Джусойты Нафи: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
чНет описания правки
Рæнхъ 10: Рæнхъ 10:
1941 азы [[22 июны]] райдыдта [[Фыдыбæстæйы Стыр хæст]]. Джусойты Нафи ацыд барвæндæй [[Сырх Æфсад|Сырх Æфсадмæ]] иу мæйы фæстæ – [[24 июлы]].
1941 азы [[22 июны]] райдыдта [[Фыдыбæстæйы Стыр хæст]]. Джусойты Нафи ацыд барвæндæй [[Сырх Æфсад|Сырх Æфсадмæ]] иу мæйы фæстæ – [[24 июлы]].


Советон Æфсады рæнхъытæй демобилизацигонд æрцыд [[1945]] азы ноябры кæрон. 1945 азы [[25 декабры]] ист æрцыд куыстмæ [[Хуссар Ирыстон]]ы Компартийы Обкоммæ кадрты куысты фæдыл инструкторæй. Фæкуыста дзы [[1947]] азы марты мæймæ, стæй нысан æрцыд областон газет «Коммунистты» цензорæй. Фæкуыста дзы [[1949]] азы мартъийы мæймæ, стæй йæ сфидар кодтой [[Гуырдзыстоны ССР]] Компартийы газет «Заря Востока»-йы сæрмагонд уацхæссæгæй Хуссар Ирыстоны. Ам фæкуыста [[1949]] азы ноябрмæ, стæй райдыдта ахуыр кæнын [[ССРЦ]] Зонадон Академийы Уырыссаг литературæйы институты (Пушкины хæдзары) [[аспирантурæ|аспирантурæйы]]. Каст æй фæци [[1953]] азы декабры. Бахъахъхъæдта кандидатон диссертации (темæ: «Проблема Кавказа в русской литературе и в творчестве К. Хетагурова») 1953 азы ноябры мæйы æмæ уый фæстæ æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæ – Хуссар Ирыстонмæ. [[1954]] азы [[15 февралы]] райдыдта кусын [[Хуссар Ирыстоны Зонад-Иртасæн институт]]ы ирон фольклор æмæ литературæйы хайады гæсæй, æмæ уæдæй абонмæ кусы уым æмæ уыцы бынаты.
Советон Æфсады рæнхъытæй демобилизацигонд æрцыд [[1945]] азы ноябры кæрон. 1945 азы [[25 декабры]] ист æрцыд куыстмæ [[Хуссар Ирыстон]]ы Компартийы Обкоммæ кадрты куысты фæдыл инструкторæй. Фæкуыста дзы [[1947]] азы марты мæймæ, стæй нысан æрцыд областон газет «Коммунистты» цензорæй. Фæкуыста дзы [[1949]] азы мартъийы мæймæ, стæй йæ сфидар кодтой [[Гуырдзыстоны ССР]] Компартийы газет «Заря Востока»-йы сæрмагонд уацхæссæгæй Хуссар Ирыстоны. Ам фæкуыста [[1949]] азы ноябрмæ, стæй райдыдта ахуыр кæнын [[ССРЦ]] Зонадон Академийы Уырыссаг литературæйы институты (Пушкины хæдзары) [[аспирантурæ|аспирантурæйы]]. Каст æй фæци [[1953]] азы декабры. Бахъахъхъæдта кандидатон диссертации (темæ: «Проблема Кавказа в русской литературе и в творчестве К. Хетагурова») 1953 азы ноябры мæйы æмæ уый фæстæ æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæ – Хуссар Ирыстонмæ. [[1954]] азы [[15 февралы]] райдыдта кусын [[Хуссар Ирыстоны Зонад-Иртасæн институт]]ы ирон фольклор æмæ литературæйы хайады хайадгæсæй, æмæ уæдæй абонмæ кусы уым æмæ уыцы бынаты.


