Уырыймæгты Езетхан

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Уырыймæгты Езетхан
Уруймæгти Езетхан
Райгуырды датæ 12 (25) декабры 1905
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1955-æм азы 15 майы(1955-05-15)[1] (49 азы)
Мæлæты бынат
Архайды хуыз фыссæг
Уацмысты æвзаг ирон

Уырыймæгты Алимырзæйы чызг Езетхан (райгуырдис 1905-æм азы Цæгат Ирыстоны Чырыстонхъæуы — амардис 1955-æм азы 15 майы) у ирон фыссæг.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Езетхан райгуырдис 1905-æм азы 12 декабры Чырыстонхъæуы мæгуыр зæхкусæг бинонты хæдзары. Йæ фыд Алимырзæ мæгуыр, æнæзæхх лæг уыд. Езетхан — æвдæм чызг, уый ма куы райгуырд, фыд зæрдæдзурæнты уæд фæцис. Ничи бацин кодта Езетханы райгуырдыл. Алимырзæ уыдис æнæахуыргонд зæхкусæг лæг, фæлæ хæларзæрдæ, зондджын адæймаг. Йæ бирæ сывæллæтты зымæгон даргъ æхсæвты ирхæфста ирон аргъæуттæ æмæ таурæгътæй, нарты диссаджы кадджытæй.

Езетханы царды, ахуыры фæндæгтыл бафтыдта йæ фыды æфсымæр Харитон, йæ рæстæджы зындгонд ахуыргæнæг æмæ публицист, революцийы сæрыл тохгæнæг.

Езетхан фыццаг ахуыр кодта Чырыстонхъæуы дыууæкъласон дины скъолайы. Фæцахуыр дзы кодта иу аз, стæй йæ Харитон ракодта Зилгæйы скъоламæ.[2]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Уруймагова Езетхан Алимарзаевна // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохоров — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
  2. Плиты Г.Г. — Фæлтæртæ æмæ азтæ. — Цхинвал, РХИ Мыхуыры хæдзар, 2011.