта, 1652
  • Безымный спорщик, или Дивертисменты графини де Пемброк, 1653, Лопе де Вегайы пьесæмæ гæсгæ
  • Кассандра, графиня Барселонская, трагикомеди, фыццаг хатт сценæйыл æрæвæрдæуыд Бургундийы фысымуаты 1653-æм азы 31 октябры
  • Неизвестная, 1655
  • Смешной любовник, 1655
  • Благородные враги, 1655
  • Прекрасная сутяжница, 1655
  • Прекрасная невидимка, или Испытанная верность, 1656
  • Обманчивая внешность, 1656
  • Битва Амура и Фортуны, 1656
  • Теодора, царица Венгерская, 1658

Æмдзæвгæтæ æмæ æндæр уацмыстæ[ивын | Бындур ивын]

  • Стихи, мыхуыргонд æрцыдысты ацы чиныджы: Сборник самых прекрасных стихов Малерба, Ракана и др., 1626
  • Письма, мыхуыргонд æрцыдысты ацы чиныджы: Сборник Фаре, 1627
  • Парафразы на семь покаянных псалмов, æмдзæвгæтæй фыст, 1627
  • Индийская история Анаксандра и Оразии, 1629
  • Новеллы, любовные и героические, 1657
  • Послания в стихах и другие поэтические творения, 1659

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 1,2 1,3 1,4 Bibliothèque nationale de France идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.
  2. Francois Le Metel seigneur de Boisrobert // Encyclopædia Britannica (англ.)
  3. Bibliothèque nationale de France идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.
  4. Czech National Authority Database