Уæнг (фонетикæ)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Уæнг у æппæты къаддæр фонетикон-фонологон иуæг, иу раулæфтæй загъд æрцæуы. Æппæт дзырдтæ конд цæуынц уæнгтæй, æппынкъаддæр иу уæнгæй.

Уæнг æмхъæлæсонæй куы фæвæййы, уæд æй æхгæд уæнг хонынц. Хъæлæсонæй куы фæвæййы, уæд гом уæнг у. Ирон æвзаджы ис гом уæнгтæ дæр («нана», «та», «дæ») æмæ æхгæд уæнгтæ дæр («саст», «мыр»), фæлæ иуæй-иу æвзæгтæ вæййынц, æмæ æрмæстдæр иу джыппæй конд уæнгтæ дзы ис (зæгъæм, гавайаг æвзаджы ис æрмæстдæр гом уæнгтæ).


Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]