Токаты Асæх
| Токаты Асæх | |
|---|---|
| Райгуырды датæ | 1910-æм азы 10 майы |
| Райгуырæны бынат | |
| Мæлæты бон | 1994 |
| Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
| Архайды хуыз | драматург, поэт |
Токаты Инусы фырт Асæх (1910—1994) у ирон драматург, поэт æмæ прозаик, журнал «Мах дуджы» редактор (1952—1954), Токаты Алиханы ’фсымæр.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Асæх райгуырд 1910 азы 10 майы Хохы Дæргъæвсы. 10 аздзыдæй баззад сидзæрæй æмæ хъомыл кодта тынг зын вадæдты, кæм æххуырстæй, кæм бонгай кусæгæй. Йæ хистæр æфсымæр, поэт-революционер Токаты Алиханы амарды фæстæ ист æрцыдис сидзæр сывæллæтты хæдзармæ (1921—1924). Æртæ азы фæстæ, сидзæрты скъола куы сæхгæдтой, уæд та райдыдта æххуырсты кусын фийауæй, рæгъаугæсæй Дæргъæвс æмæ Хъобаны хæхты.[1]
1928 азы кусынмæ бацыд чингуытæ уадзæн типографимæ, 1931 азы та сси Мæскуыйы паддзахадон театралон аивæдты институты студент.
1935 азы Токайы фырт каст фæцис Театралон институт, æмæ, Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт Ирон паддзахадон театр куы байгом, уæд уым кусын райдыдта актёрæй. Фæстæдæр ссис Ирон театры режиссер æмæ директор.
1941 азы Асæх ацыд Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ, уыд бастдзинады взводы командир. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхгонд æрцыд бирæ хæстон хæрзиуджытæй. Тохы быдырæй куы сыздæхт, уæд та фæстæмæ йæ уарзон Ирон театры дарддæр кусын райдыдта актёрæй, режиссёрæй, литературон хайады сæргълæууæгæй. 1946 азы Асæхæн лæвæрд æрцыд нæ республикæйы сгуыхт артисты ном.
Фæстæдæр Асæх куыста ахæм бæрнон бынæтты: уыд Ирон театры директор, куыста Цæгат Ирыстоны чиныгуадзæн рауагъдады директорæй, Фысджыты цæдисы бæрнон секретарæй, журнал «Мах дуджы» редакторæй æмæ æндæр æхсæнадон бынæтты.
Асæх кæд театралон институт каст фæцис, уæддæр уымæн йæ къухы фылдæр æнтыстдзинæдтæ бафтыд литературæйы, тынгдæр та драматургийы. Фыста æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ. Йе ’мдзæвгæтæй йын иуæй-иутыл нæ композитортæ скодтой зарджытæ («Ды та мыл куыйты сардыдтай», «Хъазийы зарæг» æмæ æнд.) Асæхы фыст радзырдтæ, очерктæ æмæ публицистон уацтæ арæх мыхуыры цыдысты кувд бынæттон, афтæ центрон газеттæ æмæ журналты («Известия», «Литературная Россия», «Советская культура», «Вопросы литературы» æмæ æнд.).
Фыссæджы прозаикон уацмысты æмбырдгæндтæ хицæн чингуытæй цæуын райдыдтой 1940 азæй фæстæмæ. Йæ уацау «Катя» (1959, 1960) ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл мыхуыргонд æрцыд нæхи рауагъдады æмæ Мæскуыйы.
Уый фæстæ кæрæдзийы фæдыл мыхуыры фæзындысты Асæхы фыст пьесæтæ: «Тохы æхсæв» (1940), «Æнæмæлæт Дзаххотт», «Тузары фæндæгтæ», «Усгуртæ» (1950, 1955), «Æууæнчы аргъ», «Базырджынтæ» (1962), «Тараты Заретæ», «Цы номæй дæм бадзурон», «Зынаргъ лæвар» æмæ æндæртæ. Ацы æппæт пьесæтæ æвæрд æрцыдысты Ирон театры сценæйыл.
Асæхы фыст пьесæ «Усгуртæ» та тæлмацгонд æрцыд бæстæйы адæмты бирæ æвзæгтæм, сæвæрдтой йæ суанг Польшæйы, Чехословакийы, Болгарийы æмæ æндæр фæсарæйнаг бæстæты стыр сценæтыл дæр.
Токайы-фырт ма уыд тæлмацгæнæг дæр. Ирон æвзагмæ раивта советон, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг классикты фыст пьесæтæй дæс æмæ ссæдзæй фылдæр. Уыдонимæ: А.Н. Островскийы «Тæрккъæвда», У. Шекспиры «Къарол Лир», «Ромео æмæ Джульеттæ», Ф. Шиллеры «Разбойники», К. Гольдонийы «Слуга двух господ» æмæ æндæртæ. Уыдон дæр æвæрд æрцыдысты ирон театры сценæйыл.[2].
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Ирон театр. Цæгат Ирыстоны АССР-ы Паддзахадон рауагъдад — Орджоникидзе, 1940
- ↑ Черчесты Хъ. Токаты Асæх(ирон). Ossetians.com.