Тæхраны базар

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Базармæ бацæуæнтæй иу

Тæхраны базар (перс. بازار تهران [база́ре техрон]), Стыр базар (بازار بزرگ, Bāzār e Bozorg) у сахар Тæхраны сæйраг базар, дунейы тæккæ стырдæр æмбæрзт базар. Æрбынат кодта сахары 12-æм зылды, йе ’мном районы территорийыл. Йæ фæзуат у 3 км², йæ къæлидорты иумæйаг дæргъ у 10 км фылдæр.

Кæд æмæ Тæхраны фæзынди ног дуканитæ æмæ базаргæнæн центртæ, уæддæр ацы базар кадджын у сахайрæгтæ æмæ туристты цæсты.