Сусæгдзу

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Сусæгдзу у кæрдæг зайæгой. Уый зайы бæрзонд рæтты, æфцджытыл, фугæйы къутæрты ’хсæн. Йæ сыфтæ сты галæвзаджы сыфты хуызæн, фæлæ чысылдæртæ, фæлурсгæндтæ. Иу быныл дзы ссæуы дыууæ сыфы кæрæдзийы комкоммæ, фæйнæрдæм афæлдæхынц, зæххыл æрхуыссæгау кæнынц. У хæрынæн бæзгæ.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Дзабиты 3арбег. Ирон адæмон хостæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1995 — 201 ф.