Тохты Иван
Внешний вид
Тохты Иван | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1920 |
Райгуырæны бынат | Дæйыхъæу |
Мæлæты бон | 1983 |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | поэт |
Тохты Дрисы фырт Иван (райгуырдис 1920-æм азы Дæйыхъæуы — амардис 1983-æм азы) уыдис ирон поэт.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Тохты Иван райгуырдис Цæгат Ирыстоны Дæйыхъæуы зæхкусæджы хæдзары. 1922-æм азы йæ бинонтæ ралыгъдысты Бæрæгъуынмæ. Иван ахуыр кодта авдазон скъолайы æмæ педтехникумы. Уый фæстæ куыста райдайæн кълæсты ахуыргæнæгæй. 1942 азы йæм фæсидтысты æфсадмæ, фæлæ йæ фæстæмæ рарвыстой — фæциc уæззау рынчын æмæ бирæ азты дæргъы, йæхи загъдау, уыд æдзухъом. Йæ уацмысты æххæстдæр æмбырдгонд рацыдиc 1980 азы, «Азтæ», зæгъгæ, ахæм номимæ.
Иваны æмдзæвгæ
[ивын | Бындур ивын]- ***
- Хъысмæтæй чи вæййы æфхæрд,
- Æрмæст æм уый æрхæссы азым.
- Фæйлауынц бæстыл уалдзæг, сæрд,
- Æз та æдзухъомæй дзыназын.
- Фæкæнын сагъæстæй æнкъард,
- Фæлæ мыл ма фæхуд, ныййарæг.
- Зæгъын дын: адджын мын у цард,
- У цардæй адджындæр та — зарæг.
Уацмыстæ
[ивын | Бындур ивын]- Мæ зæрдæйы уаг. Æмдзæвгæтæ. Орджоникидзе, 1959;
- Зыдыка æмæ тæппудтæ. Æмдзæвгæтæ. Орджоникидзе, 1963;
- Смерти не будет. Стихи. Перевод с осетинского. Орджоникидзе, 1963;
- Дæ бирæ дзæбæхтæ. Æмдзæвгæтæ. Орджоникидзе, 1969;
- Æфсиртæ. Æмдзæвгæтæ. Орджоникидзе, 1976;
- Азтæ. Æмдзæвгæтæ. Орджоникидзе, 1980.
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Красовская Г. В строю. «Социалистическая Осетия», 1960, 22 ноября;
- Дзасохты М. Победивший в борьбе. «Социалистическая Осетия», 1963, 23 дек.;
- Цæрукъаты А. Æхсардзинады поэзи. «Мах дуг», 1977, № 1.