Сан-Стефанойы бадзырд

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Балкайнаг паддзахæдты арæнтæ Сан-Стефанойы бадзырдмæ гæсгæ
Арæнтæ Берлины конгрессы фæстæ

Сан-Стефанойы бадзырд уыд фидыды бадзырд, кæцыйыл сæ къух æрфыстой Уæрæсейы æмæ Османты империты минæвæрттæ 1878-æм азы 3 мартъийы Сан-Стефанойы цæрæнраны Стамбулмæ ’ввахс. Ууыл фæци Донайы хæст.

Сан-Стефанойы бадзырд бæлвырд кодта Румыни, Серби æмæ Черногорийы хæдбардзинад. Уыимæ ма Балканты фæзынд ног паддзахад — Болгари. Уæды Болгарийы территори уаид нырыкконæй дæр дзæвгар стырдæр (кæс картæ). Бадзырдмæ гæсгæ Болгари дыууæ азы дæргъы уыд уæрæсейаг разамынды бар, уый фæстæ та сси Туркæн хъалонтæ фидæг автономон кънйазад.

Уæрæсемæ бахаудысты осмайнаг провинцитæ Хъарс, Батум æмæ Ардаган.

Сан-Стефанойы фæстиуæг тынг аивта Берлины конгрессы уынаффæ (1878-æм азы июнь). Берлины конгресс Болгарийы æмæ Черногорийы зæххытæ тынг фæчысылдæр кодта, Болгарийы ссæрибары æууæлтæ та бынтон фендæрхуызон сты — ахастон сæрибар райста бæстæйы æрмæст цæгатаг хай, хуссар (Скæсæн Румели) æмæ цæгат (Болгарийы кънйазад) баиу сты æрмæст 1885-æм азы фæззæджы. 1908-æм азы 22 сентябры, æвзонг турчы революцийы фæдыл, Болгари расидтис йæ паддзахадон хæдбардзинады тыххæй æмæ уыцы бонæй нырмæ у хæдбар паддзахад.

3 мартъийы, Сан-Стефанойы бадзырдыл къух æрфыссыны бон, Болгарийы бæрæгбон кæнынц куыд нацийы ссæрибары бон. Бирæ сахарты ис Сан-Стефанойы уынгтæ.

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]

Георгий Данчовы литографи «Сæрибар Болгари»