Брут

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Санатыхъæу-æй æрвыст)
Хъæу
Брут
43°16′00″ с. ш. 44°26′00″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Рахизфарсы район
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1830[1]
Раздæры нæмттæ Санатыхъæу
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 1572[2] адæймаджы (2023)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 86731
Посты индекстæ 363013
Автомобилон код 15
Брут (Уæрæсе)
Брут (Цæгат Ирыстон)

Брут кæнæ Брутæ[3] (кæддæры Санатыхъæу[3], Æлдараты хъæу[4]) у Цæгат Ирыстоны Рахизфарсы районы хъæу.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Рубайты Барисы раиртæстмæ гæсгæ[5], æппæты фыццаг (1830 азы) хъæу æрбынат кодта, ныртæккæ кæсагдарæн цадæн йæ донмарæн кæм ис, уый рахиз фарс. Ныртæккæ дæр хуыйны Хъæууат, хауы Заманхъулы зæххытæм. Цад цы фæзуат ахсы, уый раздæр хуындис Атагъа, уыди тынг цъымараджын дæлвæз, задис дзы, фистæгæй ацæуæн кæм нæ уыд, ахæм бæрзонд хъамыл, хæмпæлгæрдæг æмæ стыр хæрисбæлæстæ.

Цæрæнбынат равзарыны амидингæнджытæ уыдысты Санаты мыггаджы исбонджындæртæ. Фыццаг æрцæрджытæ дæр (сæ дæлбар адæмимæ), уыдон уыдысты, æмæ хъæуæн йæ фыццаг ном уыд Санатыхъæу, уырыссагау Шанаево. Ныртæккæ ахæм ном хæссы, йæ зæххыл чи ис, уыцы æфсæйнаг фæндаджы чысыл станцæ.

Цæрæнбынат бæллиццаг нæ уыд. Иуæй дзы, цъымара доны арæхæй, нуазыны дон нæ уыд, иннæмæй та йæ бацæуæн фæндæгтæ нæ бæззыдысты, стæй адæмы тынг тыхсын кодтой цъымарайы къогъотæ. Уымæ гæсгæ, адæм сæ цæрæнбынат раивтой уæлдæр ранмæ, фæндаджы цурмæ, æмæ пайда кæнын райдыдтой цъайы донæй. Райдайæны ам хуыснæгæй тынг тæссаг уыд, æмæ цæрджытæ сæ исбон бахъахъхъæныны охыл арæзтой бæрзонд бырутæ. Уый уагыл сæ сыхаг хъæуты цæрджытæ хонын байдыдтой Брутæ (ома, «Бырутæ»). Фæстæдæр хъæуæн йæ ном уырыссагау фыссын куы бахъуыд, уæд кæйдæр аххосæй кæройнаг дамгъæ æппæрст æрцыд æмæ хъæуыл баззади ном — Брут.

Бæлвырд куыд у, афтæмæй ирон адæмæн сæ цæрæнбынæттæ хохæй быдырмæ раивыны уынаффæ рацыди 1782 азы райдайæны. Уæдæй фæстæмæ хъæутæн зæххытæ уарыны бар алы рæстæджыты лæвæрд уыд инæлæрттæ П.П. Нестеров æмæ И.А. Вревскийы къамистæн, стæй Дзæуджыхъæуы комендант булкъон Широковæн. Куыд дзурынц, афтæмæй булкъон Санаты Индрис уыдонимæ уыди хорз зонгæ, уæлдайдæр И.А Вревскиимæ, арæх-иу уазæгуаты уыдысты сæ кæрæдзи хæдзæртты (Ныртæккæ Индрисы хæдзары бынаты цæрынц Къодойтæ). Гуырысхойаг нæу, Санаты булкъон-иу йæ хæлары иттæг хорз кæй сбуц кодта, уый, фæлæ ма уымæй уæлдай хъæуы разагъды лæгтæн бамбарын кодта, зæгъгæ, ацы уазæгæн исты хорз ракæнут æмæ уын зæххытæн сæ дзæбæхдæртæ ратта. Уыдон ын куывд сарæзтой æмæ йын уым кады нуазæнимæ балæвар кодтой сызгъæрин хъама æмæ рон. Уый афтæ райгондæй баззад æмæ сын бар радта сæ зæххыты арæнтæ сæхицæн сбæрæг кæнынæн.

Уыцы рæстæджы зæххæй цыбыркъух адæмæн ахæм бар Хуыцауы лæварæй зынаргъдæр уыд, æмæ уыдон дæр бацархайдтой: хуссар-ныгуылæнырдыгæй арæн бацыди Хъахъхъæдуры сæрты, æфсæйнаг фæндаджы фале дзæвгар бауад, аздæхти Беслæныхъæуырдæм æмæ чысыл станцæйæ уæлдæр, фæстæмæ æфсæнвæндаджы сæрты æрбахизгæйæ, æрбацыд Хуымæллæджы бынты Бруты хъæуысæрмæ. Уырдыгæй аздæхт Зилгæйырдæм æмæ, ныртæккæ Цæлыккмæ цы фæндаг цæуы, уый рахизфæрсты бахæццæ къуыбыртæм. Уым та галиуырдæм аздæхт æмæ, Заманхъул Хæтæлтæ цы зæххытæ хонынц, уыдон рæбынты æрхæццæ, хъæу фыццаг хатт кæм æрбынат кодта, уырдæм.

