Сагкатæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Саккатæ-æй æрвыст)

Сагкатæ[1][2] кæнæ Саккатæ[2][3] (уырыс. Саккаевы, Сагкаевы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Ацы мыггаджы фыдæл Дыгургоммæ æрцыд Хуссар Ирæй. Сагкаты хистæртæй сæ иутæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ кæддæр сæ мыггаг Булацаты мыггагæй рахицæн. Хъæлнæгътыхъæуы Сагкаты лæг æрцард Цохъты мыггагмæ хæстæг. Сагкатæн хъаугъа рауад Тауиттимæ æмæ фæстæмæ алыгъдысты Хуссар Ирыстонмæ. Ам ма дзы баззад иу æрыгон лæппу, уый Цохътæм слæг ис, ус ракуырдта æмæ ссис бинонты хицау, фæзынд ын цæуæт.[4]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 214-æм ф.
  2. 2,0 2,1 Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд
  3. Растфыссынад домы а) кæд дзырдæн йæ арæзтмæ гæсгæ сбæрæг кæнæн уа, цавæр æмхъæлæсон дывæр кæны, уый, уæд дывæрæй фыссын хъæуы уыцы æмхъæлæсон: ныббар (ны+бар, барын-æй), лæггаг (лæг+аг) æмæ а. д.; æ) кæд дзырдæн йæ арæзтмæ гæсгæ сбæрæг кæнæн нæ уа, зылангон æви æзылангон æмхъæлæсон дывæр кæны, уый, уæд дывæрæй фыссын хъæуы æзылангон æмхъæлæсон (кк, пп, тт, цц, чч): аккаг, фароныккон æмæ а. д. // Ирон æвзаджы орфографи æмæ пунктуацийы æгъдæуттæ. Ома Саккаты мыггагæн йæ раст фыссынад у дывæр æзылангон æмхъæлæсонимæ, фыссынад Сагкатæ та у традицион, куыд Хетæгкатæ дæр (ныры растфыссынадмæ гæсгæ Хетæггатæ у растдæр).
  4. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — Ф. 106.