Саниба (бардуаг)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Саниба — хорарæх æмæ хосарæхы бардуаг ирон мифологийы. Уæлдай кадджын уыдис Уæлладжыргом æмæ Тæгиаты æхсæнады цæрджытæм. Санибайы кувæндæттæй иу уыдис Æрхоны (Уæлладжыргомы), æмæ йын табу кодтой æрмæст æввахс хъæутæ: Æрхон, Луар, æмæ Дæйыхъæу, стæй нæ, фæлæ бирæ æндæр хъæуты цæрджытæ дæр. Санибамæ кувæг æввахс хъæутæ æртæ кæй уыдысты (Æрхон, Луар æмæ Дæйыхъæу), уымæ гæсгæ йæ хуыдтой Æртæ хъæуы Саниба дæр. Ам ын йæ бæрæгбон кодтой уалдзæджы, иннæ рæтты та хосгæрдæнтæ æмæ хуымгæрдæнты размæ. Бæрæгбонмæ цæттæ кодтой бирæ кувинæгтæ. Дзуарæй куырдтой, цæмæй радта бирæ хор, дзаджджын кæрдæг æмæ адæмы хиза алыхуызон низтæй. Бæрæгбонмæ-иу æрæмбырд бирæ адæм, уыдис-иу дзы фæндырдзагъд, кафт, зард, хатгай — бæхдугътæ дæр.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.