Сойæ
Внешний вид
Культурон сойæ | ||||||||||||||
---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|
Зонадон классификаци | ||||||||||||||
|
||||||||||||||
Латинаг ном | ||||||||||||||
Glycine max (L.) Merr., 1917 | ||||||||||||||
|
Культурон сойæ (лат. Glycine max) у, хъæдурхуызты бинонадмæ чи хауы, ахæм иуазон кæрдæг зайæгой. Культурон сойæ хæлиу зæххкуыстæуы Азийы, Хуссар Европæйы, Цæгат æмæ Хуссар Америчы, Централон æмæ Хуссар Африкæйы, Сабыр æмæ Индийы фурдты сакъадæхтыл, экваторæй 56—60°-мæ уæрхæдты.
Сойæйы гагаты ма рæдийгæйæ фæхонынц «сойæйы хъæдуртæ» (англ. soya bean, soybean-æй), — уæрæх парахатгонд продукт, нырма ма нæ дуджы агъоммæ æртыккæгæм миназы зындгонд уыди. Хæрыны сойæйæн характерон сты дæлдæрдзæугæ миниуджытæ, кæдон æй кæнынц ахæм уарзон адæмæн:
- бæрзонд хорзайæн;
- урсæджы бæрзонд миддард (50% онг);
- йæ уæвынады сты В-группæ витаминты рæгъ, æфсæйнаг, кальций, калий æмæ полинæфсæст сойджын туагадты (линолон æмæ линоленон);
- остеопороз æмæ зæрдон-дадзинон низты профилакт кæныны фадат;
- æнахуыр хиадты хицау у, кæдон фæрцы дзы ис рауадзæн алыхуызон продуктты уæрæх спектр.