Уататы Бимболат
Внешний вид
(Уататы Зауырбеджы фырт Бимболат-æй æрвыст)
Уататы Бимболат | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1939-æм азы 15 мартъийы[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 2000-æм азы 9 майы (61 азы) кæнæ 2000-æм азы 9 мартъийы[2] (60 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад | |
Професси | актёр |
Карьерæ | 1962 — |
Хорзæхтæ | |
IMDb | ID 0890893 |
Уататы Зауырбеджы фырт Бимболат (Бибо) (райгуырдис 1939-æм азы 15 мартъийы, Ног Бæтæхъойыхъæуы — амардис 2000-æм азы, Дзæуджыхъæуы) уыдис ирон театр æмæ кинойы актёр.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Райгуырдис Цæгат Ирыстоны, Ног Бæтæхъойыхъæуы. Скъолайы фæстæ, 1959-æм азы ссис Цæгат Ирыстоны музыкалон-драмон театры артист, уый фæстæ бацыдис Б. Щукины номыл Сценаристтæ æмæ режиссёрты уæлдæр курсытæм. Каст сæ фæцис 1964-æм азы.
1969–1975 азты Бибо уыдис киностуди «Таджикфильм»-ы актёр æмæ телефильмты режиссёр. Æдæппæтæй Уатайы-фырт ахъазыдис 200 ролæй фылдæр.
1994–1998 азты Уататы Бибо уыдис Цæгат Ирыстоны культурæйы министрады сæргъы.
Амардис Уатайы-фырт 2000-æм азы. Ныгæд æрцыдис Дзæуджыхъæуы Намысы Аллейы.
Артисты ном хæссынц Дзæуджыхъæуы æмæ Беслæны уынгтæ.
Хæрзиуджытæ
[ивын | Бындур ивын]- Цæгат Ирыстоны адæмон артист;
- Уæрæсейы адæмон артист;
- Таджикистаны ССР-ы Рудакийы номыл Паддзахадон преми;
- Хетæгкаты Къостайы номыл премии;
- Тæбæхсæуты Балойы номыл преми.
- Астæуккаг Азийы кинофестивалы (Ашхабад, 1966) нымад æрцыдис хуыздæр нæлгоймаг актёрыл (киноныв «Хасан-арбакеш»).
Зынгæдæр рольтæ
[ивын | Бындур ивын]Театры
[ивын | Бындур ивын]- Таймураз — Гаглойты Владимиры «Уарзты таурæгъ»;
- Данко — Тыбылоны «Æхсидгæ зæрдæ» (Максим Горькийы уацмыстæм гæсгæ);
- Аслæнбег — Саламты Къолайы «Сæрмæт æмæ йæ фырттæ»;
- Сослан Цæразон — Плиты Грисы «Сослан Цæразон»;
- Дими — Хуыгаты Георы «Фыдæлты намыс»;
- Чермен — Плиты Грисы «Чермен»;
- Клавдий — Шекспиры «Гамлет»;
- Лука — М. Горькийы «Царды бын»;
- Къарол Лир — Шекспиры «Къарол Лир»;
- Паддзах Эдип — Софоклы «Эдип-паддзах».
Кинойы
[ивын | Бындур ивын]- «Чермен» — Чермен;
- «Рустам и Сухраб» — Рустам;
- «Именем закона» — Мехман;
- «Огненные дороги» — Садыкджанбай;
- «Год дракона» — Махмуд;
- «Кънйаз Игорь» — Кончак;
- «Войди в мой дом» — Даароп;
- «Раненные камни» — Осман
Библиографи
[ивын | Бындур ивын]- Гудиев Г. Полет орла: в латах и без них: [о Бибо Ватаеве] // Вершины. Владикавказ: Ир. С. 85–89;
- Бекоева Р. Неправда, что незаменимых людей нет // Слово. 2000. 17 июля;
- Гокоева К. Год без Бибо (Ватаева) // Северная Осетия. 2001. 8 мая;
- Томаева А. Твоей судьбы счастливая звезда: Б. Ватаев, лауреат премии Каста // Престиж. Владикавказ: Иристон, 2004. С. 71–106.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Bibliothèque nationale de France Bimbolat Vataev // идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.
- ↑ Bibliothèque nationale de France идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.
Категоритæ:
- 15 мартъийы чи райгуырдис, уыдон
- 1939-æм азы чи райгуырдис, уыдон
- Ног Бæтæхъойыхъæуы чи райгуырдис, уыдон
- 9 майы чи амардис, уыдон
- 2000-æм азы чи амардис, уыдон
- 9 мартъийы чи амардис, уыдон
- Дзæуджыхъæуы чи амардис, уыдон
- Уæрæсейы СФСР-ы адæмон артисттæ
- УСФСР-ы сгуыхт артисттæ
- Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреаттæ
- Зындгонд адæм алфавитмæ гæсгæ
- Ирон театры актёртæ
- Ирон актёртæ
- Киноактёртæ
- Уататæ
- РЦИ — Аланийы адæмон артисттæ
- Уæрæсейы адæмон артисттæ