[[1968]] азы декабры Джусойты Нафи бахъахъхъæдта докторы диссертации («История осетинской литературы дореволюционного периода») Мæскуыйы [[Максим Горькийы номыл дунеон литературæйы институт]]ы. [[1988]] азы æвзæрст æрцыд [[Гуырдзыстоны Зонæдты Академи]]йы уæнг–уацхæссæгæй, фæлæ [[1990]] азы рацыд уыцы Академийæ, уый Гуырдзыстоны гарзджын абырджыты Хуссар Ирыстонмæ бырсыныл кæй ардыдта, уый тыххæй.
[[1968]] азы декабры Джусойты Нафи бахъахъхъæдта докторы диссертации («История осетинской литературы дореволюционного периода») Мæскуыйы [[Максим Горькийы номыл дунеон литературæйы институт]]ы. [[1988]] азы æвзæрст æрцыд [[Гуырдзыстоны Зонæдты Академи]]йы уæнг–уацхæссæгæй, фæлæ [[1990]] азы рацыд уыцы Академийæ, уый Гуырдзыстоны гарзджын абырджыты Хуссар Ирыстонмæ бырсыныл кæй ардыдта, уый тыххæй.


Джусойты Нафи у ССРЦ фысджыты Цæдисы уæнг 1955 азæй, Литературон критикты дунейон Ассоциацийы (МАЛК) уæнг [[1970]] азæй, [[Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми]]йы лауреат [[1978]] азæй æмæ [[Цæгат Ирыстоны-Аланийы Республикæйы адæмон фысджыты номхыгъд|Цæгат Ирыстоны-Аланийы Республикæйы адæмон фыссæг]] [[1995]] азæй. [[1984]] азы йын йæ литературон сфæлдыстады тыххæй лæвæрд æрцыд «Кады нысаны» орден.
Джусойты Нафи у ССРЦ фысджыты Цæдисы уæнг 1955 азæй, Литературон критикты дунейон Ассоциацийы (МАЛК) уæнг [[1970]] азæй, [[Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми]]йы лауреат [[1978]] азæй æмæ [[Цæгат Ирыстоны-Аланийы Республикæйы адæмон фысджыты номхыгъд|Цæгат Ирыстоны-Аланийы Республикæйы адæмон фыссæг]] [[1995]] азæй. [[1984]] азы йын йæ литературон сфæлдыстады тыххæй лæвæрд æрцыд «Кады нысаны» орден.


== Сфæлдыстад ==
== Сфæлдыстад ==

Фæлтæр 05:04, 30 октябры 2005

Джусойты Нафи

Джусойты Нафи у ирон фыссæг, филологон зонæдты доктор. Цæры Цхинвалы, 50 азæй фылдæр кусы Зонад-Иртасæн Институты.

Йæ цард

Джусойты Нафи райгуырдис 1925 азы зымæджы, Дыккаг Нафы бон, 27 февралы Къуыдаргомы, хъæу Хæрдысæры ныры Дзауы районы.

Райдиан скъола каст фæци хъæу Кæсаджджыны, астæуккаг скъола та – Кировы 1941 азы 20 июны.

1941 азы 22 июны райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Джусойты Нафи ацыд барвæндæй Сырх Æфсадмæ иу мæйы фæстæ – 24 июлы.

Советон Æфсады рæнхъытæй демобилизацигонд æрцыд 1945 азы ноябры кæрон. 1945 азы 25 декабры ист æрцыд куыстмæ Хуссар Ирыстоны Компартийы Обкоммæ кадрты куысты фæдыл инструкторæй. Фæкуыста дзы 1947 азы марты мæймæ, стæй нысан æрцыд областон газет «Коммунистты» цензорæй. Фæкуыста дзы 1949 азы мартъийы мæймæ, стæй йæ сфидар кодтой Гуырдзыстоны ССР Компартийы газет «Заря Востока»-йы сæрмагонд уацхæссæгæй Хуссар Ирыстоны. Ам фæкуыста 1949 азы ноябрмæ, стæй райдыдта ахуыр кæнын ССРЦ Зонадон Академийы Уырыссаг литературæйы институты (Пушкины хæдзары) аспирантурæйы. Каст æй фæци 1953 азы декабры. Бахъахъхъæдта кандидатон диссертации (темæ: «Проблема Кавказа в русской литературе и в творчестве К. Хетагурова») 1953 азы ноябры мæйы æмæ уый фæстæ æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæ – Хуссар Ирыстонмæ. 1954 азы 15 февралы райдыдта кусын Хуссар Ирыстоны Зонад-Иртасæн институты ирон фольклор æмæ литературæйы хайады хайадгæсæй, æмæ уæдæй абонмæ кусы уым æмæ уыцы бынаты.

