Перейти к содержанию

Сау дзуар

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сау дзуар
Тип бардуаг
Æрд нæлгоймаг
Æмбаст персонажтæ Æфсати, Анигол

Сау дзуар у хъæдтæ æмæ сæ цыдæриддæр хъæздыгдзинадæй ис, уыдон бардуаг.

Адæм афтæ хъуыды кæнынц, зæгъгæ, Сау дзуар хъæдты хъæздыгдзинæдтæй лæвар кæны æрмæстдæр ын табу чи кæны, уыдонæн. Уымæ гæсгæ алы аз дæр августы кæрон — сентябры райдианы Ирыстоны бирæ хъæуты кодтой Сау дзуары бæрæгбон. Хъæугуывдты кусæрттагæн æргæвстой æхсæны мысайнæгтæй æлхæд нæл фыс. Куывды адæм-иу Сау дзуар æмæ Иры иннæ дзуæрттæй, куыд Æфсати æмæ Аниголæй куырдтой, цæмæй хъæубæстæн уой рæдау æмæ сын сæ хъæздыгдзинадæй хай кæной. Хъæубæстæ та-иу дзырд радтой, кæй никуы ферох кандзысты Сау дзуар æмæ иннæ дзуæртты рæдаудзинад.[1]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.