Цыбыр ныхасæй, революцийы фæстæ, колхозон арæзтады рæстæджы, стæй ма æрæджы дæр уыцы зæххытæй лæвæрд æрцыд Хъахъхъæдурæн, Хуымæллæгæн, Заманхъулæн. Уыдоныл æрæнцадысты совхозтæ «Цæлыкк» æмæ «Брут», стæй Къостайыхъæуы дæле цы Цымыти ис, уый. Афтæмæй ма абон Бруты Санайы-фырты номыл колхоз уыцы зæххытæн ахсы æрмæст сæ дæсæм хайы бæрц.

Хъæуы 1830 азы цал хæдзары æрбынат кодта, уый бæрæг нæу, фæлæ дзы 1866 азы уыд 92 хæдзары, ссæдз азы фæстæ (1886 азы) 132, 1900 азы — 147. Уыцы рæстæджы Уæрæсейы, зæххытæй парахатæй кæм пайда кодтой, уыцы рæтты сын се ’мбис хуым кодтой, иннæ та уагътой зæрæстон, мæр баулæфа, зæгъгæ. Афтæ кодтой брутæгтæ дæр, фæлæ ахæм гыццыл хъæу утæппæт зæххытæн се ’мбис дæр йæ бон бакусын нæ фæрæзта, æмæ зæхх бирæ кæмæ уыд, уыдон сæ æмбисыл кусынмæ лæвæрдтой иннæ хъæуты цæрджытæн (тыллæгæн йе ’мбис уадзын хъуыд зæххы хицауæн). Сæхицæн ма-иу ныууагътой, æнцонæн кæй бакуыстаиккой, ахæм фæзуæттæ. Йæ зæххытæ иууылдæр æмбисыл кусынмæ чи лæвæрдта, ахæмтæ дæр уыд. Уыдон сæхæдæг кусгæ нæ кодтой, æрмæст сæ цæст дардтой, сæ хуымтæ сын куыд кусынц, уымæ. Ахæмтæ уыдысты хъæуы исбонджындæртæ, æнæ уæнгдых куыстæй алцыдæр кæмæн уыд. Ахæм «уæлгоммæ хуысджытæ» Бруты уыд иннæ хъæутæй фылдæр. Уæлгоммæ хуысджыты ном та сыл хæлæггæнгæйæ сæвæрдтой, сæ хуымтæ сын чи куыста, уыдон.

Бæрæг куыд у, афтæмæй паддзахы заманы бирæ зæххыты хицæутты нымадтой уæздæттыл. Уыцы ном цыди фыдæй-фыртмæ цыфæнды куыстыл хæст уæвгæйæ дæр. Хохæй быдырмæ ралидзыны размæ дæр Санаты мыггаджы уыди уæздæттæ, фæлæ ныр бирæ зæххыты хицау куы баисты, уæд сæ нымæц фæфылдæр. Уыдоныл ма бафтыди уæздан лæгтæ Æлдаттатæй, Дзантиатæй, Къуындыхатæй, Мамсыратæй, Тугъанатæй, Хъаныхъуатæй. Уыйас уæздан лæгтæ æндæр хъæуты нæ уыд, æмæ уымæ гæсгæ Брутыл рагæй фæстæмæ æвæрд æрцыд, фæсномыджы хуызæн, дыккаг ном — Уæздæттыхъæу[6]. Уæздан уæвын фæндонæй нæ уыд; бирæ зæхх, фос æмæ æндæр исбонæй уæлдай ма адæймагмæ хъуамæ уыдаид паддзахы хицауадæй сæрмагонд æвдисæндар — уæзданы гæххæтт. Æнæ уымæй уæздæтты æхсæнады уæнг уæвæн нæ уыд. Хъыгагæн-иу, арæх афтæ дæр рауад, æмæ мадызæнæг æфсымæртæй чидæр уыди уæздæттæй, иннæтæ та нымад уыдысты сау адæмыл.

Брутæй рацыд бирæ номдзыд адæм: поэт, «Мах дуджы» редактор Хъодзаты Æхсар, инæлар Царахаты Салам, фыссæг Хъаныхъуаты Инал, хъæбысæйхæцджытæ Наниты Пётр, Демыраты Эльбрус æмæ Æлдаттаты Ибрагим; этнограф, профессор Мысыкаты Мæхæмæт, профессор, историк Берозты Тотырадз, скульптор Санаты Барис æмæ æнд.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Берозты Батырадз. Переселение осетин с гор на плоскость (XVIII — XX вв.). — Орджоникидзе: Ир, 1980.
  2. Численность постоянного населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2023 года (с учётом итогов Всероссийской переписи населения 2020 г.). Федеральная служба государственной статистики (18 августы 2023). Датæ: 2023-æм азы 23 августы.
  3. 3,0 3,1 Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. 1975
  4. Б.П. Берозов. Переселение осетин с гор на плоскость (XVIII—XX вв.). — Владикавказ: Ир, 2013 — 447 с.
  5. Рубайты Барис. Иу хъæуы тыххæй дыууæ ныхасы. Журнал «Мах дуг», 2006, №11
  6. Рубайты Барис. Иу хъæуы тыххæй дыууæ нахысы. Журнал «Мах дуг», 2006 аз, №11, 167-æм фарс