Саубарæг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Саубарæг у абырджыты бардуаг ирон мифологийы, талат кæнынмæ æмæ балцмæ чи цæуы, уыдоны чи хъæхъхъæны, ахæм.

Саубарæджы дзуар[ивын | Бындур ивын]

Куыд дзурынц, афтæмæй Саубарæджы дзуар[1] кæддæриддæр сау бæхыл æмæ сау дарæсы вæййы, давынмæ æмæ стигъынмæ цы фыдгæнджытæ фæцæуы, уыдон разæй. Саубарæджы дзуар кадджыты æвдыст цауы, куыд Уастырджийы антипод, афтæ, хицæн вариантты та – холыдзуан æхсæвдзу бирæгъты бардуагæй. Саубарæджы дзуар Уæлладжыры комы йеддæмæ никуы кувынц, Бызмæ хæстæг йæ номыл ис хъæды къох. Куыд дзырдтой, афтæмæй уыцы къохы йæ бон бамбæхсын уыдис алы фыдгæнæгæн дæр. Иуæй-иу таурæгътæм гæсгæ Саубарæджы къох уыдис фæрныджы дзуары бадæн дæр. Фæрныджы дзуары та нымадтой æппæт фыдгæнджыты, суанг марджыты бардуагыл дæр. Бызы хъæуы-иу алы уалдзæг дæр Саубарæджы номыл уыдис бæрæгбон, алы хæдзары дæр æргæвстой нæл фыс, хъæугуывдæн та – æхсæны фæрæзтæй æлхæд гал, стыр цæджджинæгты æхсыстой бæгæны, уагътой арахъхъ. Куывдмæ-иу æрцыдысты хæстæджытæ æмæ хъæуæй æндæр рæттæм алидзæг адæм. Бæрæгбон-иу ахаста иу цалдæр боны. Саубарæджы дзуар ХVII-ХVIII æн. райдианæй фæстæдæр нæ фæзындаид, ома йæ фæзынд ын ахæссæн ис иры мыггæгты ’хсæн тохы дугмæ, тæлæт-ныббырстытæ сабыргай æфтиаджы ахсджиаг фæрæз куы сысты, уыцы заманмæ. Къæрныхтæн æмæ абырджытæн уыдис сæхи æвзаг – «Абырджыты æвзаг».[2]

Агънаты Гæстæн йæ чиныг «Ирон æгъдаутты» афтæ афыссы Субарæджы культ[3]:

« Саубарæджы дзуар мах рæстæджы бирæтæй ферох, фæлæ раздæр, суанг ма ссæдзæм æнусы райдайæны дæр тынг хъуыстгонд уыд. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй йæм адæм кувын райдыдтой æвддæсæм-æстдæсæм æнусты. Уыцы рæстæг Ирыстонæн йæхи мидæг дæр цыди быцæутæ, фæлæ йын уæлдай тæссагдæр уыди æддагон лæбурджытæй, Кæсæджы æлдæрттæй.

Саубарæджы дзуары кувæндон и Уæлладжыргоммæ бацæуæн хъæу Бызмæ хæстæг, адæймаджы къах кæдæм нæ хæццæ кæны, ахæм лæгæты. Саубарæджы дзуар у къæрныхты æмæ абырджыты бардуаг. Бады сау бæхыл, йæ уæлæ – сау дарæс. Давынмæ æмæ марынмæ чи фæцæуы, уыдонмæ бæрзонд къæдзæхæй кæсы, хъахъхъæны сæ. Фæсивæд балцы цæугæйæ сæхи фæдзæхстой Саубарæджы дзуарыл, фæндараст куыд фæуой, сæ хæдзæрттыл дзагармæй куыд сæмбæлой, æнæфыдбылыз куыд уой. Уырныдта сæ, Саубарæджы дзуар сæ æхсæвы тары фæфæндараст кæндзæн, сæ фæнд сæ къухы бафтдзæн. Фæлæ сæ балц нæ фæрæстмæ, уæд сыл Саубарæджы дзуары зæрдæ фæхудт, цæуылдæр сæм фæхъыг, цæуыл-дæр сæм смæсты.

Алы аз дæр уалдзæджы Бызы æмæ Уæлладжыргомы бирæ хъæутæ Саубарæджы дзуары номыл кодтой хъæугуывдтæ, аргæвстой-иу гал, сфыхтой-иу бæгæны, иумæйагæй-иу скодтой арахъ. Алы хæдзар дæр бæрæгбоны æргæвста нæл фыс. Бæрæгбон-иу ахаста цалдæр боны.

Ис ахæм таурæгъ. Иу хатт, дам, куывдыбадæг хъæу сфæнд кодтой, Саубарæджы лæгæты цы ис, уый базонын. Сусхъæды мæцъæй сбыдтой бæндæнтæ æмæ иу лæджы уæлейæ бынмæ æруагътой.

Цы лæджы æруагътой, уый, дам, лæгæтмæ куы æрхæццæ, уæд бакуырм æмæ скуывтæ «Хуыцау, мæ рæгъауы ис саубæрзæй урс гал æмæ дын уый нывонд фæуæд, æрмæст мæ, Саубарæг, дæхимæ кæсын бауадз». Æмæ, дам, уæд лæг йæ цæстытæй ракаст æмæ лæгæты федта æртæ лæджы. Уыдон сызгъæрин бандæттыл бадтысты, сæ разы арт сыгъд æмæ йыл физонджытæ фыхтысты. Лæг уыдон куы ауыдта, уæд та фæстæмæ бакуырм. Фæлæ йæ хæрдмæ куы сластой, уæд та йæ цæстæй ракаст. Æмæ цы бон загъта, уымæн, дам, йæ къуырийы бон гал аргæвста æмæ хъæубæстæн куывд скодта.

Фыдæлтæ дзырдтой, Саубарæджы кувæндонмæ хæстæг, дам, фос куы ныууадзай, уæд сын ма фыдгæнджытæй тæрс, ма бирæгътæй. Фосыл, дам-иу бирæгъ куы бамбæлд, уæд, дам-иу цавддурæй баззад.

»

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. III том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Ленинград, 1979.
  2. Дзадзиты А.Б., Дзуццаты Х.В., Хъараты С.М. — Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи, Дзæуджыхъæу: Терек, 1994 аз, 284 ф.
  3. Агънаты Г. — Ирон æгъдауттæ, Дзæуджыхъæу: Урсдон, 1999, 176 ф.