1968 азы декабры Джусойты Нафи бахъахъхъæдта докторы диссертации («История осетинской литературы дореволюционного периода») Мæскуыйы Максим Горькийы номыл дунеон литературæйы институты. 1988 азы æвзæрст æрцыд Гуырдзыстоны Зонæдты Академийы уæнг–уацхæссæгæй, фæлæ 1990 азы рацыд уыцы Академийæ, уый Гуырдзыстоны гарзджын абырджыты Хуссар Ирыстонмæ бырсыныл кæй ардыдта, уый тыххæй.

Джусойты Нафи у ССРЦ фысджыты Цæдисы уæнг 1955 азæй, Литературон критикты дунейон Ассоциацийы (МАЛК) уæнг 1970 азæй, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат 1978 азæй æмæ Цæгат Ирыстоны-Аланийы Республикæйы адæмон фыссæг 1995 азæй. 1984 азы йын йæ литературон сфæлдыстады тыххæй лæвæрд æрцыд «Кады нысаны» орден.

Сфæлдыстад

Джусойты Нафи у ахæм поэтикон æмбырдгондты автор: «Солдаты зæрдæ» (1944), «Зæрдæты ныхас» (1952), «Лирикæ» (1955), «Ирыстоны сагъæсты чиныг» (1958), «Æз райгуырдтæн хохы» (1960), «Зын кары» (1962), «Æнæном чиныг» (1967), «Сабыр ныхæстæ» (1973), «Изæры рухс» (1988). Нафийæн прозæйы уагъд æрцыд цалдæр чиныджы: «Фыдæлты туг» (1965), «Цард ивæны» (1968), «Дыууадæс уæфы иу цæфы хуызæн» (1972), «Адæймаджы мæлæт» (1976), «Сырдоны цæссыгтæ» (1978), «Залты мит» (1989).

Йæ литературон-критикон уацтæй иуæй-иутæ рацыдысты хицæн чингуыты скондæй: «Ирон аив дзырды сæрвæлтау» (1965), «Книга друзей» (2003).

Нафийы зонадон-иртасон куыстытæ бирæ сты, фæлæ хицæн чингуытæй рацыд мыхуыры цалдæр монографийы: «Коста Хетагуров» (1958), «Сека Гадиев» (1958), «Елбаздуко Бритаев» (1963), «Арсен Коцойты» (1964), «Цомак Гадиев» (1965), «Александр Кобалов», «Гино Бараков», «Созур Баграев», «Нигер» (1992), «Грис Плиев» æмæ æндæртæ. Мыхуыры рацыд 2 томæй «История дореволюционной осетинской литературы», «Советон ирон литературæйы истори»-йы дыууæ томы æмæ монографии «Ирон романы равзæрд».

Нафи аивадон тæлмацы хъуыддаджы фæкуыста бирæ. Йæ тæлмæцтæ мыхуырæй цыдысты ирон периодикæйы æмæ хицæн чингуытæй дæр: Пушкины роман «Евгений Онегин», Тютчевы æмдзæвгæтæ, А. Сурковы стихтæ, Туманяны, Д. Гулиайы æмæ Кулиев Хъайсыны æмдзæвгæты чингуытæ.

Нафийæн йæхи уацмыстæ дæр ивд цыдысты бирæ адæмты æвзæгтæм. Уырыссагау йын рацыд цыппар чиныджы, гуырдзиагау – æртæ, украинагау – дыууæ, иу – польшæйагау, иу та хъазахаг æвзагыл.

Бирæ уацмыстæ фæивта ирон театрæн: Шекспиры трагедитæ – «Макбет», «Юлий Цезарь», «Укрощение строптивой», Шиллеры «Мария Стюарт», Ибсены «Пьер Гюнт» Софоклы «Царь Эдип» æмæ «Антигона», Толстойы «Удæгасæй мард», Чеховы «Дядя Ваня», Мустай Каримы «В ночь лунного затмения», Марцини Кивичусы «Миндаугас» æмæ æндæртæ.

Йæ абон

Абоны бон Джусойты Нафи цæры æмæ кусы Цхинвалы, Хуссар Ирыстоны. 2005 аз Нафийы 80-азон юбилей цытджын æгъдауæй уагъд æрцыд Цхинвалы.

2005-æм азы 21 октябры Джусойты Нафи фыццаг хатт федта ирон Википеди æмæ та уымæн баххуыс кодта йæ мидисджын фиппаинæгтæй.

Æддаг æрмæг