Фидиуæг (музыкалон инструмент)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Фидиуæг у сигналон фугæнгæ инструмент; раздæр-иу иумæйаг цуаны рæстæг чи хъуыдис, ахæм дзаума.

Арæзтой йæ галы кæнæ дзæбидыры сыкъайæ; акодтой-иу дзы 2-4 хуынчъы, равзæрдис-иу дзы цалдæр алыхуызон цъæхснаг зæлы, цуанæттæ сæ пайда кодтой кæрæдзимæ бæрæг сигналтæ дæттынæн.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.